… Хуссар Иры культурон артдзӕстæй дӕр ракалд туджы лӕсӕнты зӕй. Знаджы фыддӕрадӕн нӕ арт хуыссын нӕ бауагътам.

Хъæздыг у нæ аивад курдиæттæй, адæмæн уарзон артисттæй.

Нӕ ныхасы сӕр у Республикӕ Хуссар Ирыстоны адӕмон артист, Цӕгат Ирыстоны Автономон Советон Социалистон Республикӕйы сгуыхт артист, Хъӕрӕсе-Черкескы Республикӕйы сгуыхт артист Уанеты Æхсар.

Æхсар райгуырдис Дзауы районы Хуыцъейы зылды Стырфӕзы (фылдӕр ӕй хонынц Фӕзыхуыцъе) 1949 азы.

Ам арвыстой сӕ царды бонтӕ Æхсары ныййарджытӕ Димитр ӕмӕ Кокойты Оленкӕ.

«Мӕгуыр лӕгуӕрдонджын», – дзырдтой нӕ фыдӕлтӕ. Бинонтӕ кӕд царды рахӕцӕнтӕй ифтонг нӕ уыдысты, уӕддӕр сӕ фидӕны ныфсӕй зӕрдӕйы дзӕбӕх ӕмӕ хъӕлдзӕгдзинадӕй хайджын уыдысты. Уый зӕгъын уымӕн, ӕмӕ фыд Димитр уыдис ирон аив дзырды дӕсны, фынджы фидауц. Цы фынг уыдаид Хуыцъейы зылды, Дзауы дзыхъхъы ӕмӕ дзы Димитр кувӕг ма уыдаид. Алы фынг дӕр рӕсугъдӕй ӕрвыста йӕ диссаджы зарджытимӕ. Ӕрхаудта йӕм хъӕуы хистӕры бынат дӕр ӕмӕ йӕ кадимӕ фӕхаста. Гуфтайӕ Рукъмӕ алы вазыгджын хъуыддӕгты дӕр уыд хайадисӕг. Хъахъхъӕдта фы-дӕлты фарн йӕ цӕхх ӕмӕ къӕбӕримӕ.

Мад Оленкӕ дæр нӕртон ӕфсин уыд. Йӕ удыхаимӕ фӕцардысты «а» ӕмӕ «о»-йӕ. Нӕртон хӕдзарвӕндаг уыдысты, сӕ уазӕджы ӕгадӕй никуы арвыстой. Зараг лӕгӕн йӕ къухмӕ бахауд кафаг ус. Оленкӕйы кафт, йӕ дайрайыл цагъд адӕмӕн уыдысты цӕстӕвӕрӕн.

Зӕнӕгӕй – ӕфсӕст, хӕдзарӕй – хъӕрмуддзинад, адӕмы хорзӕхӕй –  хайджын. Нӕ уыдысты хъӕстаг сӕ цардӕй, кӕд Димитр фыццаг къорды инвалид уыдис, уӕддӕр.

Димитр ӕмӕ Оленкӕ схъомыл кодтой ӕмӕ Ирыстонӕн радтой 3 лӕппуйы ӕмӕ дыууӕ чызджы. Зӕнӕг рацыдысты ныййарджыты фӕндиаг ӕгъдауӕй дӕр ӕмӕ аивады дӕр. Нырма уал уый, ӕмӕ зӕнӕг ахуырмӕ  разындысты рӕвдз. Хӕдзарон куыстыты ӕмрӕнхъ, сӕ къухӕй нӕ ахауд чиныг дӕр. Æхсар нырма ахуыр кодта Хуыцъейы 8-азон скъолайы (астӕуккаг скъола дзы нӕма уыд), уый фӕстӕ та – Дзауы астӕуккаг скъолайы. Дыууӕ скъолайы дӕр сӕ тыхы уыдысты зард ӕмӕ кафты къордтӕ. Æхсар абон дӕр хорзӕн мысы йӕ къухдариуӕггӕнджытӕ Дзаттиаты Таймураз ӕмӕ Пӕррӕстаты Остины. Хуыцъейы уыд адӕмон театр. Æхсары хотӕ театры хъазыдысты, ӕфсымӕртӕ та зарыны къорды уыдысты. Уыцы хъуыддагыл сифтыгътой сӕ кӕстӕр ӕфсымӕр Æхсары дӕр. Йӕхӕдӕг афтӕ зӕгъы: – «Ӕз ӕнӕнхъӕлӕджы не сдӕн театры хосдзау – ме ‘взонджы бонты бирӕ уарзтон зарын, кафын адӕмы ‘хсӕнмӕ рахизын. Хуыцъейы клубы цы коллектив уыд, уыдоны ‘хсӕн уыдысты мӕ хистӕр хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ, уыдон мӕ бафтыдтой сценӕйы куыстыл, аивады фӕндагыл».

Ӕвзонгӕй бауарзта Ӕхсар зард ӕмӕ кафты аивад хъӕууон ӕмӕ районон клубты. Куысты активон хайад иста алы хатт дӕр. Аивадон къухдариуӕггӕнджытӕ Дзатиаты Таймураз ӕмӕ Пӕррӕстаты Остин  сӕхӕдӕг уыдысты кафт ӕмӕ зарды зӕрингуырдтӕ. Таймураз Хуыцъейы ӕмӕ Дзауы кафты аивад бӕрзонд къӕпхӕнмӕ систа канд областы нӕ, фæлæ Тбилисы дӕр цӕстӕвӕрӕн уыдысты. Хӕдзарӕн егъау нысаниуӕг ис, Дзаттиаты Уакка, йӕ кӕстӕр ӕфсымӕр – Таймураз, бирӕ тых бахардз кодтой Хуссар Иры кафты аивад бӕрзонд къӕпхӕнмӕ сисыны хъуыддаджы. Зӕгъӕн ис, аивады авдӕны Æхсары ауызта Таймураз, аныгъуылд сценӕйы куысты. Ууыл дзурӕг у уый дӕр, ӕмӕ 1967 азы скъола каст куы фӕцис, уӕд райдыдта кусын Хуыцъейы культурӕйы хӕдзары аивадон къухдариуӕггӕнӕгӕй.

Рӕстмӕ дзы йе уӕнгтӕ нӕма аивӕзта, афтӕмæй йæ акодтой ӕфсӕддон служ-бӕмӕ. Ӕнхъӕл уыд, мӕ аивадон фӕндагӕй фӕиппӕрд дӕн, зӕгъгӕ, фӕлӕ та ам дӕр йӕ тӕлфаг уӕнгтӕ сӕхицӕн ссардтой куыст. Зард ӕмӕ кафтыл ӕнувыд чи уыд, ӕртымбыл кодта ахӕмты, слӕууыд сын разамонӕгӕй ӕмӕ та ам дӕр цӕстӕвӕрӕн фӕцис йе ‘фсӕддон къухдариуӕггӕнджыты цӕсты, ӕгӕрыстӕмӕй сӕ фæцайдагъ кодта ирон кӕфтытыл дӕр. Æхсар йе ‘фсӕддон хӕс ахицӕн кодта 1970  азы. Уырдыгӕй ӕрыздӕхгӕйӕ, ахуырмӕ бацыд Цхинвалы музыкалон ахуыргӕнӕндонмӕ. Ацахуыр дзы кодта 2 азы, стӕй йӕ ахуыр адарддӕр кодта Мӕскуыйы театралон институты. Хуыдтой йӕ М. Щепкины номыл чысыл театр. Уӕрӕсейы сӕйраг горӕт ног базыртӕ  басагъта ӕрыгон хӕххон лӕппуйӕн. Æхсар ӕнӕхъӕнӕй аныгъуылд театралон аивады уылӕнты.

Æхсар ам дӕр фӕцахуыр кодта дыууӕ азы, стӕй ӕрыздӕхт йӕ Ирыстонмӕ ӕмӕ райдыдта кусын нӕ театры актерӕй. Зӕрдылдаринаг аз у уый Æхсарӕн, уӕдӕй сбаста йӕ хъысмӕт театримӕ, сценӕимӕ – йӕ аходӕн, йӕ сихор, йе ‘хсӕвӕр уыдысты, репертуары цы спектакльтæ уыд, уыдон, уӕд байгом сты ӕвзонг лӕппуйӕн театры дуӕрттӕ.

Ӕрвылбон куыстимӕ Æхсарӕй уӕддӕр рох  нӕ  уыд  дарддӕр  сахуыр  кӕныны хъуыддаг. Актерӕн йӕ тырнындзинӕдты бӕрзонд къӕпхӕнтӕй иу у режиссеры куыст. Мӕскуыйы дӕр ӕмӕ ирон сценӕйыл дӕр Æхсар бамбӕрста, режиссер актертӕн ӕмӕ сценӕйӕн сӕ мад кӕй у, уый цъиуджын каркау, иууыл сӕ уӕлхъус кӕй лӕууы.

Балӕууыд та Уанеты лӕппу ногӕй Мӕскуыйы. Ныр та йӕ ных сарӕзта Мӕскуыйы культурӕйы паддзахадон институты режиссурӕйы факультетмӕ.

Хъӕууон лӕппуйы, ӕвӕццӕгӕн, йӕ хӕдзары уавӕртӕ  нӕ амыдтой, ӕндӕра цӕмӕн равзӕрста фӕсаууонмӕ хайад. Æхсар уымӕ нӕ каст, цы домдтой студентӕй сценӕйы домӕнтӕ, фӕлгӕндзты миддуне рафӕлгъауынӕй, комедион ӕмӕ трагедион цаутӕ бамбарын – уыдон ӕфтыдысты йӕ къухы ӕмӕ дзы райгонд уыдысты йӕ разамонджытӕ.

Фӕцис каст йӕ режиссерон факультет хорз бӕрӕггӕнӕнтимӕ 1979 азы. Ныр уӕхскуӕзӕй бавнӕлдта театры ӕвӕрӕнтӕм, сценӕйы вазыгджын къуымтӕм, режиссеры куырыхон хъуыдытӕ рафӕлгъауынмӕ. Уӕдӕй фӕстӕмӕ ӕндӕр цӕстӕй акаст, куыд национ, афтӕ ӕндӕр адӕмты драматургимӕ дӕр. Рох дзы нӕ уыдысты зынгӕ актерты хъазт ӕмӕ змӕлд. Уыдӕттӕ та йын фадат радтой, цӕмӕй адӕмы размӕ рахастаид куыд комедион, афтӕ трагедион рольтӕ дӕр.

Нӕ театры сценӕйыл бирӕ цæрдхъом фӕлгӕнцтӕ сарӕзта Æхсар, раджы ссард-та фӕндаг театрдзауты зӕрдӕмӕ, бирӕ сты,  сценӕмӕ йӕм зæрдиагæй чи каст ӕмӕ фӕкӕсы, уыцы адӕм. Цӕстӕвӕрӕн фӕцис куыд Хуссары сценӕмӕкӕсджыты-театрдзауты, афтӕ Цӕгат Иры театрдзауты цӕсты дӕр. Цыбырдзырдӕй, комеди ӕмӕ юмор райгуырдысты йемӕ ӕмӕ канд йӕхи нӕ, хъӕлдзӕгдзинадмӕ аздахынц кӕуыл амбӕлы, сценӕмӕ йӕм чи фæкӕсы, уыдоны дӕр.

Актеры рацӕугӕ фӕндӕгтӕн кӕддӕрты аргъ ӕрцӕуы. Аргъгӕнӕг та вӕййынц, культурон фронтӕн разамынд чи дӕтты, уыдон, сӕйраджы сӕйраг та – сценӕмӕкӕсджытӕ, театралон критиктӕ.

Ахӕм рӕстӕджы сӕ фыццаг домӕн вӕййы: цал ролы ахъазыд, дыккаг та – ӕмӕ сӕ куыд ахъазыд, цахӕм уыд йӕ арӕхстдзинад. Уый йӕ раны куы вӕййы, уӕд уыцы актер нырма ӕрлӕууы сгуыхт актеры къӕсӕрыл, стӕй та бахизы адӕмон артисты дуарыл.

Уыцы тырнындзинӕдтӕ йӕ туджы сты Æхсарӕн, дзӕвгар сты йӕ саразгӕ фӕлгӕнцтӕ. Уыдон канд ирӕттӕ не сты, уынӕм дзы ӕндӕр ӕмӕ ӕндӕр нациты минӕвӕртты дӕр.

Уадз нӕ адӕм зоной,  Æхсары ӕнӕрынцой зӕрдӕйæ цæуаг аивад нæ, цас адӕмимӕ  базонгӕ  кодта сценӕйыл, куыд сын рафӕлгъуыдта сӕ удты алыгъуызон миниуджыты. Уыдон та сты: Гаци (Саулохты М. «Усгур»), Чипъа (Жажиты А. «Ӕхсӕрыл сыфтӕр нал хӕцы»), Локо (Гӕджиты Г. «Нӕ усгур алыгъд»), Дзиу (Плиты Г. «Чермен»), Буцӕ (Брытъиаты Ел. «Дыууӕ хойы»), Данзан (Уанеты Вл. «Аланты Ус-паддзах Зӕринӕ»), Уӕфти (Брытъиаты З. ӕмӕ Саламты Къ. «Дыууӕ чындзӕхсӕвы»), Эльбрус (Хуыгаты Г. «Фыййауы нымӕт»), Инал (Гуыцмӕзты М. «Чи дӕ»), Болат ( Гуыцмӕзты М. «Хӕхты дидинӕг»), Бӕтти (Хуыгаты Г. «Сӕтти ӕмӕ Бӕтти»), Мытыл (Хаситы В. «Расыг-гӕнджытӕ»), Илуш (Айларты А. «Робинзонтӕ»), Хӕмӕт ( Нартыхты Гр. «Ӕз  президент куы уаин»), Мысост (Айларты А. «Кӕмдӕр ирон лӕппутӕ зарынц»),  Аслан  ( Зӕгъойты Р. «Мӕ мады скъӕфт»), Сымси (Гаглойты Вл. «Сухтаг фыдсылтӕ») Фыййау (Хетӕгкаты Къ. «Фатимӕ»), Гæгкæл (Б.Гамрекели, Г.Нахуцришвили «Фӕныкгуыз»), Аппалон (Р. Эристави «Мӕрдты чындзӕхсӕв»), Малькольм (В.Шекспир «Макбет»), Паж (Шиллер «Дон Карлос»), Августин (Шеридан «Дуэнья»), Бруно (Дж.Верга «Сыл бирӕгъ») , ӕмӕ ӕнд.

Цы сарӕзта, цы йын бантыст рӕгъмӕ рахӕссын, уыдон та йӕ адӕмы, театрдзауты цӕсты систой бӕрзонд. Ӕргомӕй йӕ зӕгъӕм – Æхсары удысконды сӕйраг сты комедион рольтӕ. Сылгоймæгтæ – Цоциты Нинæ, нæлгоймæгтæй – Гӕбӕраты Дауыт ӕмӕ Æхсар цы пьесӕты хъазыдысты,   уырдӕм адӕм ивылдысты знӕт донау. Ӕмӕ йӕ раст банысан кодтой: «Ванеев Х.Д.- актер яркого комедийного дарования,  обладает большим сценическим обаянием и заразительностью. Созданные им образы отличаются четким рисунком, выразительностью и темпераментом». (Йе сфæлдыстадон характеристикæйæ).

   Ӕрмӕст Хуссар Ирыстоны нӕ, Æхсарыл сӕ цӕст ӕрӕвӕрдтой Цӕгат Иры театрдзаутӕ дӕр. Иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ ралӕууыд Тӕбӕхсауты Балойы номыл ака-демион театры сценӕйы.

Тынг бахъардта сӕ зӕрдӕтӕм Æхсары архайд, йӕ арӕхстдзинад, сценӕйы къуымты змӕлд Хъӕрӕсе-Черкесты театрдзаутӕн дӕр. 2007 азы сӕ президенты уынаффӕмӕ гӕсгӕ  Æхсарӕн лӕвӕрд ӕрцыд сӕ Республикӕйы сгуыхт артисты ном.

  «Лӕг фыдӕбонӕн райгуырд», – зӕгъы нӕ фыдӕлты ӕмбисонд.

  «Куыст цардӕн – фӕрӕз»,- уый та нын Къоста загъта. Куыст ӕмӕ фыдӕбӕттӕй цух нӕу Æхсар, ӕппары сӕм йӕхи, уымӕн ӕмӕ уыны – йӕ фыдӕбӕттӕн ис аргъгӕнджытӕ. Фыццаг аргъгӕнджытӕ сты театрдзаутӕ-сценӕмӕкӕсджытӕ, дыккӕгтӕ та сты Республикӕты раза-монджытӕ.

Æхсар сӕ рӕвдыд цух нæу. 2006 азы йын лӕвӕрд ӕрцыд Республикӕ Хуссар Ирыстоны Адӕмон артисты ном. Культурон фронты уымӕй егъаудӕр хорзӕх нӕй. Уыцы хорзӕх та рӕсугъд цӕстыты тыххӕй нӕ дӕттынц. Дӕттынц ӕй рæсугъд бакӕнгӕ  хъуыддӕгты тыххӕй. Уыдон та дзӕвгар сты Æхсары царды. Афтӕ куынӕ уаид, уӕд дзӕвгар азты фӕд-фӕдыл нæ фӕистаид утӕппӕт Кады гӕххӕттытӕ.

Ракӕнӕм дзы цалдӕры кой: 1976 азы йӕ схорзӕхджын кодта Гуырдзыстоны ССР культурӕйы министрад, 2001 азы та – Аланты конгресс, РХИ 10 юбилейы рӕстӕджы – нӕ хицауад , цыппар хатты та хорзӕхджын ӕрцыд Цӕгат Ирыстоны Автономон ССР-йы къухдариуӕгады ‘рдыгӕй.

Афтӕ у, дӕ гутоны фӕд дардмӕ куы зына, уӕд ӕй адӕм уынынц ӕмӕ сӕ уырны, ам ӕнӕмӕнг хъӕздыг тыллӕг кӕй ӕрзайдзӕн.

Æхсаримӕ иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ цыдис ныхас нӕ театр ӕмӕ йӕ рацӕугӕ  фӕндӕгтыл. Театр – йӕ хӕдзар, сценӕ – йӕ мад. Уый Æхсарӕй рох никуы уыд, фӕлӕ мад йӕ хъӕбултӕн къӕбӕр раттынхъом куы нӕ уа, уӕд уыцы мад мӕгуыр у. Уыдис рӕстӕг, ӕмӕ Æхсары хъуыдытӕ йӕ зӕнӕджы тыххӕй ӕндӕргъуызон уыдысты. Ӕмӕ йыл худӕн дӕр нӕй, фӕлӕ цард йӕ бон калы, фӕндаг та зын фӕивӕн у. Театралон фӕндӕгтыл цӕугӕйӕ, цы зындзинӕдтӕ бавзӕрста, уыдон зӕрдыл даргӕйӕ, афтӕ зӕгъы: «Мӕн нӕ фӕнды, цӕмӕй мӕ фырттӕ суыдаиккой актертӕ. Мӕ дӕргъвӕтин куысты рӕстӕджы ӕз бирӕ  зындзинӕдтӕ бавзӕрстон. Иуӕй – цъус мыздыл кусын, иннӕмӕй – куысты уавӕрты уӕлӕнгайдзинад, къухдариуӕгады ӕнӕрастдзинӕдты ӕмӕ ӕндӕр хабӕртты тыххӕй мӕ сывӕллӕтты ахӕм уавӕрты фенын мӕн нӕ бафӕндыд. Фӕлӕ мӕ фӕндты сӕрты ахызт мӕ фырт Эдуард, уый дӕр равзӕрста актеры дӕсныйад, каст фӕцис Дзæуджыхъæуы Университеты театралон факультет ӕмӕ абон кусы нӕ театры. Йӕ равзӕрст фӕндагӕй абон буц дӕн ӕз дӕр. Фӕсмойнагӕй дзы ницы ис».

Æхсар канд Къостайы номыл паддзахадон театры зиууон нӕу, егъау у йе змӕлды хай алыхуызон фестивальтӕ ӕмӕ адӕмон театрты куысты дӕр. Ныр цалдӕр азы йӕ бӕрны ис Цхинвалы районы адӕмон театр. Цы рахӕссынц рӕгъмӕ, уый сын вӕййы гъӕдджын ӕмӕ нуар-джын, сценӕмӕкӕсджытӕ райгондӕй баззайынц. Æхсар рӕхсы иу стыр хъуыддаг – режиссеры куыстмӕ, ӕмбары драматургийы ад.

Æхсар ӕвӕллайгӕйӕ у куысты. Театры йæ сæйраг куысты ӕмрӕнхъ йӕ куыст уӕхскуӕзӕй кӕны Цхин-валы адӕмон театры дӕр. Йӕ репертуары цы пьесӕтӕ ис, уыдон бӕстон фӕлыстгондӕй хаст цӕуынц адӕмы размӕ. Ӕвдисынц сӕ канд Цхинвалы районы хъӕуты нӕ, фӕлӕ ма иннӕ районты хъӕуты дӕр, стӕй уӕд нӕ сахар Цхинвалы дӕр. Адӕм, нӕ театрдзаутӕ сыл алы хатт дӕр ӕмбӕлынц стыр разӕнгардӕй, зӕрдиаг къухӕмдзӕгъдимӕ.

Театр у царды айдӕн. Уый дӕр нӕу рох Æхсарӕй. Сценӕ уарзы фых, хӕрзгъӕд, нуарджын куыст. Кӕддӕриддӕр ууыл хъары йӕ уд Уанейы фырт дӕр.

Дзӕнӕты бадӕт Цоциты Къӕдзӕх. Уый афтæ зæгъы Æхсарӕй. «Æхсары сфӕлдыстадмӕ куы ‘ркӕсӕм, йӕ актерон дӕсныйадӕн ын анализ куы скӕнӕм, уӕд ын рахонӕн ис рог жанры характерон актер лирикон миниуджытимӕ. Ацы фӕндагыл актер аразы йӕ фӕлгӕнцты, бацӕуы се ‘муд, се ‘мбуар, батайы сӕ, йӕхи сӕ бакӕны, ӕмӕ йыл уӕд театрдзаутӕ дӕр феууӕндынц».

Æхсар ис йе сфӕлдыстады тӕмӕны, йӕ хосгӕрсты фӕтӕны ӕмӕ йын нæ зӕрдӕ зӕгъы, нӕ ног театры сценӕйыл ногӕй цы айваза йӕ фӕлтӕрд уӕнгты, дарддӕр дӕр нӕ зӕрдӕрыст адӕмы зӕрдӕтӕм хуры тынтӕ бауадзын йӕ бон цы бауа.

Де ‘нус дзӕбӕхӕй батон, Æхсар, бирӕ цы Ирыстоны уарзыс, уый дӕ  фӕндиаг уӕд! Дӕхӕдӕг та – Ирыстоны фӕндиаг!

ПЛИТЫ Гацыр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.