Ахæм номимæ Уæрæсейы историмæ бацыдысты 2014 азы цаутæ. Аст азы размæ официалонæй Уæрæсейы Федерацийы скондмæ æрбаздæхтысты дыууæ субъекты – Республикæ Хъырым æмæ горæт Севастополь. 2014 азы 18-æм март уæрæсейаг паддзахадæн ссис нысаниуæгджын бон, фæстæмæ йæм æрбаздæхт йæхи  территори, кæцыйæн ис стратегион нысаниуæг бæстæйæн. Хъырымæгтæн уый ссис Райгуырæн бæстæм æрбаздæхын æмæ афтæмæй украинæйаг национализмæй хи бахъахъхъæныны амал. Хъырымы Уæрæсеимæ æрбаиу кæныныл аст азы сæххæсты цытæн Мæскуыйы «Лужникты» уагъд æрцыд егъау концерт-митинг, кæцымæ æрбацыд тынг бирæ адæм. Æппынкъаддæр сæ нымæц уыдаид 200 мин адæймаджы æмæ афтæмæй уыдон равдыстой, кæй æрбалæууыдысты Уæрæсейы президенты фарсмæ æмæ кæй хæцынц Украинæйы специалон хæстон операцийы æвварс, уый.

Украинæйæ Хъырымы рацыд æмæ Уæрæсейы скондмæ фæстæмæ бацыд расайдтой 2014 азы февралы мæйы Киевы паддзахадон фæфæлдæхты фæстиуджытæ. Абон бæрæг у, 2014 азы февралы украинæйаг радикалтæ Евроинтеграцийы тыххæй домæны æфсон кæй тырныдтой бæстæйы хицауад бацахсынмæ æмæ дзы националистон, проныгуылæйнаг диктатурæ сфидар кæнынмæ. УФ-йы Президент Владимир Путин йæ уац «Уырыссæгты æмæ украинæйæгты историон иудзинады тыххæй»-йы бацамыдта, зæгъгæ, 2014 азы ныгуылæйнаг хицауадтæ комкоммæ сæхи схæццæ кодтой хæдбар паддзахады мидæггагон хъуыддæгты, кæцытæ украинæйаг адæмы интересты тыххæй нæ хъуыды кодтой 2014 азы февралы мæйы дæр. Цæрджыты æнæразыдзинад, кæцыйы расайдтой карз социалон-экономикон проблемæтæ, бæстæйы уæды хицауады рæдыдтытæй циникон æгъдауæй спайда кæнгæйæ рахæцыдысты паддзахадон фæфæлдæхты фарс. Сæ лозунгтæ, идеологи, æргом агрессивон русофоби бирæбæрцæй бæрæг кæнын райдыдтой Украинæйы паддзахадон политикæ» – фыссы Президент Владимир Путин.

Киевы Майданы цаутæ бандæвдтой Хъырымы æхсæнадон-политикон уавæрыл. Украинæйаг националисттæ æмбæрстой, æрдæгсакъадахы цæрджытæ кæй нæ рахæцдзысты закъонон хицауады ныхмæ акциты æвварс æмæ уымæ гæсгæ бафæлвæрдтой Хъырымы уавæр сызмæнтынмæ. Æмæ хицауадмæ путчистты æрбацыды фæстæ æрдæгсакъадахы райтынг кодтой æцæг террор. Уырдæм цыдысты националисттæ Киевæй æмæ Украинæйы ныгуылæйнаг районтæй, цæмæй дзы сфидар кодтаиккой ног фæкттæ æмæ скуынæг кæнæ фæсырдтаиккой уырыссæгты. Фæлæ Хъырымы цæрджытæ разы нæ уыдысты уыимæ æмæ 27-æм февралы адæм аскъуыддзаг кодтой сæ хъысмæт сæхи къухтæм райсын. Адæмы контролы бынмæ рацыдысты Хъырмы Парламент æмæ Хицауады бæстыхæйттæ. Уæлдæр Советы президиум хицауад райста йæ къухтæм. Министрты советы сæрдарæй æвзæрст æрцыд Сергей Аксенов. Горæт Севастополы расидт æрцыд мобилизаци.

Хъырымы патриоттæ рахастой уынаффæ, цæмæй æмбæстæгтæ æрдæгсакъадахы фидæн  аскъуыддзаг кæной  референдумы руаджы. Æмæ 2014 азы 16-æм марты æппæтадæмон референдумы хайадисджыты 96 проценты схъæлæс кодтой республикæйы хæдбардзинады тыххæй. 17-æм марты Уæлдæр совет референдумы хатдзæгты бындурыл Хъырымы расидт хæдбар паддзахадæй. 2014 азы 18-æм марты УФ-йы президент Владимир Путин, Хъырымы сæргълæууæг Владимир Константинов æмæ Севастополы мэр Алексей Чалый сæ къухтæ æрфыстой бадзырдыл, Республикæ Хъырым æмæ горæт Севастополь Уæрæсейы Федерацийы скондмæ кæй бацæудзысты, уый тыххæй. Бадзырдмæ гæсгæ, Хъырымы цæрджытæ се ‘ппæт дæр нымад æрцыдысты Уæрæсейы æмбæстæгтыл. Республикæ Хъырым у  уникалон æмæ стратегион ахсджиаг регион Уæрæсейы Федерацийæн Азов-Сауденджызон регионы.

2014 азы майы кæронмæ регионы Хъырым хъуамæ суыдаид НАТО-йы централон базæ, сæхæдæг америкæйæгтæ куыд дзурынц, афтæмæй стационарон æнæфæдæлдонгæнæн хæдтæхджытæ хæссæг нау уырыссаг арæны цур. Уый тыххæй æрдæгсакъадахы райдыдтой æнæзмæлгæ исады объектты цалцæггæнæн куыстытæ, кæцытæ æвзæрст æрцыдысты натойаг æфсæддон службæгæнджыты, штабты, æфтауцдæтты æмæ æндæр инфраструктурæтæ равæрыны тыххæй. 15 маймæ та хъуамæ фехъусын кодтаиккой Сау денджызы фæдыл бадзырды денонсацийы тыххæй æмæ уæд æрдомдтаиккой Уæрæсейы территоримæ йæ ракæныны тыххæй.

 

ÆНДИДЗЫД ÆРЦЫДЫСТЫ АХСДЖИАГ ОБЪЕКТТÆ

Уыцы иурæстæджы Республикæ Хъырым у Уæрæсейы егъаудæр туристон æмæ санаторон-курортон центртæй иу. Регионы уæвынад кæнынц Сау денджызы Уæрæсейы сæйраг науарæзтадон гуырахсттæ.  Уæрæсейы сконды уæвгæйæ аст азмæ æрдæгсакъадахы арæзт æрцыдысты транспортон, энергетикон æмæ социалон инфраструктурæйы сæйраг объекттæ. Тагъд темптæй рæзы ахуырады системæ. Аст азмæ Хъырымы арæзт æрцыд 86 сабидоны æмæ 10 скъолайы. Планы ис ноджы 10 сабидоны æмæ 19 скъолайы саразын. Симферополь, Евпатори æмæ Севастололы арæзт æрцыдысты дадзинты центртæ. 2020 азы йæ дуæрттæ бакодта Семашкойы номыл клиникæ, кæцыйы арæзтад слæууыд 10 миллиард сомы. Ацы хосгæнæн уагдоны ис 730 бынаты, дæс операцион хатæны, МРТ аппараттæ æмæ компьютерон томографтæ.

Регионы рæзтæн ныхдуртæ æвæрдта, Киевы хицауад-иу систематикон æгъдауæй электроэнерги кæй ахицæн кодтой, уый. Æмæ 2015 азы та экстремисттæ спырх кодтой электроадæттæн хахх, кæцыйыл электрон рухс цыд Хъырыммæ. Уæд Уæрæсейы хицауад райста экстренон мадзæлттæ æмæ 2015 азы декабры организаци æрцыд энергохид Ростовы АЭС-æй, æмæ ма 2016 азы та ноджы равæрд æрцыдысты цыппар энергокабелы Керчы донкъубалы бынты. Скъуыддзаг æрцыд æрдæгсакъадахы æрвгъуыз æртагæй сифтонг кæныны хъуыддаг дæр – денджызы бынты арæзт æрцыд газуадзæн хахх. Æнæмæнгхъæуæг у банысан кæнын Хъырымы транспортон инфраструктурæйы рæзты æнтыстыты тыххæй дæр. 2018 азы кæронмæ арæзт фæцис Симферополы ног аэровокзалон комплекс. Аэропорт лæггад кæны 7 милуан бæлццонæн азы дæргъы. Скъуыддзаг æрцыд æрдæгсакъадахимæ транспортон бастдзинады проблемæ дæр.  Хъырымы хиды арæзтад райдыдта 2016 азы февралы. 2018 азы 15-æм майы Владимир Путин цытджын æгъдауæй байгом кодта Хъырымы хид æмæ йыл иу суткæмæ ацыд 21 мин автомашинæйы. Æфсæнæвæндаджы хид та байгом æрцыд 2019 азы 23-æм декабры. Республикæйы арæзт цæуы ног фæндæгты хызæг. Уæлдай банысан кæнын хъæуы ахсджиаг инфраструктурон проект – федералон трассæ «Таврида»-йы арæзтад. Ацы нырыккон трассæйы дæргъ у 250 километры. Æрдæгсакъадахы сæудæджерадон продукцийы кондад сырæзт дыууæ хатты, хисæрмагонд æфтиæгтæ та фæфылдæр сты 2,5 хатты. Сæудæджерады уæлдай активондæрæй рæзынц сæндуцæн æмæ науарæзтады къабæзтæ. Сæрмагонд хæстон операцийы фæстиуæгæн уæрæсейаг скъуыддзаг æрцыд хъырымæгты донифтонгады фарст æмæ донхæры дон цæуын райдыдта æрдæгсакъадахмæ…. Ныр ног импульс райсдзæн халсæртты, нартхор, пырындзы кондады рæзт, активондæрæй рæздзæн кæсаджы хæдзарад дæр æмæ афтæ дарддæр.

Республикæ Хъырым æмæ Севастополы финанскæнынады гуырахст аст азмæ уыд 1,37 трилуан сомы. Æдæппæтæй план цæуы 980 объекты саразын, уыдонæй ныридæгæн эксплуатацимæ лæвæрæд æрцыдысты 490 объекты.

Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ Хъырымæн Хуссар Ирыстонимæ кæй ис хорз ахастытæ. Ирыстоны цæрджытæн Хъырым у сæ историйы иу хай. Æрдæгсакъадахы раджыйы рæстæджы цардысты скифтæ æмæ алантæ. 1787 азы ам æрцыд ахсджиаг цау уæрæсейаг-ирон бастдзинæдтæ сфидардæр кæныны тыххæй. Уыцы аз Хъырыммæ æрбацыд Екатерина II æмæ уым фембæлд Цæгат Кавказы адæмты минæвæрттимæ. Ирон делегацийы сæргъ лæууыд Мамиты Хъæрæдзау. 2019 азы апрелы Республикæ Хъырым æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны сæргълæуджытæ сæ къухтæ æрфыстой базарадон-экономикон, зонадон-техникон æмгуыстады фæдыл Сразыдзинадыл. РХИ-йы фæсивæды минæвæрттæ сты Хъырымы уагъдцæуæг форумты æдзухон хайадисджытæ. Хуссарирыстойнаг сывæллæттæ æрвылаз дæр баулæфынц хъырымаг санаториты. Ам ма баулæфыдысты хуссарирыстойнаг волонтертæ дæр, кæцытæ коронавирусы рæстæджы куыстой «сырх зонæйы».

Аст азы дæргъы Хъырымы цæрджытæ арвыстой Ныгуылæны ‘рдыгæй карз санкциты бын, фæлæ бафæрæзтой æмæ сæ цард кæнынц сæхи куыд фæнды, афтæ. Уырны нæ, Республикæ Хъырым дарддæр дæр кæй рæздзæн æмæ размæ кæй цæудзæн, уый. Хуыцау зæгъæд!

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.