1920 азы Гуырдзыстоны Демократон Республикæ хуссайраг ирæтты ныхмæ цы геноцид сарæзта, уый мемориализаци кæныны фæдыл къамисы сконды тыххæй

Паддзахадон хицауиуæгады органты кадрон ивындзинæдты фæдыл уынаффæ кæнын:

1. «1920 азы Гуырдзыстоны Демократон Республикæ хуссайраг ирæтты ныхмæ цы геноцид сарæзта, уый мемориализаци кæныны фæдыл къамисы сконды тыххæй» РХИ-йы Президенты 2015 азы 17 майы №122 Барамындмæ ивындзинæдтæ хаст æрцæуæд, æмæ мыхуыр æрцæуæд ног редакцийæ ацы Барамындмæ хаст уæлæмхасæнмæ гæсгæ.

2. Йæ тыхы мауал уæд, «1920 азы Гуырдзыстоны Демократон Республикæ хуссайраг ирæтты ныхмæ цы геноцид сарæзта, уый мемориализаци кæныны фæдыл къамис аразыны сконды тыххæй» РХИ-йы Президенты 2015 азы 17 майы №122 Барамынд.

3. Ацы Барамынд йæ тыхы цæуы къух ыл æрфыссыны бонæй.

Республикæ Хуссар Ирыстоны

Президент Бибылты Анатоли

г. Цхинвал

2019 азы 10 сентябрь

1920 азы Гуырдзыстоны Демократон Республикæ хуссайраг ирæтты ныхмæ цы геноцид сарæзта, уый мемориализаци кæныны фæдыл къамисы сконд

– Пухаты Э. Г. – РХИ-йы Хицауады Сæрдар (Къамисы сæрдар);

– Гасситы П. Л. – РХИ-йы Парламенты Сæрдары фыццаг хæдивæг (Къамисы сæрдары хæдивæг (бадзырдмæ гæсгæ);

– Уанеты М. В. – РХИ-йы Президенты Администрацийы мидæггагон политикæйы Управленийы хистæр (Къамисы секретарь);

– Багаты М. В. – РХИ-йы Генералон прокуроры хæдивæг, юстицийы уынаффæгæнæг;

– Бесаты В. С. – РХИ-йы Хæсты, фæллойады, тыхон структурæты æмæ барадхъахъхъæнæг органты ветеранты советы сæрдар;

– Гасситы Н. К. – РХИ-йы Ахуырад æмæ зонады министр;

– Гæбæраты Ю. К. – газет «Хурзæрин»-ы сæйраг редактор;

Гаглойты Р. Х. – Уанеты Захары номыл  Хуссар Ирыстоны зонад-иртасæн институты директор;

– Гаглойты Ю.С.- Уанеты Захары номыл Хуссар Ирыстоны зонад-иртасæн институты истори æмæ этнологийы хайады сæргълæууæг, профессор;

– Дзидздзойты А. В. – РХИ-йы Æхсæнадон палатæйы сæрдар;

– Джиоты М. К. – Постконфликтон фарстатæ аиуварс кæныны фæдыл РХИ-йы Президенты Æххæстбарджын минæвар;

– Дриаты З. Н. – РХИ-йы Парламенты æддагон политикæ æмæ æхсæнпарламентон бастдзинæдты фæдыл комитеты сæрдар (бадзырдмæ гæсгæ);

– Дзиццойты Ю. А. – Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты доцент;

– Зассеты Ж. В. – РХИ-йы Культурæйы министр;

– Коцты К. К. – РХИ-йы Президенты Паддзахадон уынаффæгæнæг;

– Хъотайты М. Ф. – РХИ-йы Информаци æмæ мыхуыры фæдыл паддзахадон комитеты сæрдар;

Лалыты З. Ю. – РХИ-йы Юстицийы ми-нистр;

– Пухаты К. П. – РХИ-йы Президенты Паддзахадон уынаффæгæнæг;

Тадтаты Х. С. – РХИ-йы Сæйраг архивон управленийы хистæр;

– Тедеты В. Б. – Тыбылты Алыксандры но-мыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты ректор;

– Хæбæлаты А. К. – РХИ-йы Финансты министр.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.