Æрæджы рухс федта поэт, прозаик,  драматург, æхсæнадон архайæг, филологон зонæдты кандидат, ХИПУ-йы профессор, Ирыстоны Фысджыты цæдисы æмсæрдар Хъазиты Мелитоны чиныг «Нæ ис, нæ бис»-ы 5-æм том. Уый размæ та мыхуырæй рацыд чиныджы 6-æм том. Рухс ма дзы ноджыдæр фендзысты 4 томы. Чиныгмæ хаст æрцыдысты литературон-критикон уацмыстæ, кæцыты автор ныффыста йе сфæлдыстадон архайды алы азты. Зынгæ курдиатджын фыссæджы ном нæ чиныгкæсджытæн рагæй зындгонд у. Йæ фыст уацмыстæ йын æхсызгонæй кæсынц, куыд хистæр, афтæ кæстæр фæлтæр дæр. Уымæн æмæ сæ автор æвдисы царды рæстдзинад йæ сагъæстæ æмæ цинтимæ. 

Чиныджы райдианы мыхуыр æрцыд «Цы фæцис, Ирыстон, нæ Хурыскæсæн?», цыран автор йæ зæрдæйы риссаг хъæдгæмттæ ирдæй равдыста йæ радтæг Ирыстоны Хурыскæсæн æмæ Хурныгуылæны трагикон хъысмæты тыххæй. «Абоны нывæцтæм куы ‘ркæсæм, уæд нæ цæстытыл ныххæцдзыстæм – нæ Ирыстонæн Цæгат æмæ Хуссар куы ис, уæд цы фесты йæ Хурыскæсæн æмæ йæ Хурныгуылæн? Сæууон æртахау тайгæ куынæ акодтой, уæд цæмæннæ уал кæнæм сæ кой, цæмæн сæ ныууагътам рохуаты кæрæф лæгхортæ æмæ уæзæгхорты хъæлæсы? Æви ныл фыдæй-фыртмæ рохниз бафтыдис – нал зонæм хорз æмæ æвзæр, нал хатæм нæ хион æмæ дадæгон; æрцæуæггæгтæ нын цы æгъатыр митæ кæнынц, уыдæттæ? Ам цыбыртæй нæ ныхас уыдзæнис Ирыстоны бæллиццаг æмæ, хъыгагæн, махæй тынг бирæтæй рохгонд, фæлæ уырдыгæттæн, ома, уым цы ирæттæ цардысты, уыдонæн зæрдæриссæн Хурыскæсæныл. Йæ равæрды тыххæй зынгæ ирон историк Гаглойты Юри зæгъы: «Территория Восточной Осетии, центральную часть которой  составляют Тырсыгом æмæ Гудыком, является одним из древнейших и важнейших регионов формирования и расселения осетинского народа и его этнотерриториальных групп…». Йæ хъуыды бафидар кæнынæн ын историон æрмæг фагæй фылдæр ис. Уыцы æрмæджытæ, абон Ирыстоны арæнтæ кæуылты сты, æнæуый та, бынтон æрæджы дæр ма кæуылты уыдысты æмæ сæ дуне кæуылты зыдтой, уымæй сæм нæ хъус лæмбынæг куы æрдарæм, уæд тынг бирæ цæмæйдæрты æфтауынц дисы æцæг хъуыдыгæнæг адæймаджы. Дарддæр автор фыссы: «Нæ фыдбоны сыхæгтæ нын Фæснауырæй (Пасанаурийæ – «ф» дамгъæ сæм кæй нæй, уый тыххæй уый бæсты фыссынц «п», «æ»-йы бæсты фыссынц «а»; «ы» дамгъæ дæр сæм  нæй æмæ йæ арæцыгътой; фæстейæ та йæм сæ алы дзырды къæдзил «и» афтыдтой æмæ сыгъдæг ирон дзырд «Фæснауыр» агæпп кодта «Пасанаури»-йæ) суанг Дзæуджыхъæуы фындзы размæ – Ларсмæ нæ фыдæлты фидæрттæ æмæ Дайраны дуæрттыл, нæ рагон бæрзæндтыл куыд ныссагътой сæ тугæйдзаг тырысатæ, фæсарæйнаг уазджыты æмæ сæм туристты тыхæй куыд ласынц æмæ сын куыд уырнын кæнынц, ома, уыдон сæ фыдæлты хæтæнтæ сты, ирæтты фыдæлтæн та-иу сæ сæрвæттæн авæрдтам; афтæмæй бынæттон цæрджытæн, се ‘рмтты хъарм нырма кæм æнкъардæуы, уыцы уæзгуытæм сын фæндæгтæ æхгæд куыд æрцыдысты, сæ фыдæлты къуымтæ мысгæйæ къуыбар цæссыг куыд калынц, уый адæймаджы дис æмæ мастыл куыннæ хъуамæ æфтауа?». Автор лæмбынæг æрдзырдта Дайран – Дариал – Дарьял цы нысан кæны, уый рафæлгъауынмæ дзæвгар ахуыргæндтæ кæй æргуыбыр сты, фæлæ дзы иууыл растдæрыл нымад кæй цæуы академик Броссы хъуыды. Уый, персаг æмæ арабаг историон бæрæггæнæнтыл æнцойгæнгæйæ, нымайы, ома, персаг æвзагыл дар нысан кæны дуар æмæ дар æмæ алан иумæ æмбарын хъæуы, куыд аланты дуар, афтæ æмæ ссис нырыккон Дайран (Дариал, Да-рьял). Хъазиты Мелитон чиныгмæ бахаста А.Грибоедовы «Фæндаггоны фыстыты» æмæ А.Пушкины «Путешествие в Арзрум»-ы, цыран ирдæй æвдыст цæуынц, зæгъгæ, ацы бынæтты рагæй фæстæмæ  ирæттæ кæй цардысты, уый. Цæвиттонтæ, цас нæ хъæуы, уымæй – фылдæр.

«Бынтон æрæджы дæр ма 20-æм æнусы фыццаг æмбисы, номхуындæй, 1929 азы «Известия Горского педагогического института»-йы 5-æм томы мыхуыр æрцыдис Гæдиаты Цомахъы уац «Гæдиаты Секъа – ирон хæдахуыр поэт» уырыссаг æвзагыл æмæ йæ фыды тыххæй зæгъы: «Секъа райгуырд Хуссар Ирыстоны, бæлвырддæр зæгъгæйæ та – Хъуды комы кæнæ Арагуийы комы. Абайты Васо дæр эмоционалон хуызы бæргæ дзырдта: «Горную Осетию времен Сека писатель Георгий Цаголов справедливо назвал «Краем беспросветной нужды». Одним из самых глухих и бедных уголков этого края была родина Сека, селение Ганис в верховьях Арагви. Внешне Ганис и сейчас мало изменился по сравнению с прошлым веком». Джыккайты Шамил нæ хуыздæртæй иуы, уыцы коймаджы тыххæй дзырдта: «Цомахъ райгуырд 1882 азы 14 январы Ганисы, Хъуды комы. Уыцы ком у æмбисонды рæсугъд бæстæ, фæлæ – зынвадат, уæлдайдæр, зымæгон рæстæджы – нывæфтыдæй йæ æвдисы Секъайы æмдзæвгæ «Зымæг Ирыстоны». Æрцыд, Секъа цæмæй тарст, уыцы стыр бæллæх. Куырыхон поэт фæдзæхста йæ адæмы: «Нæ фыдыбæстæ нын куы байсой – Сау хох ныккæндзæн æрдиаг». Ныр Хъуды ком æгасæй дæр баззад хадæн – гуырдзыйæн. Сау хох æрдиаг кæны, хъарæг кæнынц Ганисы сæрмæ Азау æмæ Таймуразы бæлæстæ… Фæлæ сæ чи хъусы?!», – йæ зæрдæйы  риссаг мидсагъæстæ æргомæй æвдисы автор. Афтæмæй, нæ хурныгуылæн – Триалет æмæ Гудзаретау сæхи бакодтой нæ хурыскæсæн – Хъуды комæй Тырсыгом, Къобы зылдыл суанг Ларсмæ…

«Иуæй-иу фысджытæ æмæ сæ иуæй-иу уацмыстæ»-йы бын мыхуыр цæуынц фысджытæ Булкъаты Михал, Бицъойты Грис, Дзуццаты Хадзы-Мурат, Дзасохты Музафер, Хостыхъоты Зинæ, Малиты Васо, Æлборты Хадзы-Умар æмæ Ходы Камалы цардвæндаг æмæ сфæлдыстады тыххæй.

 Дарддæр мыхуыр цæуы «УДÆЙ ЗЫНАРГЪДÆР – СÆРИБАР»  (ирон адæмæн 1989-2008 азты нæ фыдбоны сыхæгты геноцид ирон поэзийы), цыран ис 12 сæры: «Цирхъæй дæр, сисæй дæр», «Сæрибары сæрвæлтау», «Туг йæхион агуры», «Чъреба – хъайтар сахар», «Æвдылди арв туджы», «Дзыццамæ мын чи бадзурдзæн», «Æфсымæр кæ-мæн ис…», «Тулгæ дурыл хъуына нæ хæцы», «Дон сæрæй рæсугъд кæны», «Хох цахæм уа, ахæм дур дзы тулы», «Саг сагæй баззайы», Уацмыс – уацмысы «Хæстарыд Ирыстон».

Автор йæ разныхасы фыссы: «Адæймаджы царды бирæ диссæгтæ æмæ тæмæссæгтæ æрцæуы. Ссары йæхи цинтæ æмæ мæстытæ. Йæ царды вæййы йæхи уды уæлахизтæ æмæ къуыхцытæ. Æмæ сæ алчи дæр йæ хъуыды, йæ зæрдæйы къуымы скæны йæхи сæрмагонд бынат. Иуты сæ фæнымайы, æрмæст йæхи удмæ чи хауынц, ахæмтыл; иннæты фæхæссы адæмы рæгъмæ. Аивад дæр цæрæццаг уд у. Фæцæры, фæрæзы.  Алы аивадæн дæр вæййы йæхи æнтыстытæ æмæ къуыхцытæ рæзты дугтæ æмæ цоппайы рæстæджытæ. Фæлæ аивадæн амæлæн кæй нæй, историйæ та ногæй йæ сæр кæй сдары, уымæн æвдисæн – 1937 азы нæ фыдбоны сыхæгты ардыдæй, тугхор Берияйы амындæй цы бирæ ирон фысджытæ багæндон кодтой, уыдон сфæлдыстад. Ирон нывæфтыд литературæйы фæстаг дæсгай азты уæрæх райрæзт ног темæ йæхи ног дзуринæгтæ æмæ аивадон амæлттимæ. Уый у нæ фыдбоны сыхæгтæ нæм 1989 азæй æргомæй бырсын куы райдыдтой алы фидистæ æмæ æртхъирæнтимæ, уæдæй 2008 азы Майрæмыкуадзæны мæйы 12-æм бонмæ чи раххæст, нæ уыцы æцæг, æнустæмы фæуæлахизы рæстæг. 20-азон хæсты нæ мæгуыр, æфхæрд адæм бирæ тæрæнты фестæм, бирæ фыдтæ æмæ дудгæбæттæ бавзæрстам. Æцæг нын уый фыццаг хатт, мыййаг, нæ уыд. 20-æм æнусы ма нæ бадомдтой 20-æм, 21-æм азтæ дæр. 20-æм азы дудгæбæттæй нæ буар, нæ уæзæджы сыгъдтытæ нæма ссыдысты æмæ та – ног геноцид…». Автор фыссы, зæгъгæ, уыцы цаутыл хъуыды кæнгæйæ, федтой рухс ирон фысджыты авторон коллективты чингуытæ – «Тугæйдзаг цыппурс», «Риссаг зарæг», «Хуры цæссыгтæ», хицæн авторты æмбырдгæндтæ – Дзуццаты Хадзы-Мураты «Дыууæ дуджы астæу», Плиты Феликсы «Халон уасыди…». Хъазиты Ме-литон йæхæдæг дæр ныммыхуыр кодта «Хæстарыд Ирыстон» (поэзи, прозæ, публицистикæ – Цхинвал 1995).

Автор чиныджы фæсныхасы фыссы: «Литературæ, цыфæнды аив, цыфæнды стыр уæд, уæддæр æнæ цард никæй ницæмæн хъæуы. Цард та æнæ аив лите-ратурæ у æгъуыз, æнæбазыр. Æмæ, куыд федтам, афтæмæй Ирыстоны 20-æм æнусы фæстаг дæс азы æмæ 21-æм æнусы  фыццаг дæс азы кæд нæ адæмæн стыр лæджыхъæдæвзарæн азтæ уыдысты, уæддæр ахъаззаг фæд ныууагътой нæ Фыдыбæстæйы историйы дæр æмæ нæ адæмы царды дæр. Афтæ ма стыр фæд ныууагътой нæ нывæфтыд литературæйы. Æмæ йын уырдыгæй нал ис сисæн…».

Чиныг ацæргæ адæмы хъæуы нæ хæстон бонтæ хуыздæр зонын æмæ хъуыды кæнынæн, кæс-тæрты та – цæмæй сæ ивгъуыд ма рох кæной æмæ сæ фидæны алцæмæ дæр цæттæ уой. Автор спайда кодта тынг бирæ литературæйæ. Адæймаг дисты бахаудта, уыйбæрц историон бæрæггæнæнтæ æрæмыбрд æмæ сахуыр кæнын  йæ бон куыд ссис. Егъау куыст бакодта Хъазийы фырт. Ис дзы хъæздыг æмæ цымыдисон æрмæджытæ, фæлæ сыл, хъыгагæн, иу уацы æрдзурæн нæй. Хуыздæр у чиныг къухмæ райсын æмæ йæ сæрæй кæронмæ бакæсын. Дызæрдыггæнæн нæй чиныгæй алчидæр райгондæй кæй баззайдзæн ууыл, уæлдайдæр та ахуыргæнджытæ, ахуыргæнинæгтæ, студенттæ-филологтæ æмæ чиныгкæсджыты уæрæх аудитори.

Хъазиты Мелитонæн  нæ зæрдæ зæгъы, цæмæй нын æнæнизæй бирæ азты дæргъы  нæ зæрдæтæ рухс кæна йæ диссаджы сфæлдыстадæй!

Джиоты Екатерина

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.