Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли хайад райста Уæрæсейы Федерацийы Æфсæддон-денджызон флоты 907 Иугонд ахуырадон центры курсантты ард бахæрыны цытджын церемонийы.

Церемони уагъд æрцыд Севастополы музей «Херсонес Таврический»-йы территорийыл. Мадзалы хайад райстой парти «Иугонд Уæрæсейы» Севастополы регионалон хайады секретарь, УФ-йы Паддзахадон Думæйы депутат Дмитри Саблин.

Бибылты Анатоли раарфæ кодта курсанттæн, кæцытæ равзæрстой дæлдондзоджы дæсныйад æмæ Æфсæддон-денджызон флоты æфсæддон ирвæзынгæнæджы професси.

«Мæнæн æхсызгон у абон ахæм масштабон мадзалы хайад исын, хæстонтæ-ирвæзынгæнджыты ард хæрыны церемонийы. Æз ацыдтæн Хъырымы хидыл. Хъырымы хид хæстонты ардбахæрдимæ куы барæм  – техникон æмæ æфсæддон тых, уæд фидарæй зæгъæн ис, Уæрæсейæн алцы дæр иттæг хорз кæй уыдзæн, уый», – загъта Президент.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.