Нæ театрыл сæххæст 90 азы

Ацы аз, 29 июлы Хетæгкаты Къостайы номыл Паддзахадон драмон театр акаст йæ 90 азы юбилейы сæрты. Нæуæдз азы цъус не сты æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, уал азы дæргъы цыдис алыгъуызон сфæлдыстадон фæндæгтыл. Йæ рæстæджы нæ театр Хуссар Ирыстоны культурон цардмæ бахаста ногдзинад, ног фарн æмæ мидис. Растдæр зæгъгæйæ та, нæ адæмæн ссис сæ иууыл уарзондæр уаз бынат, нæ бæстæйы иууыл егъаудæр культурон артдзæст.

Нæ театры пресс-службæйы нын куыд фехъусын кодтой, уымæ гæсгæ ацы аз уыдон сæхи цæттæ кодтой юбилеймæ, фæлæ бæрæг аххосæгтæм гæсгæ мадзал хаст æрцыдис фæззæгмæ. «29-æм июлы Хетæгкаты Къостайы номыл Хуссар Ирыстоны Паддзахадон драмон театрыл сæххæст 90 азы æмæ йæ хъуамæ банысан кодтаиккам уæрæхæй, фæлæ нæм эпидемиологон уавæр стабилон кæй нæу, бирæ рынчынтæ нæм кæй ис, уымæ гæсгæ йæ фæфæстæдæр кодтам. Æвæццæгæн æй банысан кæндзыстæм фæззæджы. Нæ фæнды уыдис нæ коллегæты æрхонын Цæгат Ирыстонæй, Уæрæсейы Федерацийæ, фæлæ уым дæр апарахат ацы тæссаг вирус. Нæ юбилеймæ мах цæттæ кæнæм къорд мадзалы: театры историйы тыххæй мыхуырмæ цæттæ кæнæм чиныг, хъуамæ адæмы рæгъмæ рахæссæм фоторавдыст, афтæ ма æндæр мадзæлттæ, кæцытæ арæзт цæуынц Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли æмæ Культурæйы министрады æххуысы руаджы. Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон драмон театры къухдариуæгад æмæ артистты руаджы юбилейон мадзал хъуамæ æмбæлон æмвæзадыл организаци æмæ уагъд æрцæуа. Сæрмагондæй, сценæмæкæсджыты зæрдыл хъуамæ æрлæууын кæнæм нæ театры истори, куыд сырæзт, куыд хызтис иу сфæлдыстадон æнтыстæй иннæмæ, чи йæ раз-мæ кодта æмæ адæмæн фарн чи хаста, æппæт уыдæттыл хъуамæ æрдзурæм», – банысан кодтой пресс-службæйы.

Театр кæддæриддæр уыдис æмæ у адæймаджы удварн чи хъæздыгдæр кæны, ахæм æхцон-дзинадхæссæг фæрæз. Ирыстоны профессионалон театры фæзынд рагон нæу æндæр бæс-тæтæм абаргæйæ. Хуссар Ирыс-тоны интеллигенцийы уæды минæвæрттæн ахæм театр саразын сæ къухты бафтыд æрмæстдæр Октябры революцийы фæуæлахизы фæстæ. Дзырд дæр ыл нæй, уæд йæ бынатæй кæй фезмæлыд Ирыстоны культурон цард, арæзт цыдис йæ экономикæ дæр. Афтæ зæгъæн ис æмæ революцийы фæуæлахиз ирон зæхкусæг адæмæн бакодта, амондджын цардмæ уæрæх æмæ рухс фæндæгтæ, кæцыйыл ныфсджынæй размæ цыдысты уæды фæлтæртæ.

НÆ ФАРН, НÆ АИВАДЫ АРТДЗÆСТ

30-æм азтæ егъау бынат бацахстой ирон театралон аивады рæзты. Хетæгкаты Къостайы номыл Хуссар Ирыстоны Паддзахадон драмон театр байгом ис 1931-æм азы æмæ уæдæй нырмæ, 90 азы дæргъы иузæрдион лæггад кæны сценæмæкæсджытæн. Уæд бындур æвæрд æрцыд профессионалон театрæн. Нæ паддзахадон драмон театр цадæггай хызт иу сфæлдыстадон æнтыстæй иннæмæ, цыд аивады тæмæнтæкалгæ бæрзæндмæ. Фæсивæд райдыдтой стыр цымыдис здахын театры цардмæ, кæддæриддæр æнæрхъæцæй æнхъæлмæ кастысты ног спектакльтæм. Адæм уæд базыдтой сæ фыццаг уарзон артистты дæр. Паддзахадон драмон театры сценæйыл æвæрд цыдысты куыд ирон, афтæ уырыссаг æмæ фæсарæйнаг драматургты уацмыстæ дæр, æмæ сыл хъомыл кодтой æмæ кæнынц адæм.

Президент Бибылты Анатоли раарфæ кодта Хетæгкаты Къостайы номыл Паддзахадон драмон театры коллективæн йæ сырæзтыл 90 азы сæххæсты цытæн. Паддзахады сæргълæууæгимæ театры труппæ æмæ коллективæн арфæ кæнынмæ æрбацыд Культурæйы министр Зассеты Жаннæ.

Актертимæ ныхас кæнгæйæ, Бибылты Анатоли загъта, зæгъгæ, театр бирæ зындзинæдтыл рацыд, фæлæ æрмæстдæр актерон дæсныйадмæ уар-зондзинад труппæйæн фадат радта рæзын æмæ культурæ размæ кæнынæн.

«Бузныджы ныхæстæ мæ фæнды зæгъын театры коллективæн уæ куыст, уæ курдиат æмæ бирæ зындзинæдтыл рацæугæйæ уæ куыст хорз кæй æххæст кæнут, уый тыххæй», – загъта Президент.

Бибылты Анатоли ма банысан кодта, зæгъгæ, абоны бон театры куыстæн арæзт ис хорз уавæртæ, ифтонгадæй суанг декорациты онг.

Уый ма ныфс бавæрдта, 20 сентябры кæй уыдзæн премьерон спектакль «Фæстаг æвдисæн»-ы равдыст.

Йæ рады, театры коллектив бузныджы ныхæстæ загъта Президентæн театрæн ног ифтонгад – генератор æлхæд кæй æрцыд, уый тыххæй.

Хуссар Ирыстоны культурæйы министр Зассеты Жаннæ дæр раарфæ кодта театры коллективæн бæрæгбоны цытæн æмæ сын бакаст «Росконцерт»-ы арфæйы тел, кæцыйы дзырдæуы, æппæтуæрæсейаг гастролон-концертон планы фæлгæтты кæй фæнд кæнынц хуссарирыстойнаг паддзахадон драмон театры гастролтæ ауадзын Уæрæсейы алы горæтты.

«Театры сценæмæкæсджытæн равдисдзысты спектакльтæ «Антигонæ» æмæ «Къоста». Гастролтæ райдайдзысты Ярославлы октябры мæйы, адарддæр уыдзысты Липецк æмæ Воронежы. Мах фæдзырдтам ацы горæтты ирон диаспорæтæм. Уыдон æнæрхъæцæй æнхъæлмæ кæсынц сымахмæ», – загъта Зассеты чызг.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.