(Æвдыст æрцыд Къостайы номыл премимæ)

Хатт æнæбары фыссæггæндтыл дæр исты афыссын бахъæуы, æндæр гæнæн куынæ уал вæййы, уæд. Адæймаг æй саразы æнæбары, æфсæрмæй, фæлæ дзы æхцондзинад нæ райсы. Фæлæ стыр фыссæгыл исты фыссын æнцондæр у, зæгъгæ, мачи зæгъæд. Курдиатджын фыссæгыл бирæ дзурæн ис, хорз уацмысты та бирæ зæгъинаг ис, стæй сæ зæгъын дæр хорз, аккагæй хъæуы, уый та у, æхцондзинад дæр кæмæй исыс, ахæм фыдæбон æмæ йæм алчи йæ ныфс нæ хæссы. Курдиатджын фыссæг та хуыйны, бирæ зæгъинæгтæ кæмæ ис æмæ сын сæ радзурын дæр чи зоны, уый.

Хуыгаты Сергей Мæскуыйы Горькийы номыл Литературон институт каст куы фæцис, уæд куыста Цæгат Ирыстоны телеуынынады, рауагъдад «Ир»-ы æмæ журнал «Мах дуг»-ы хайадты редакторæй. Йе  сфæлдыстады уацары бахаудтæн мæ сабибонтæй фæстæмæ. Раст зæгъгæйæ, йæ уацмыстæ афтæ диссаджы нуарджын æвзагæй фыст сты, мæ цæсты афтæ бæрзонд æвæрд сты æмæ дзы кæцыйы кой ракæнон, уый нæ зонын.

Уæлдæр куыд загътон, афтæмæй Хуыгайы-фырты уацмыстæ мæ сабибонтæй фæстæмæ кастæн, фæлæ йын йе сфæлдыстадмæ тынгдæр ме ‘ргом аздæхтон, нæуæдзæм азты йæ  сатирикон радзырдты æмбырдгонд «Гъе, уый дын Хепа», зæгъгæ, куы рацыди, уæд. Зæгъæн ис, мæ кæстæртæ схъомыл сты уыцы чиныджы уацмыстыл æмæ сæ ныр дæр нæ рох кæнынц.

Фæлæ кæуылты фæзынд сты ирон литературæйы йæ иннæ чингуытæ, поэзи æмæ прозаикон уацмысты æмбырдгæндтæ дæр: «Бонвæрнон», «Мæ сыхæгты номæй», «Æхсырласæг», «Хурвæндаг», «Сæнæфсиры цупæлттæ», «Зарæг баззадис мемæ», «Урс изæртæ», «Ацы хъарм хуры бын»…

Фыссæгæн йæ бæллиц рагæй уыд, нарты эпосы бындурыл ын йæ хъайтартæй цардæ-гас сурæттæ саразын æмæ уый йæ къухы æфтгæ дæр бакодта. Йæ роман «Нарты Фарнæг» афтæ мидисджын рауад, раст цыма автор семæ царди. Нафийы æнæмæлгæ «Сырдоны цæссыгтæ» æмæ «Нарты Фарнæг»-ы руаджы нарты эпосæй базыдтам бирæ цыдæртæ. Фæлæ, хъыгагæн, ныртæккæ алцæуыл дзурыны фадат нæй.

Абон мæ ныхасы сæр у Сергейы ног чиныг «Къостайы авдæн»-ы тыххæй. Бафиппайын хъæуы уый, æмæ фыссæджы сфæлдыстады стыр бынат кæй ахсы Хетæгкаты Къостайы ном. Куыд йæ поэзийы, афтæ йæ прозæйы дæр. Æрмæст йе ‘мдзæвгæты æмбырдгонд «Хуры рæгъ»-ы йын йæ ном ссардта цалдæр уацмысæй: «Къостайы хæдзар», «Нарон æхсæв», «Къостайы уынг», «Нарон хабар», «Къоста». Уæлдай тынгдæр йæ зæрдæмæ айста поэты райгуырд æмæ йæ мады мæлæты æвирхъау хъысмæт. Уыцы трагеди йе  ‘мдзæвгæ «Нарон æхсæв»-ы афтæ бæлвырдæй равдыста, уыцы сау мылазон рæстæг цæстытыл афтæ ауайын кодта æмæ дзы зæрдæ нырризы:

Уыцы æхсæв цæстыл уайы абонау, –

Наргомы фыддæр æхсæв нæ уыд.

Дзурынц: уæд дæлгæмттæ кодта Абана,

Поты фæзмæ лæст æмæ лæбырд…

 

Хæдзæрттæ ныззылынтæ сты адæргæй,-

Мæнæ се сæфт ралæудзæн рæхджы.

Райсом бон куыддæр ысцъæх уа,

Ацæудзæни сауарæзт бæхджын…

Фæлæ æппæт уацмыстæн сæрæвæрæн фæцис йæ уацау «Къостайы авдæн», мæ ныхас дæр уыдзæн ууыл.  Уый у ирон литературæйы  ахсджиаг фæзынд. Чиныг гуырахстджын у, ис дзы æртæ уацауы æмæ иуæндæс радзырды. Уыдонæй иу — «Къостайы авдæн». Автор йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй у æцæг хабары бындурыл амад, фæлæ йын уæддæр фаг æвдисæнтæ не ссардта. Уацауы апп у афтæ: æрыгон лæппу Хъарадзау фæтуджджын. Ацыд Къуыдаргомæй æмæ Нармæ бафтыд. Уыцы рæстæджы Хетæгкаты Леуанæн райгуырд лæппу Къоста æмæ аргæ-арын йæ бинойнаг амард. Лæппу Леуанимæ базонгæ æмæ йæ базыдта, сывæллонæн авдæн кæй нæй. Хъарадзау кæд уынгæ дæр никуы фæкодта авдæн аразгæ, уæддæр чысыл Къостайæн сарæзта авдæн…

Фыссæг куыд зæгъы, афтæмæй Къостайæн авдæн саразыны хабар бирæ хæттыты фехъуыста, фæлæ йæ алфамблай цаутæй ницæуыл фæхæст: чи уыди лæппу æмæ цæмæн фæтуджджын? Фæлæ курдиат дæр уый хуыйны æмæ исты цау  парахатæй, дзаджджынæй адæмы ‘хсæнмæ куы рахæссай.

Хуыгайы-фырт йæ уацауы ирдæй равдыста Стырмæсыджы цæрджыты гæвзыкк цард, сæ цинтæ, сæ хъыгтæ, рæстдзинад æмæ мæнгарддзинад, æвæрццаг æмæ æппæрццаг хъайтарты миддуне.

Хъарадзау æнæкæрон уарзтæй бауарзта сæ сыхбæстаг чызг Мартайы, уарзы йæ чызг дæр, фæлæ æвæрæз лæппу йæ ныфс нæ хæссы йæ минæвæрттæ барвитынмæ. Нæй йын, æгæрмæгуыр, йæ чысыл хæдзары хи-цæн къуым дæр. Фæлæ ма Мартайы тынг уарзы сæхи хъæуккаг Тъотъо дæр æмæ йæ нæ уырны, йæ разæй мæгуыр Хъарадзауы равзара, уый. Фæлæ чызджы фыд Боба разынд хæларзæрдæ æмæ рæстуд. Йæ чызджы фæндоны ныхмæ нæ рацыд æмæ бакодта, нæ фыдæлтæм арæх чи нæ уыд, ахæм хъуыддаг: нæ сæ райста ирæд дæр, афтæмæй йæ чызджы Хъарадзауæн радта.

Фæлæ æрыгон къайы адджын цард бирæ нæ ахаста. Мæнгард Тъотъо бахъуызыд ног чындзмæ æмæ йæ фæхудинаг кодта. Марта йæ цард рауæлдай кодта æмæ йæхи къæдзæхы сæрæй аппæрста. Фæдис æрбамбырд зианджыны кæрты, устытæ марой кæнынц. Хъарадзау йæ судзгæ мастæй йæ чемы нал у, æппæт уыдæттæ йæм кæсынц фын уынæгау, кæсы адæммæ æмæ йæ йæ хъуыдытæ рахæсс-бахæсс кæнынц алы рæтты: «Хъарадзау лæууыди рæбындæр. Йе ‘мцахъхъæн лæппутæ йыл иу цалдæрæй æрæмбырд сты æмæ йемæ лæууыдысты… Хъарадзау-иу йæ уæллаг дæндæгтæй йæ бинаг был нылхъывта æмæ-иу былы уæлæ джиппæвæрдау баззадысты дæндæгты фæдтæ. Куы-иу лæгтæм бакасти, куы-иу лæппутыл æрзылдта йæ цæстытæ, афтæ зынд: чидæр сты, зонгæ чидæр, фæлæ – чи, уый нал хъуыды кæны. Æмæ та-иу йæ хъуыды аздæхти иннæрдæм: Афтæ у – нырмæ фын уыны, уæд цымæ цæмæн æрæмбырд сты æнæхъæн хъæуы лæгтæ æмæ ам цы ‘рлæууыдысты, науæд цыхуызæн лæуд у уый?!»

Уыцы цау дыууæ бинонты бындур ныззылдта, тынг фæхъыг кодтой хъæубæстæ дæр. Уæдæ аххосджыны куыд ссардæуа? Уæды заман адæм дзуары фыдæхæй афтæ тарстысты æмæ фыдгæнæджы уымæй тæрсгæйæ йедтæмæ ницæмæй фæазымджын кодтаис. Æмæ сыхаг Исмел йæхимæ райста ахæм хæс: цыдæриддæр нæл-гоймæгтæ ис хъæуы, уыдоны худтæ дзуары бынмæ ахæссын æмæ сæ уым ныууадзын. Стæй алчидæр йæ худ хъуамæ рахæсса йæхæдæг. Чи йæ нæ рахæсса, фыдракæнд сарæзта уый. Сæ хъуыдымæ гæсгæ, фыдракæнд чи сарæзта, уый дзуары фыдæхæй тæрсгæйæ, йæ бынмæ нæ бацæудзæн.

«Уой, зиуы цæуынхъом чи у лæппуйæ дæр æмæ лæгæй дæр, уыдон сæ худтæ рахæссæнт!»

«Æмæ сæмбæлы мæсыджы фарсыл Ис-мелы хъæр, нызгъæлæнтæ вæййы, йе згъæлæнтæ уынгты апырх вæййынц… Худ-тæ дзуармæ хаста Исмел, уый зыдтой хъæу-бæсты æмæ змæлыди хъæу…»

Фæлæ, куыд рабæрæг, афтæмæй мæнгард Тъотъо йæ худ нæ рахаста дзуары бынæй, йæ ныфс нæ бахаста. Уыцы хабар уайтагъд хъус-хъус хъæуыл ахъæри. Æмæ Хъарадзау бамбæрста: уый уыди, уый йæ сафæг. Бацыд æм æхсæвыгон йæ кæртмæ «Æмæ, хъама сласта Хъарадзау, афтæмæй йæхи аппæрста, талынг чердæм ивылди, уыцырдæм… Æмæ цыма æрмæст Тъотъойы нæ сырдта, фæлæ, йæ разæй цы талынг уыди, уый дæр сырдта… Тъотъо йæ зæрдæ дардта – аирвæздзæн…» Фæлæ «Уыцы стыр талынгæй ратахт Джиголайы сауарæзт хъама. Рухсмæ ма иу æрттывд фæкодта, стæй Тъотъойы фæсонтæм ба-хаста йæ бырынкъ æмæ риуы фæйнæджы бынæй акасти. Тъотъо ма уæддæр цалдæр гæппы акодта, стæй йæхи размæ бахаста хуырджын уынгмæ æмæ йыл дæлгоммæ бафæлдæхт».

Райста йæ маст Хъарадзау, йе рагъæй йæ уæззау уаргъ ахауд, фæлæ йын уым фæлæууæн нал уыд. Ныууагъта йæ мæгуыр бинонты æмæ хæхты сæрты бахызт Нармæ. Уым иу ран йæ улæфт куыд уагъта, афтæ æнæнхъæлæджы йæ цурмæ æрбацыд æнæзонгæ лæг, базонгæ сты. Уый разынд Хетæгкаты Леуан. Кæрæдзийæн сæ дудгæбæттæ радзырдтой. Куыд рабæрæг, афтæмæй Леуанæн дæр уæд райгуырд лæппу æмæ йæ бинойнаг аргæ-арын амард. Чысыл Къостайы хъомыл кæнынмæ ахастой, фæлæ йын нæй авдæн. Ничи дæтты æнамонд сывæллонæн йæ авдæн.

Æмæ ныффæнд кодта Хъарадзау: авдæн сараза Къостайæн, кæд, куыд аразгæ у, уый уынгæ дæр никуы фæкодта, уæддæр æй хъуамæ сараза. Ууыл баууæндын кодта Леуаны дæр, фæцыдысты хъæдмæ æмæ лæппу сарæзта диссаджы авдæн æмæ йæ Къоста кæм уыд, уырдæм, Цымимæ фæхастой Леуанимæ. «Хъуамæ авдæны мах цур бабæдтой Къостайы æмæ йæ мах цур аузой, кæддæра цы ми кæнид Къоста, куы йæ узой, уæд. Хъуамæ йæ мах дæр аузæм, кæддæра дзæбæх, æнцон узæн рауади нæ авдæн», – авдæн йе ‘ккой, афтæмæй йæ бæллицтæ нывæндгæ цыдис Хъарадзау.

Афтæ Хъарадзауы къухтæй арæзт авдæны  фидæны гени Къоста схъомыл.

Фæстаг рæстæг мæм ахæм миниуæг фæзынди: уацмысæн йæ сюжетмæ уыйас мæ хъус нал фæдарын, фæлæ йе ‘взаджы гъæдмæ. Аныгъуылын уыцы алæмæтаг дунейы æмæ мæ алыварс цытæ фæцæуы, уый нал фенкъарын. Алы ныхас, алы хъуыдыйад дæр дзы ныхъуырæгау фæкæнын. Сергейы хæдхуыз æвзаг, мæнмæ гæсгæ, никæимæ ис абарæн. Дыууæ хъуыдыйады дзы куы бакæсон æнæ авторæй, уæддæр æй уайтагъд базондзынæн, кæй фыст у, уый. Фæнды мæ «Къостайы авдæн»-ы диссаджы абарстытæй иу цалдæр скъуыддзаджы æрхæссын:

«Хъæр мæсыгæн йæ фарсыл нæ сæмбæлд, фæлæ кæуылдæрты йæ хуылфы смидæг и мæсыгæн, стæй йæ сæрæй стахти æмæ хæхтыл хойгæ ахаста йæхи…»

«Стæй басабыр сты, цыма хъæд фæцæйластой сыфцæй, сæ уæрдон аскъуыд æмæ, сæ хъæд цы фæкæной, ууыл хъуыды кодтой, афтæ…»

«Цæвæг садзын уæм дзыкка хафæнтæ ахæрæгау ма кæсæд, ма…»

«Уартæ мусы чъилыл, цыма дзы дыууæ мусы къæбæлы ныссагъдæуыд, уыйау фæр-сæй-фæрстæм лæууыдысты Саулох æмæ Гиго…»

Сергейы сфæлдыстады ма арæх æмбæлæм, иу ныхас дзы арæх фæлхатгонд кæм цæуы, ахæм хъуыдыйæдтыл, фæлæ йын уыдон ноджы хæдхуыздæр кæнынц йе сфæлдыстад. Афтæ куынæ уаид, уæд цыма йæ уацмыстæ цыдæр хъуаг уаиккой:

«Дзæгъиан уæдæй нырмæ сабыр бадти, афтæ сабыр бадти, æмæ-иу æм бакасти Исмел – ма афынæй уа! Уæдæ уанцон сабыр бадт нæу! Æниу Хуындæгон дæр сабыр бадти, фæлæ Дзæгъианы сабыр бадт бынтон æндæргъуызон сабыр бадт уыди. Æмæ канд йæ бадт нæ уыди сабыр – æгасæй дæр нысабыр и…»

«Æмæ, дам, æмпъузæн куы уаид лæджы, уæд, дам, æмпъузын цы хъæуы! Фæлæ, дам, кæцæй æрцæуа æмпъузæн, дæ зæронд дарæс, дам, куынæ æппарай, уæд?.. Æмпъузæйнаг чи у, уымæн йæхи дæр æмпъузгæ кæнæм, æмæ кæцæй æрцæуа æмпъузæн?..

«Æнахуыр талынг уыди ком. Цыма иууыл йæхи талынг нæ уыди, фæлæ йæм цыма иннæ кæмттæн дæр æрбакалд сæ талынг – сау талынг æмæ бæзджын талынг, улæфын дæр æй чи нæ уагъта æмæ фæсонтыл дæр чи æнцади, ахæм талынг. Уæд-иу цыфæнды талынг уыдаид, хæхты нывтæ-иу ахста цæст, ныр цыма сæ кой дæр нал ис хæхтæн. Æрмæст ма талынг баззад бæстыл, æндæр ницы…»

Ахæм цæвиттонтæ бирæ.

«Къостайы авдæн»-мæ йæ фæдыл афтæ асайдта  æмæ, стыр хъыгагæн, мæ чысыл уацы нал ис фадат чиныджы иннæ уацмысты кой ракæнынæн.  Уыдон сты: «Зын кары зарæг», «Суадæтты хъæуы», «Хурхæтæнтæ», «Зымæгон изæры рухс», «Хæс» æмæ æндæртæ. Се ‘ппæты дæр зыны фыссæджы стыр курдиат.

«Æппынæдзух – хæларзæрдæ æмæ хъуыдыхуыз, дзырдхъом æмæ дзырдбарон, æвдæлон æмæ æнæвдæлон, тæригъæдгæнаг æмæ фезмæлдмæ рæвдз – афтæмæй базыдтой йе ‘взонджы бонтæй фæстæмæ йæ хиуæттæ, йæ хæлæрттæ Хуыгаты Сергейы», – фыссы Хъазиты Мелитон йæ чиныг «Хурмæ тырнгæйæ»-йы.

Адæймаг цас зондджындæр æмæ курдиатджындæр уа, уыййас у хуымæтæгдæр. Ахæм курдиаты хицау уæвгæйæ, никуы ничи фехъуыста Сергейæ йæхицæй раппæлгæ, йæ риу хойгæ. Æдзух у хуымæтæг, хъазæгой, хæларзæрдæ…  Æмæ адæймаг сагъæстыл фæвæййы: ахæмтæ фæсвæд цæмæн аззайынц? Диссаг куыд нæ у, уыцы кармæ фæцæргæйæ æмæ ахæм уацмыстæ снывæндгæйæ, йе сфæлдыстады сæйраг темæ Къоста кæмæн у, уыцы Хуыгайы-фырт нырмæ Къостайы номыл преми куыд никуы райста? Кæм ис рæстдзинад? Уæдæ йæ, генийы ном сдзурыны аккаг чи нæ у, уыдонæй йæ цал æмæ цалæй райстой.

Ныр, кæдæй-уæдæй, зындгонд поэт æмæ прозаик, Ирыстоны Адæмон фыссæг, йæ диссаджы уацмыстыл цалдæр фæлтæр кæмæн схъомыл, уыцы Хуыгаты Сергейæн йæ чиныг «Къостайы авдæн» æвдыст æрцыд, рагæй йæм чи ‘мбæлы, Къостайы номыл уыцы премимæ. Ацы диссаджы чиныг æнæгуырысхойæ у уыцы премийы аккаг…

ДЖУСОЙТЫ Нинæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.