Бирæ нæм уыдис æмæ ис ахæм номдзыд гоймæгтæ, кæцыты царды хабæрттæ сты адæмы рæгъмæ рахæссинаг. Афтæ кæй у, уымæ гæсгæ æхсызгон хъуыддаг у, ивгъуыд аз Цхинвалы, Мыхуыры хæдзары кæй рацыд чиныг “Шаги в бессмертие”, зæгъгæ.

Чиныг фыст у номдзыд ирон поэт Бестауты Гиуæргийы цард æмæ сфæлдыстадыл. Йæ автор та у зындгонд ахуыргонд, æхсæнадон архайæг, Республикæ Хуссар Ирыстоны фыццаг президент Цыбырты Людвиг. Автор йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй кæд поэт, литературæиртасæг нæу, уæддæр йæ зæрдæмæ иттæг æввахс лæууы мадæлон литературæ, зынаргъ ын у йæ мадæлон æвзаг. Уыимæ Гиуæргиимæ æнгом баст уыдысты æфсымæрон хæлардзинады тæгтæй. Хæлар цард кодтой æрмæст сæхæдæг нæ, фæлæ сæ бинонтæ дæр. Уымæн ын бантыст поэты сфæлдыстадон фæлгонц ирдæй равдисын, йæ уды бæллиццаг миниуджытæ йын мах, чиныгкæсджыты размæ рахæссын.

Бестауты Гиуæргийæн Хуыцау бирæ цæрæнбон нæ радта. Цыбыр рауад йе сфæлдыстадон фæндаг дæр – бæрцæй æнусы цыппæрæм хай. Фæлæ уыцы азты Гиуæргийæн бантыст райдайæг поэтæй Ирыстоны хуыздæр поэты рæнхъытæм схизын, ирон литературæйы историйы ирд фæд ныууадзын. Йæ курдиат уыд бирæвæрсыг – æрмæст поэт нæ уыд, фæлæ уыд иттæг курдиатджын тæлмацгæнæг, критик, редактор. Йæ хъус лæмбынæг дардта ирон культурæйы æппæт къабæзты рæзтмæ. Ирон театры репертуартæ хъæздыг кодта хæрзгъæд тæлмацтæй, архайдта ирон аив дзырды хæзнатæ мыхуыры рауадзыныл, рæдауæй æххуыс кодта райдайгæ фысджытæн. Уыимæ уыд бæрзонд культурæ кæмæ уыд, ахæм адæймаг.

Бестауы фырт фыццаджы фыццаг поэт кæй уыд, уымæ гæсгæ æвæджиауы бæрзонд бынаты æвæрдта поэзийы. Уый тыххæй чиныджы Джыгкайты Шамил йæ уац “Рухсгæнæг сурæт”-ы фыссы: “Бестауы фыртæн поэзи уыд табуйаг исбон æмæ йын йæ кад хъахъхъæдта, муртакк лæг йæ дзуар куыд хъахъхъæны, афтæ. Уый мурмæ дæр нæ дардта мæнг авторитеттæ. Уыдис домаг йæхицæй æмæ æндæртæй дæр – хистæрæй, кæстæрæй. Йæ алы ныхасы дæр уый бæстон хыгъта национ литературæйы домæнтæ æмæ йæ иу уацы загъта, лæмæгъ литературон фæлварæнтыл аудын аивадæн стыр зиан кæй хæссы, уыцы хъуыддаг”. Шамил куыд фыссы, афтæмæй Гиуæрги поэтæй домы ныфсхаст хъуыды, арф мидис, ног фæлгонцад. Хъæуы, зæгъгæ, “æцæг бæрзонд поэзи, чиныгкæсæгæн арвы дуар гомæй фенынау чи уа, ахæм аивад”. Æмæ Георги йæхæдæг дæр йæ удæй арт цагъта ахæм поэзийы сæраппонд.

Куыд поэт, афтæ Бестауты Георгийы сфæлдыстадыл афæлгæстимæ чиныгкæсæг базонгæ уыдзæн, чиныг цы сæргæндтæй конд у, уыдонæй сæ иуы. Уый агъоммæ та автор чиныгкæсæджы размæ хæссы поэты æвзонджы бонты, студенты царды хабæрттæ. Куыд ма загътам, афтæмæй Гиуæрги стыр дæсны уыд тæлмацы хъуыддагмæ. Цы йын бантыст ацы фадыджы саразын, ууыл дзырд цæуы хицæн сæр “Мастер перевода”-йы, зæгъгæ. Уый тæлмац кодта гуырдзиаг æвзагæй иронмæ æмæ ирон æвзагæй та гуырдзиагмæ. Бирæ гуырдзиаг фысджыты уацмыстæ раивта ирон æвзагмæ. Стыр ном ын скодтой Æгъуызаты Иуанейы кадæг “Алгъузиани» æмæ Шота Руставелийы “Стайы цармдарæг”-ы тæлмацтæ ирон æвзагмæ. Уыдон афтæ аив рауадысты æмæ сæ оригиналтæй фæстæ ницæмæй лæууынц.

Гуырдзиаг æвзагмæ дæр бирæ ирон поэтты уацмыстæ ратæлмац кодта. Уый руаджы гуырдзиаг чиныгкæсæг базонгæ Хетæгкаты Къостайы уацмыстимæ, Плиты Грисы трагеди “Чермен”, Къубалты Алыксандры поэмæ “Æфхæрдты Хæсанæ”-имæ.

Уæлдæр ма банысан кодтам, Бестауы фырт домаг кæй уыд йæхицæй æмæ йын бæрзонд аивадон уацмыстæ сфæлдисын дæр уымæн бантыст, йæ тæлмацыл ын ли-тературæиртасджытæ æмæ рæнхъон чи-ныгкæсджытæ дæр сæ цæст уымæн æрæвæрдтой. Афтæ домаг уыдис æндæртæй дæр æмæ уый бирæбæрцæй зыны йæ бирæнымæц литератутон-критикон уацты. Чиныджы автор йæ хъусдард здахы Гиуæргийы сфæлдыстады ацы къабазмæ дæр æмæ нысан кæны, иттæг кæй арæхст литературон уацмысæн раст, объективон анализ саразынмæ, йæ рæстæджы литературон процессæн раст аргъ скæнынмæ.

Гиуæрги æввахс лæууыд Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театрмæ дæр. Уый æрмæст æнувыд сценæмæкæсæг нæ уыд, фæлæ рецензитæ фыста хицæн спектаклтыл. Уымæй дарддæр ма театры сценæйыл æвдыст цыдысты, гуырдзиаг æвзагæй кæй ратæлмац кодта, ахæм пьесæтæ.

Алы адæймагæн дæр йæ царды вæййы æввахсдæр хæлæрттæ, хистæр уой æви кæстæр, уымæ нæ кæсгæйæ. Бестауты Гиуæргийæн адæмы æхсæн бирæ хæлæрттæ уыдис, фæлæ ныхас сфæлдыстадыл куы цæуа, уæд æнæзæгъгæ нæй Нафи æмæ Плиты Грисы тыххæй. Бирæ хъарм ныхæстæ бакæсæн ис чиныджы, уыдон Гиуæргийы тыххæй цы загътой, уый тыххæй. Йе ‘сфæлдыстадон фæндаг ма йын хистæр кары фысджытæй сæ уды хъармæй чи тавтой, уыдон уыдысты Гафез, Плиты Харитон, Ардасенты Хадзыбатыр, Дзесты Куыдзæг æмæ æндæртæ. Йе ‘мгар фысджытæй та иууыл тынгдæр хæлардзинады тæгтæй баст уыдис Нартыхты Михал, Булкъаты Михал, Дзуццаты Хадзы-Мурат, Джыгкайты Шамил, Ходы Камал, Кодзаты Æхсар, Гаджиты Георги, Цæрукъаты Алыксандримæ. Иттæг æввахс ахастытæ йын уыд чиныджы автор Цыбырты Людвиг, зындгонд археолог Тъехты Баграт, æхсæнадон архайæг Æлкъацаты Деболаимæ. Зынаргъ ын уыдысты йе ‘мкъласонтæ, йе ‘мкъурсонтæ, уæлдайдæр та Зураб Ломидзе. Уыдоны тыххæй лæмбынæгдæр бакæсæн ис чиныджы.

Чиныгкæсæг базонгæ уыдзæнис поэты æхсæнадон архайдимæ дæр. Афтæ ма йын йæ царды, хъыгагæн, куыд æнад кодтой, цавæр хахуыртæ йыл мысыдысты, цахæм мæгуырау уавæр сæвзæрыд фысджыты цæдисы, уыдæттæ йе ‘нæниздзинадыл куыд бандæвтой æмæ æнафоны куыд ацыдис йе ’нусон бæстæм, уыдæтты тыххæй.

Цымыдисон у, автор чиныджы сæрмагондæй кæй рахицæн кодта, уыцы сæр, “В кругу родных и близких”, зæгъгæ. Ам уæлдай тынгдæр бæрæг кæнынц Бестауы фырты адæймагон миниуджытæ. Чиныгкæсæг базоны, банкъары, куыд бирæ уарзта йæ иууыл æввахсдæр адæймæгты æмæ уымæй мах дæр ахуыр кæны, куыд бирæ сæ хъæуы уарзын, уæлдайдæр та мады.

Чиныджы уæлæмхасæн хайы мыхуыр æрцыдысты Плиты Грисы фыстæджытæ Бестауты Гиуæргимæ, афтæ ма фыстæджытæ Нафи, Гафез æмæ Дзуццаты Хадзы-Муратмæ Гиуæргийы тыххæй. Дарддæр чиныгкæсæг бакæсдзæн Джыгкайты Шамил, Нафи, Дзуццаты ХадзыМурат, Булкъаты Михал, Хъазиты Мелитон, Дзасохты Музафер, Плиты Гацыр, Джусойты Нинæ, Цхуырбаты Мери, Хозиты Барис æмæ Мурасты Эльбрусы уацтæ поэты цард æмæ сфæлдыстадыл. Кæронбæттæны та бакæсæн ис Цæрукъаты Алыксандр, Хъодзаты Æхсар, Хъодалаты Герсан, Дзуццаты Хадзы-Мурат æмæ Харебаты Леониды номарæн æмдзæвгæтæ.

Банысан ма хъæуы уый дæр æмæ тексттæ баххæст кæй цæуынц бирæ къамтæй æмæ уымæй чиныг фæлгонцджындæр, кæй кæны. Хорз лæвар у æрмæст Гиуæргийы хиуæттæ æмæ хæлæрттæн нæ, фæлæ йæ диссаджы поэзийæн табугæн-джытæн дæр.

БЕСТАУТЫ Валя

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.