БАНЫСАН КОДТОЙ ÆФСÆДДОН -ДЕНДЖЫЗОН ФЛОТЫ БОН

31-æм июлы Уæрæсейы Федерацийы цытджын æгъдауæй банысан кодтой УФ-йы æфсæддон-денджызон флоты бон. Президент Владимир Путин Санкт-Петербургы Сæйраг æфсæддон-денджызон парады раарфæ кодта уæрæсейаг матростæ æмæ афицертæн, афтæ ма æппæт уæрæсейæгтæн дæр ацы нысаниуæгджын боны цытæн. «Мичмантæ æмæ афицертæ, инæлартæ æмæ адмиралтæ, зынаргъ ве-терантæ, Уæрæсейы цытджын æмбæстæгтæ, арфæ уын кæнын Æфсæддон-денджызон флоты боны цытæн», – загъта уый. Афтæ ма уæрæсейаг лидер йæ къух æрфыста барамындыл ног Денджызон доктринæ сфидар кæныны тых-хæй. Парады йæ раныхасы рæстæджы уый банысан кодта доктринæйы хицæндзинæдты тыххæй. «Фидаргонд æрцыд Уæрæсейы ног Денджызон доктринæ. Мах æргомæй банысан кодтам Уæрæсейы арæнтæ æмæ национ интересты зо-нæтæ», – загъта Путин. Уый загъта, зæгъгæ, дзырд цæуы Арктикон акватори, Охотскы, Беринговы, Сау денджызты æмæ Курилты донкъубалты тыххæй. «Уыдон хъахъхъæд цæудзысты  фидарæй æмæ æппæт фæрæзтæй дæр», – йæ ныхасмæ бафтыдта уæрæсейаг лидер.

 

УÆРÆСЕЙЫ ИСТОРИЙЫ КАДДЖЫН ТРАДИЦИТÆ

Владимир Путин банысан кодта, зæгъгæ, Петр 1 æнус-тæм сбаста флот æмæ уæрæсейаг паддзахады истори. «Ам рагон Невæйы акваторийы æмæ легендарон Кронштадты уагъд цæуы Сæйраг æфсæддон-денджызон парад. Ацы аз уый баст у Уæрæсейы регулярон флоты бындурæвæрæг Петр 1 райгуырдыл 350 азы сæххæсты бонимæ. Йæ управ-ленийы бын Уæрæсейы къухты бафтыд стыр денджызон паддзахады статус райсын, дунейы ссардта авторитет æмæ æндæвдад». Афтæ ма уæрæсейаг лидер фехъусын кодта, зæгъгæ, бæстæ адарддæр кæндзæн науты масштабон арæзтад. Загъта, зæгъгæ, стыр позитивон ивындзи-нæдтæ æрцæудзæн денджызгæрон регионты.

«Æввахс мæйты бæстæйы гарзджын тыхтæ райсдзысты ногдæр гиперзæлон комплекстæ «Циркон», зæгъгæ. Ацы тасуадзæг хæцæнгарзимæ хæстон радгæсад хæсдзæн фрегат «Адмирал Горшков». Гиперзæлон базырджын раке-тæтæ «Циркон»-æй ифтонг наутæ службæ хæсдзысты Уæ-рæсейы æдасдзинад сифтонг кæныны интерестæм гæсгæ. Уырны мæ,  матростæ æмæ афицерты ныртæккæйы фæл-тæр кæй у Фыдыбæстæйы æнæбастæгтæ бындур. Махæн не ‘ппæтæн дæр Райгуырæн бæстæ у ахсджиаг æмбарынад, æмæ йæ хъахъхъæнын та – махæй алкæйы бæрзонд хæс æмæ царды нысаниуæг», – загъта уæрæсейаг паддзахады сæргълæууæг.

Владимир Путин фехъусын кодта, зæгъгæ, Уæрæсейы Æфсæддон-денджызон флот уайтагъддæр сдзуапп кæндзæн, нæ бæстæйы сæрибардзинад фехалынмæ чи бахъава, æппæт уыдонæн.

 

БАХÆС КОДТА МАГАЗИНТЫ ХЫЗÆГ БАБÆРÆГ КÆНЫНЫ ТЫХХÆЙ

УФ-йы Паддзахадон Думæйы спикер Вячеслав Володин бахæс кодта æдасдзинады фæдыл Дæллаг палатæйы комитетæн, цæмæй бафарст арвитой контролон-цæстдарæн органтæм  «Леруа Мерлен»-ы магазинты хызæгы бабæрæг кæныны тыххæй, цыран æмбæстæгты ныхæстæм гæсгæ, уæй кæнынц фотообойтæ украинæйаг Хъырымимæ. Паддзахадон Думæйы бамбарын кодтой, зæгъгæ, æнæкорректон бæрæггæнæнтæ бахастой сывæллæтты картæимæ фотообойтыл. Уымæй дарддæр ма, уым нæ разындысты хæдбар Хуссар Ирыстон, Абхаз, Донецк æмæ Луганскы Адæмон республикæтæ дæр.

 

УÆРÆСЕЙАГ СКЪОЛАТЫ ФÆЗЫНДЗÆН КЪЛАСОН САХАТТЫ НОГ ФОРМАТ

2022 азы 5-æм сентябрæй уæрæсейаг скъолаты фæзындзысты национ æдасдзинады стратегийы сфидаргонд къласон сахæттæ, кæцытæ уыцы иурæстæджы баст уыдзысты уæрæсейаг æхсæнады æргъæдтимæ, – хъусын кæны Æхсæнадон проекты фæдыл УФ-йы президенты управ-ленийы хистæр Сергей Новиков. Августы конференциты рæстæджы министрад пълан кæны скъолайы хъомыладон программæйы фæлгæтты ацы здæхты ахуыргæнджытимæ уæлæмхас куыст бакæнын, цæмæй къласон къухдариуæггæнджытæн сæхицæн сæ бон уа ацы къласон сахæттæ – «Разговоры о важном» уадзын, – загъта Новиков. Йæ ныхæстæм гæсгæ уыдоны гæнæн ис уадзын алыгъуызон фор-мæты, кæцы баст уыдзæн скъоладзауты каримæ. Къласон сахæтты сæйраг темæтæ суыдзысты патриотизм æмæ æмбæстагон хъомылад, хæрзæгъдаудзинад, экологи æмæ афтæ дарддæр.

 

«ЗОЛОТОЕ ПЕРО РОССИИ – 2022»-йы ПРЕМИЙЫ ЛАУРЕАТТÆ

Ацы бонты Мæскуыйы концертон зал «МИР»-ы уыд жур-налистикæйы къабазы «Золотое перо России»-йы сæйраг преми радтыны цытджын церемони. Преми сфидар кодта Уæрæсейы журналистты цæдис æмæ лæвæрд цæуы æрвылаз дæр зынгæ профессионалон лæггæдты, фыдыбæстæйон прессæйы бирæ азты куысты тыххæй. Ацы аз хорзæхтæ лæвæрд цыдысты 11 номинацийы. Премийы лауреаттæ систы 48 журналисты æмæ медиаменеджеры. Уæрæсейы журналистты цæдисы сæрмагонд приз «За смелость при выполнении журналистского долга» лæвæрд æрцыд æфсæддон уацхæсджытæ Юрий Подоляка, Ирина Куксенкова æмæ æндæртæн.

 

БАЙТЫ АЛЬБИНÆЙÆН – МЕМОРИАЛОН ФÆЙНÆГ

Уæрæсе æмæ Цæгат Ирыстоны адæмон артисткæ Байты Альбинæйæн байгом æрцыд мемориалон фæйнæг зын-гæ артисткæ кæм цард, уым – Миллеры уынджы 14-æм хæдзары. Байты Альбинæ у ирон национ хореографийы ирд-дæр стъалытæй иу. 30 азы бæрц бакуыста Цæгат Ирыстоны адæмон кафты паддзахадон ансамбль «Алан»-ы, цыран уыд солисткæ æмæ ссис ирон культурæйы историйы æцæг эпохæ. Уый фæстæ та цалдæр азы дæргъы лæууыд сфæлдыстадон коллективы сæргъ. Бындур æрæвæрдта æмæ къухдариуæгад кодта ансамбль «Арт»-æн. Артисткæ цардæй ахицæн 1993 азы 23 июлы. Йæ ном цæрдзæн мингай адæймæгты зæрдæты.

 

ХОСТЕЛ БÆРЗОНД ХÆХХОН ХЪÆУЫ

Цæгат Ирыстоны хæхты байгом кодтой Уæрæсейы иууыл бæрзонддæр хостел. Уый у бинонты мини-отель, кæцы арæзт æрцыд хъахъхъæнынадон мæсыджы фасады хайы, кæцыйыл цæуы 300 азæй фылдæр. Хостел æвæрд æрцыд денджызы æмвæзадæй 2000 метры бæрзæндæн астæукка-гæнусон хъæу Къамунтæйы. «Мах æцæгæйдæр цæрæм дунейы иууыл хуыздæр бынаты. Бафæндыд нæ уыцы рæ-сугъддзинад адих кæнын кæй зæрдæмæ цæуы, уыдонимæ. Хостелы ис ортопедон сынтæджытæ, хæрзад комплексон сихортæ, цымыдисон экскурситæ сæрмагонд гидимæ. «Хостелы алцыдæр сарæзтон мæхи къухтæй, сынтæджы-тæ, камин æмæ уæлхæдзарæй фæугæйæ. Ныфс мæ ис, ам нæ уазджыты зæрдæмæ кæй фæцæудзæн, уымæй», – ба-нысан кодта «Къамунтæ хостел»-ы хицау Хъарджиаты Аслан. Хостелы бынат ис 10 адæймагæн. Ростуризмы сæргълæууæг Дыгъуызты Заринæ рахæцыд æвзонг амалиуæггæнæг Хъарджиаты Асланы туристон проекты фарс. Уый банысан кодта, зæгъгæ, Уæрæсейы иууыл уæлхохдæр хостел рауад атмосферон æмæ аутентикон. «Къласон проект у! Уым стыр райгондæй баулæфдзæн чифæнды дæр. Проектæн мæ зæрдæ зæгъы æнтыстытæ æмæ бирæ райгонд уазджытæ. Лæппу сарæзта туризмы йæ фыццаг проект. Уый у бæдæйнаг. Æвæццæгæн, алцы нырма бын-тон хорз нæу, алыхатт дæр гæнæн ис хуыздæр саразын. Фæлæ мæнмæ гæсгæ хорз проект у. Æз дæр ацæуин уырдæм баулæфынмæ», – ныффыста йæ телеграмм-каналы Дыгъуызты Заринæ.

 

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.