Ир рагон адæмы хаттыл нымад сты. Хъæздыг у йæ истори, хъыгагæн, трагикон хабæрттæй. Нæ дзурдзыстæм ам, Иры дзыллæйæн йæ мыггæгтæ кæд фæзындысты æмæ куыд равзæрдысты, уыдæттыл. Сæ фылдæр хай лæджы нæмттæй равзæргæ кæй у, уый та дызæрдыггаг нæу. Уыцы фæд бæрæгæй æрттивы, нæ разы цы чиныг ис, нæ ныхас дарддæр кæуыл уыдзæн, уыцы ног мыггагон чиныгыл, хуыйны «Плиты Есетæ», цыран Плийы мыггаджы тыххæй ахæм легендæ ис: «XVI æнусы райдианы (иу лæг) æрхызт Захъхъайы æфцæгыл Хуссары ‘рдæм æмæ комрæбын æрбынат кодта. Лæг уыд бæрзонд, хæрзконд, уонгджын æмæ хъаруджын. Йæ ном хуынд Рог. Йæ хуыз, йæ асмæ гæсгæ йыл бынæттон цæрджытæ авæрдтой ном Пыл».

Чиныджы автор у Плиты Тотрадз. Райгуырд Ручъы зылды, Есеты хъæуы. Кæронмæ нæ бакаст Ручъы скъолайы.1952 азы йæ ныййарджытæ алыгъдысты Цæгат Ирмæ, æрбынат кодтой Горæтгæрон районы Дæллаг Комгæроны. Комгæроны скъолайы фæстæ кaст фæцис Сталиниры педагогон институты физикæ æмæ математикæйы факультет. Бирæ бæрнон бынæтты фæкуыста. Фæлæ йæ сæйраг куыст уыдис скъолаимæ баст. Йæ предметы æдтейæ æнувыд у йæ мадæлон æвзаг æмæ литературæйыл, або-ны бон дæр аив ныхас æвæры фыццаг бынаты.

Йæ чиныджы иу ран афтæ зæгъы, зæгъгæ, Плиты мыггаджы тыххæй фыст æрцыд æрмæджытæ. Уый раст у, фæлæ уыдоны цур Тотрадзы чиныг у дзæвгар хъæздыгдæр æрмæджытæй.

Чиныг кæсгæйæ, зонын хъæуы уый, æмæ автор йæ разы не ‘вæрдта хæс, цæмæй æрдзура æнæхъæн Плитыл (кæд сæ равзæрды кой скодта, уæддæр), йæ куыст, сæйраджыдæр у, Рукъгомы цы æхсæз хъæуы ис, уыдонæй сæ иуыл – Есеты хъæуыл.

Бæлвырд у иу хъуыддаг: кæддæр Рукъгом уыдис нæргæ, хъуыстгонд, йæ хъæуты нымæц хæццæ кодта 9, мыггæгтæ та дзы уыдис 7. Хъæуты сæйрагдæрыл дзы нымад цыдис Есеты хъæу, мыггæгтæй та – сæйрагдæр, хъуыстгонддæр мыггаг уыдысты Плитæ.

Тотрадз йæ чиныджы, сæйраджыдæр, дзуры Есеты хъæуы цæрæг Плитыл, ном дæр ын ахæм радта.

Дызæрдыггаг нæу уый дæр, Рукъгомы алы хъæуæн дæр кæй ис йæхи истори. Тотрадз цы æрмæг бахаста йæ чиныгмæ, уымæй та бæрæг у, Есеты Плитæн сæ царды историон фæндæгтæ егъау æмæ дардыл кæй уыдысты.

Номарæны дæр æй зæгъы: «Ацы чиныгæй арын нæ кадджын рагфыдæл – Плиты Есейы ном».

Уæлдæр æй загътон, Тотрадз йæ тых радта Есеты Плитæм. Уый – иу хъуыддаг, фæлæ чиныджы дзæбæх æрмæг ис æмткæй Рукъыл, йæ хъæуыл, йæ мыггæгтыл. Уыдон та махæн дзурæг сты, нæ рагон фыдæлты цардуагыл, фыдæй-фыртмæ сæ царды фæндæгтæ цахæмтæ уыдысты. Кæд æргом загъд не ‘рцыд Плийы фырты чиныджы, уæддæр бæлвырд у, Рукъгомы бындурæвæрæг кæй уыдысты Плитæ, комбæсты тых кæй æнцади Плитыл, Плиты мыггаг цы разагътайы нæлгоймæгтæ æмæ сылгоймæгтæ радта, уый – никæцы мыггаг.

Чиныджы раст амынд цæуы, Плитæй бирæтæ цардагур куыд аивылдысты æндæр рæттæм. Бирæ дзы æрцард Хъобаны, Гуырдзыстоны – Карелы, Къахеты. Ирон мыггæгтыл абоны бон ныхас куы фæцæуы, цас æмæ цытæ балæггад кодтой сæ адæмæн, уæд фыццаг бынаты æрæвæрынц Плиты. Æгæрыстæмæй, Цæгат Ир афтæ дзурын райдыдтой – Плитæ мыггаг не ‘сты, уыдон сæхæдæг наци сты.

Чиныджы автор Плийы фыдæлыл, легендæтæм гæсгæ, нымайы Рогы, ома, Рукъы. Уымæн уыд 9 фырты: Тъæрæс, Тузе, Гыби, Тега, Есе, Тамби, Бæззы, Бæлгъуыр, Гутна. Абоны Плитæй алчи дæр зоны, чи сæ цы фыдыфыртмæ хауы, уый. Иу стæмæй фæстæмæ ранымадгонд нæмттимæ баст топонимтæ абоны бон дæр бæрæг сты.

Рогы фараст фырты цæрæнбынæттæ æмæ царды фæндæгтыл æмбæлон ныхас ис чиныджы. Æцæг, йæ тых, сæйраджыдæр, радта Есемæ, сæхи хæдзарвæндаг кæцæй æмæ кæмæй рацыд, уыцы Есемæ.

Есеты хъæу абон стæнæг, аст хæдзарæй ма баззад иу, иннæтæ цардагур аивылдысты фылдæр Цæгат Ирмæ, цасдæрæй та – Дзау-Цхинвалмæ.

Куысты раст нысангонд цæуы, хъæу хъуыстгонд кæй уыд йæ хистæртæй, йæ фæсивæдæй, йæ сылгоймæгтæй.

Бирæ хорз æмæ ахсджиаг хабæрттыл æмбæлæм чиныг кæсгæйæ. Ардыгæй у бæлвырд, Есейы фæстæ 8 хæдзарæн сæ фыдæлтæ кæй уыдысты Цорман, Къуыдзы, Джина, Тома, Ростом, Гæбуц, Уыци, Дохцыхъо.

Ацы хæдзарвæндæгтæй алкæуыл дæр æмбæлон ныхас æрцыд чиныджы. Ома сæ рагон фыдæлæй абоны онг фæлтæргай цахæм уыд сæ цард, чи уыдысты, цытæ хуындысты, абоны фæлтæр кæмыты сты, цы куыстыл хæст сты.

Чиныджы уый дæр æрцыд загъд, сæ сылыстæг кæдæмты фæцыдысты чындзы, кæмæ æмæ цы цæуæт схъомыл кодтой, уыдоны цардвæндæгтæ цахæмтæ уыдысты æмæ сты.

Есеты хъæуы нæлгоймæгтæ æмæ сылгоймæгтыл бирæ дзурæн ис, фæлæ зæгъын хъæуы, легендæтæм чи бахауд, уыдонæй Джиуийæн æмбал нæй. Абоны бон дæр канд Есейы байзæттаг нæ, æнæхъæн Рукъгом дæр кæнынц йæ кой. Тотрадзы чиныджы бæстон ныхас æрцыд ацы уæйыг лæгыл. Уыд уындджын, кондджын, зондджын, хъаруйæ – уæйыг, домбæйттæарæзт лæг. Тыхджын, фæлæ сабыр, барон, тæригъæдгæнаг, сæрбахъуыдыйы та – айнæг къæдзæх, тыхгæнæг ын тых нæ ардта. Ацы хабæрттæ цы легендæты зынынц, уыдоны фылдæр хай хаст æрцыд чиныгмæ.

Хъæу фарн æмæ тыхы тыххæй цы фехъуыста Тотрадз, ома, цы дзырдтой Цъалагом-Рукъгом, уый тыххæй зæгъы: «Есеты хъæуы куывд куы уыдис, уæд-иу лæгты фынгыл бадт æртиссæдз лæджы бæрц. Хистæр-иу рæгъ рауагъта Есейы цæрæнбоны тыххæй. Уыцы нуазæнтæ-иу банызтой лæугæйæ æмæ заргæйæ, ахæм ныхæстимæ: «Есе бирæ фæцæра…».

Зæгъын хъæуы уый, æмæ абоны Есейы ном нæ рох кæнынц, æрмæст ын цæрæнбон нал кувынц, фæлæ йын фæзæгъынц: «Есе рухсаг æрбауа».

Куысты æмбæлон ныхас æрцыд фыдæлтæй баззайгæ дзуары бонтыл – Атынæг, Аларды, Касутæ æмæ æндæртыл.

Чиныг фысгæйæ, автор йæ разы цы хæс æвæрдта, уый уæндон æмæ æргомæй загъд æрцыд: «Фидæны фæлтæр кæрæдзи зоной, кæрæдзийæн лæггадхъом уой».

Ирон мыггæгтыл цы чингуытæ æрцыд фыст, уым автортæ бавнæлдтой мыггæгты равзæрдмæ, сæ цæрæн бынæтты (топонимты) равзæрдмæ. Уыдоны равзæрдæн сæ фыццаг æрмæг у фольклор, стæй та уæд – истори. Уый зæгъын уый тыххæй – терминтæ Рукъ æмæ Плиты равзæрдыл нырма истори йæ бындурон ныхас нæма загъта. Тотрадз сыл цы загъта, уыдон уырнинаг сты, раст куы зæгъæм, уæд ног сты. О, фæлæ уыцы хъуыдыйы фæстæ тæпп сæвæрæн нæй, сæ историон бындур агуринаг у дарддæр дæр.

Чиныг стыр ахъаз фæуыдзæн, Есейы цæуæтыл йæхи чи нымайы, уыцы хæдзарвæндæгты равзæрды бæлас бæстон бамбарынæн. Уымæн зæгъы Тотрадз: «Кæстæртæн рагфыдæл зынаргъ у, уæлдайдæр, куы зоной сæ равзæрды уидæгтæ, ирон кæй сты, уый. Сæ райгуырæн зæхх æмæ сæ рæсугъд ирон æвзаг».

Тотрадзы чиныг ма нын амоны уый дæр. Кадджын фыдæлтæ нын уыд æмæ уыцы фарн æмæ æгъдау хъахъхъæнинаг сты, нæй сыл уæлæхохгæнæн.

Хъæуы цæрæг хæдзарвæндæгтæ фыдæй-фыртмæ, фæлтæрæй-фæлтæрмæ сæ царды уаг кæд ивта, уæддæр сæ уарзондзинад æмæ тугхæстæгдзинад нæ рох кодтой æмæ йын егъау аргъ кодтой кæддæриддæр.

Чиныг «Плиты Есетæ» аккаг хуын у æппæты фыццаг Плитæн сæхицæн, уæлдайдæр та – Есеты байзæттагæн. Уадз, æмæ зоной, чи кæмæй у, чи цы фæндæгтыл рацыд, абоны бон Есейы байзæттагмæ чи хауы, æмæ, Рукъæй райдайгæйæ, кæмыты сты.

Егъау æххуыс у Иры иннæ мыггæгтæн дæр, уадз, æмæ зоной, нæ рагфыдæлтæм царды уаг, хæстæгдзинад, мыггаджы тых цахæм уыд, уый.

Ахæм чингуытæ æмбарын кæнынц уый дæр, кæй ис алы мыггагæн дæр æрвадæлтæ æмæ сæ равзæрд кæцæй у, уыдæтты.

Бузныг – чиныджы авторæн, хъæу Есеты историон фæндæгтимæ нæ кæй базонгæ кодта, уый тыххæй. Ахæм чингуытæ куы фæзына Рукъгомы хъæутыл, уæд уыдон бæрзонд сисдзысты Ручъы кад, æгъдау, фарн æмæ лæджыгъæд.

ПЛИТЫ М.М.,

 ХИПУ-йы ирон литературæйы

кафедрæйы хистæр ахуыргæнæг

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.