Театры 90 азы бонмӕ

Ӕбуалгъы хӕст уыд, 1941-1945 азты ду-нейы адӕмтӕ кӕй  федтой, уый.

Ир  хуымӕтӕг цӕстӕй  нӕ акаст  ацы хӕстмӕ. Бамбӕрстой, немыцаг фашизм карз ӕмӕ налат кӕй у, кӕй йын хъӕуы  рӕстӕгыл  йӕ дӕндаг  асӕттын. Советон  дзыллӕимӕ иумӕ Ир дӕр райста йӕ гӕрзтӕ, сӕ къухы  та  сфӕйлыдта фыдӕл-ты  тохы  тырыса, цӕхӕртӕ  та акалдтой йӕ фыстытӕ: «Кӕнӕ – сӕрибар, кӕнӕ -мӕлӕт». Нӕ сӕ уыдысты рох Къостайы  ныхӕстӕ дӕр:

«Цӕнӕйфӕлтау, сӕрибар адӕм,

  Цагъарӕй  туг калӕм знагӕн,

 Фӕлтау  нын амӕлӕт хуыздӕр».

Иры  сахъгуырд  фӕсивӕд  сидты  гӕххӕтмӕ дӕр нал ӕнхъӕлмӕ кастысты, ивылдысты хӕсты  быдырмӕ бархийӕ. Цы  лӕгдзинӕдтӕ  ӕвдыстой нӕ сагсур лӕппутӕ, уыдӕттӕ тагъд ахъӕр сты ӕппӕт  хӕцӕг фронттыл. Петр Павленко фыста: «Дзырд ирон Фыдыбӕстӕйон хӕсты ӕппӕт фронтты дӕр дзурынц буцӕй, уымӕн ӕмӕ ирӕттӕ сӕхи равдыстой  хъӕбатыр  ӕмӕ ӕнувыд  хӕстонтӕй».

Стыр куыст кодтой фысджытӕ, нӕ театртӕ, рынчындӕттӕ, ахуырадон уагдӕттӕ. Се ‘ппӕтмӕ дӕр уыдис иу хъуыды – хӕцӕг ӕфсадӕн баххуыс кӕнын.

Нӕ интеллигенцийӕ дзӕвгар аивылд хӕсты быдырмӕ. Тынг ныкъуылымпы театрты, нӕ фысджыты цӕдисты, ӕмткӕй – нӕ культурон фронты  куыст.

Нал уыдысты  йӕ авналӕнтӕ,  йӕ бар нӕ театрӕн дӕр,  нырма  уал уый, ӕмӕ  хӕсты быдырмӕ аивылдысты  йӕ зиууӕттӕй бирӕтӕ – Магкӕты Алихан, Цхуырбаты Ясон, Тедеты Андрей, Тедеты Владимир, Алыгкаты Хаджи-Мурат, Хаситы Алыксандр, Гӕззаты  Степан, Мӕргъиты Сослан ӕмӕ ӕнд.

Уыдонæй ма сæ уарзон театрыл сӕм-бӕлдысты: Гӕззаты Степан, Мӕргъиты Сослан  ӕмӕ Тедеты Владимир.

Дзырд  дӕр ыл нӕй, нӕ театр дӕр уӕззау  уавӕры  кӕй бахауд, фӕлӕ, уымӕ  нӕ кӕсгӕйӕ, ӕппӕт  йӕ тыхтӕ  радта уымӕ, цӕмӕй тыхст, рыстзӕрдӕ адӕмы  зӕрдӕтӕм рухсы  цъыртт  уадзой.

Уыцы зын уавӕрты  сӕ   бахъуыд  Дзӕуджыхъӕуы  театралон  коллективы райсыны сӕр. Иры цӕгатварсы уавӕр та уыд ахӕм: «Немыц ӕрбаввахс  сты Дзӕуджыхъӕумӕ. Адӕм уынгты  райдыдтой акъоппытӕ къахын. Уынгты алы тигъыл дӕр арӕзтой  дзоттӕ, бамбӕрзтой  ӕмбӕхсӕн  бынӕттӕ. Театры артисттӕ  къахтой  уӕрмытӕ танкты ныхмӕ».

Знаг ӕрбаввахс, знаджы хӕдтӕхджытӕ  сарӕх сты. Ӕмӕ уӕд: «По приказу  Владикавказского  Комитета Обороны театр  с последним эшелоном  был эвакуирован  в Юго-Осетинскую автономную область, в город Сталинир» (Т.Кариаева, Литвиненко Северо-Осетинский драматический  театр, Орджоникидзе 1960 г. стр.82).

Фысымтӕ  сыл  кӕд зӕрдӕрайӕ сӕмбӕлдысты, уӕддӕр  сӕ куысты  уавӕртӕ  къуындӕг ӕмӕ тыхст  уыдысты. Сӕхӕдӕг  ӕй фыстой, зӕгъгӕ, театры бӕстыхай къаннӕг уыд,  архайдтой, куыстой  дзы иу  рӕстӕджы  цыппар  коллективы

Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Хуссар  Иры театрдзаутӕ стыр  цымыдисимӕ  кастысты  Цæгат Ирыстоны театры спектаклтӕм, райгонд уыдысты сӕ  актертӕй, уӕд базонгӕ  сты Тӕбӕхсæуты Бало, Цӕлыккаты  Маирбег, Цырыхаты Петр, Баллаты Володя ӕмӕ ӕндӕр номдзыд актертимӕ.

«Фыд лӕг, фыдбон ӕмӕ фыдгӕнӕгӕн цӕрӕнбон даргъ нӕ вӕййы». Знаг йӕ бӕрзӕй  асаста  Сталинграды фронты, лидзинаг фӕци Владикавказы  зӕххӕй. Цӕгаты  театр  дӕр  21 январы  1943  азы  аздӕхт сӕхимӕ – Владикавказмӕ.

Нӕ  ныхасы  сӕр, сӕйраджыдӕр, у нӕ театрыл, цы уавӕры бахауд Фыдыбӕстӕйон  хӕсты азты, куыд  бафӕрӕзта  уыцы зын азтӕн  ӕмӕ цытӕ  бацис йӕ бон зӕрдӕрыст адӕм  ӕмӕ цӕф хӕстонтӕн тых ӕмӕ ныфс радтыны хъуыддаджы, ууыл.

Зӕгъын уал хъӕуы уый, ӕмӕ  театр йӕ тыхы кӕй бацыд хӕсты агъоммӕ. Ленинградӕй ӕрыздӕхтысты, ахуырмӕ кӕй арвыстой, уыцы  фыццаг  фӕлтӕр. Уыдон  та уыдысты: Гаглойты Зинӕ ӕмӕ Варя, Гӕззаты Степан, Жажиты Андрей, Багаты Федыр, Дзидздзойты Лидӕ, Таугазты Гаврил, Тедеты Андрей ӕмӕ Владимир, Къӕбулты Гришӕ, Хъайырты Владимир, Магкоты Наташӕ, Мӕргъиты Сослан, Мӕхъиты Владимир, Плиты Александрӕ, Сланты Григол, Цӕбиты Варя  ӕмӕ  Залихан, Цоциты Нинӕ, Саулохты Мухтар.

Ацы фӕлтӕры ӕрцыдмӕ театры фидар цӕджындзтӕ  уыдысты: Дзаттиаты  Сона, Дзӕхаты Дзӕбидыр, Уырысты Муссӕ, Туаты Зураб, Лохты Къоста, Гугкаты Сашӕ, Хетӕгкаты  Володя, Кокойты Тӕтӕрхъан, Цӕбиты Нинӕ, Кавказаг, Гуыбиаты Георги, Еналдыты Дауыт, Мамиты Димитр, Бекъойты Алекси, Джиоты Володя, Хуыбылты Георги, Магкӕты Алихан, Хъуылымбегты Георги, Плиты Грис, Дзаттиаты Соскъо.

Дыууӕ уӕйыг  коллективы  стыр тыхтимӕ бавнӕлдтой  театры репертуар  рафидауын кӕнынмӕ. Сӕ къух сын арӕзтой  зынгӕ режиссертӕ: Хетӕгкаты Володя, Кокойты Тӕтӕрхъан  ӕмӕ Мургулия Виктор.

Фондз азы дӕргъы  кӕй ӕвдыстой, уыцы  пьесӕты  нымӕц  хӕццӕ  кодта  кӕмдӕр 25-мæ. Ирон пьесӕтӕй  дзы уыд: «Нарты Батрадз», «Фыййӕуты уӕтӕр», «Усгур», «Хӕхтӕ сдзырдтой», «Партизантӕ», «Бега», (драматург – Саулохты Мухтар), «Пӕсӕйы фӕндон» (драматург – Туаты Дауыт), «Хӕстон бӕгъатыр» (драматург – Магкӕты Алихан) «Исахъ» (драматург – Кавказаг), «Ӕлгъыст» (драматург – Хъуысаты Дм.). Тӕлмацгонд пьесӕтӕ: «Графы идӕдз» (Кладиашвили), «Тӕрккъӕвда», «Хъӕд», «Ӕнæаххосджынӕй – аххосджын» (А.Островский), «Отелло» (В.Шекспир), «Дыууӕ хицауы лӕггадгӕнӕг»  (К.Гольдони), «Павел Греков» (Б.Вайтехов и Л.Ленч), «Хӕйрӕджыты цин» (Квасницкий),  «Тимур ӕмӕ йӕ командӕ» (А.Гайдар), «Профессор Мамлюк» (Ф.Вольф), «Уарзт ӕмӕ мӕнгарддзинад» (Ф.Шиллер), «Уырыссаг адӕм», «Ӕнхъӕлмӕ мӕм кӕс» (К.Симонов), «Куырд», «Хъайтар» (В.Тэн), «Уыдон схъомыл кодта Райгуырӕн бӕстӕ» (В.Витрищак), «Капитан Бахметов» (Ӕфс. Тур ӕмӕ Шейнин) ӕмӕ ӕндӕртӕ.

Ранымадгонд пьесӕтӕ дзурӕг сты, Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты азты нӕ театры репертуар дӕр хъуаг кӕй уыд,  хӕсты уӕззау ӕмӕ тухиаджы бонтӕ, стӕй уӕд, хӕсты быдыры лӕгдзинад ӕмӕ хъӕбатырдзинӕдтӕ цы фӕлтӕр ӕвдыс-той, уыдӕттӕ  ӕвдисӕг  пьесӕтӕй.

Спектаклтӕ сфӕлындзыны хъуыддаджы арфӕйаг уыд  сӕ куыст нывгӕнджытӕ: Зассеты А., Дзассохты Ш., Гӕздӕнты  Ц., Тугъанты  М., Кокойты В. ӕмӕ ӕнд.

Актертӕй хӕсты уӕззау  бонты  сценӕ  чи нӕ ныууагъта, ӕххормаг, уазал хӕдзары  тыхстдзинӕдтӕ иуварс чи ӕвӕрдта, афтӕмӕй  йӕ адӕмыл  чи хъуыды кодта, уыдон стыр адӕймагдзинад равдыстой, уыдон адӕмӕн уыдысты ныфс ӕмӕ тыхдӕттӕг, зӕрдӕрыст  адӕймӕгтӕн  та – сӕ зӕрдӕтӕм  рухсы  цъыртт  уадзӕг.

Се ʻппӕтыл  ӕрдзурыны  фадат  абоны  бон  къух  нал амоны, нӕ баззад  фаг ӕмӕ хъӕуӕг ӕрмӕг, уӕдыккӕттӕй та гас ничиуал ис. Къухы цы ис, уыдон та рӕгъмӕ  хӕссинаг сты, нӕ театр йӕ райгуырды 90 азыл куы дзура, уӕд нӕй,  Стыр Фыдыбӕстӕйон  хӕсты  азты, знаджы фӕсчъылдым ӕххормаг, бӕгънӕг, ӕнӕ рухсӕй  адӕмы хсӕнмӕ рухсы ӕхсидав  чи хаста дзыллӕйӕн ныфсытӕ чи æвӕрдта, знаджы цӕсгом чи ӕвдыста, уыцы  фӕлтӕры иувӕрсты ахизӕн. Хъайырты Владимиры, Сафа, Мамиты Димитры Нарты Батрадзæй сценæмæкæсæг иста æхцондзинад.

Театрдзаутӕн  уарзон ӕмӕ ныфсы  лӕг уыд  Цхуырбаты Борис. Ир уал ӕй базыдтой диссаджы фӕндырдзӕгъдӕгӕй, театры бирӕ  хӕрзгъӕд ролтӕ  сарӕзта, фӕлӕ йын дзы Гаци йедтӕмӕ йӕ ном ничи байста (Саулохты Мухтары «Усгур»). Ӕрдхӕрӕйнаг фӕци Мукарайы ролы хъазгӕйӕ.

Хуры фӕзындау уыд  адӕмӕн  Цоциты Нинӕйы  рахызт  сценӕмӕ. Нинӕйӕн дӕр йӕ ном байста Мысырхан (Туаты Д. «Пӕсӕйы фӕндон»), хӕсты бонты  хъазгӕйӕ, Нинӕ бафӕрӕзта театрдзауты бахъӕлдзӕг кӕнын, сӕ ныфсыл  сын  ныфс  бафтауын.

Уӕздан, хӕдӕфсарм ӕмӕ ныфсы лӕгӕй зыдтой адӕм Таугазты Гаврилы, нуарджын ӕмӕ  арӕхстджын уыд йӕ хъазт. Кӕуылты уыд Мухтары (Уырыймӕгты  Е. «Сӕниат») ӕмӕ  Габейы (Туаты Д. «Сидзӕргӕс») рольты  куы хъазыд, уӕд.

Гаглойты Варяйæн стыр аргъ скодтой  сценӕмӕкӕсджытӕ, куы йӕ федтой Зориан (Туаты Д. «Сидзӕргӕс») ӕмӕ Варварӕйы (А.Островский «Тӕрккъӕвда») ролты  хъазгӕ, уӕд.

Кӕуылты уыд сӕ хъазт, сӕ архайд  Пӕррӕстаты  Димитрӕн – Цолайы ролы куы хъазыд, уӕд (Туаты Д. «Пӕсӕйы фӕндон») Багаты Федырӕн  Хадзыйы ролы куы хъазыд, уӕд (Саулохты М. «Усгур») Гӕззаты Степанӕн – Яго (Шекспир – «Отелло») ӕмӕ Мӕличчы (Саулохты М. «Нарты Батрадз») ролты куы хъазыд, уӕд.

Цӕбиты Залиханы тыххӕй  та зӕгъын  хъӕуы уый, ӕмӕ 1941 азы нысан ӕрцыд театры  аивадон къухдариуӕггӕнӕгӕй, гъеуӕд фӕци йӕ ахуыр Ленинграды театралон  институты. Уыд Гуырдзыстоны Республикӕйы сгуыхт артист. Ацы бынаты фӕкуыста 1946 азмӕ. Ацы азты канд аивадон къухдариуӕггӕнӕг нӕ уыд, кодта  режиссеры  куыст дӕр. Ӕниу, куыд актер, афтӕ дӕр курдиатджынӕй равдыста  йӕхи. Райгондӕй  дзы баззадысты  сценӕмӕкӕсджытӕ, куы йӕ федтой хъазгӕ Ныфс (Брытъиаты Ел. «Амыран»), Косер (Саулохты М. «Нарты Батрадз»), Катеринӕ (А.Островский «Тӕрхуард») ӕмӕ ӕндӕр ролты, уӕд.

Залиханы ном ма  ныхъхъӕр уымӕй  дӕр – диссаджы  хъӕлӕсы хицау уыд, ирон  хъайтарон зарджытӕ уый хуызӕн ничи ӕххӕст кодта.

Адӕм  зӕрдиагӕй ӕмдзӕгъд кодтой Цӕбиты Варяйӕн дӕр, куы йӕ федтой хъазгӕ Сатана (Саулохты М. «Нарты Батрадз») ӕмӕ Пӕсӕйы (Туаты Д. «Пӕсӕйы  фӕндон»)  ролты, уӕд.

Кӕуылты уыд се змӕлд, сӕ архайд  Къӕбысты  Гришӕ, Гаглойты  Зинӕ, Дзӕхаты Дзӕбидыр, Туаты Зураб, Мӕргъиты  Сослан, Медойты Заретӕ, Джелдыты Андрей ӕмӕ ӕндӕр актертӕн. Ӕппӕт уыдӕттӕ дзурӕг сты, театр змӕлыд, куыста бӕстæйы ӕмӕ адӕмы сӕрвӕлтау. Бирӕ  хӕстӕ ӕвӕрдта  йӕ разы уыцы  уӕззау  бонты.

Фиппаинаг: Цы актерты кой ракодтон, уыдоны хъазт ӕмӕ архайд, стӕй сӕ  саразгӕ фӕлгӕндзтӕ хауынц хӕсты рӕстӕгмӕ. Хӕсты агъоммӕ ӕмӕ йӕ фӕстӕйы  рӕстӕгыл ам дзырд нӕ цӕуы.

Нӕ театр  канд колхозонты  рӕвдауӕг  нӕ уыд, Цхинвалы цы эвакуацион  госпиталтӕ фӕзынд, уыцы цӕф – ӕфсӕддонтӕн канд спектаклтӕ не ‘вдыстой, лӕвӕрдтой сын алыгъуызон концерттӕ, рынчын салдӕтты ирхӕфстой алыгъуызон  мадзӕлттӕй. Нӕ театры коллектив цыдысты ӕфсӕддон хӕйттӕм дӕр, уагътой  сын алыгъуызон  литературон изӕртӕ, кафтзарды руаджы, сӕ ныфсыл сын ӕфтыдтой ныфс.

Областы къухдариуӕгад, культурӕйы  хайад, театры дирекци – ӕппӕт дӕр арӕзтой театрӕн, цӕмӕй  ма фӕцуда, йӕ куыст кӕна.

Театры актертимӕ ӕнӕзӕрдӕхудт куыст кодтой хӕсты азты нӕ режиссертӕ (Хетӕгкаты В., Кокойты Т., Бекъойты А., Магкӕты А., Цӕбиты З., Къӕбысты Гр., Кавказаг), ирон кафты дӕснытӕ (Хетӕгкаты В., Гӕбӕраты Г., Тъотъоты Я.), музыкӕйæ ифтонггӕнджытӕ (Галаты Б., Цхуырбаты Б., Хаханты Д.), зарӕггӕнджытӕ (Плиты Г., Джыгкайты А., Мамиты Д., Чилӕхсаты П., Цӕбиты З.).

Кӕронбӕттӕны зӕгъын хъӕуы, нӕ театр йӕ  фӕзындӕй абонмӕ (1931  азӕй)  кӕны  ӕвӕллайгӕ рухсадон куыст. Колхозон арӕзтадӕй абонмӕ, хорздзинӕдты ӕмрӕнхъ нӕ театр бирӕ дудгӕбӕттӕ  федта, фӕлӕ сын  сӕттын, цудын  нӕ бакуымдта. 1937 азты  ӕбуалгъы митӕ, 1941-1945 азты  туджы лӕсӕнтӕ, 50 азты  цард «сыгъдӕггӕнджытӕ», 1989-1992 ӕмӕ  2008  азты ирон  адӕмы геноцид  стыр зиан, стыр знаггад ракодтой  нӕ театрӕн. Кӕд-иу  фӕцудыдта, уӕддӕр  фӕлдӕхын  никуы бакуымдта. Йӕ историмӕ йын куы акӕсӕм, уӕд ӕй  фидарӕй схонӕн ис авдудон, алы фӕлтӕры та – лӕджыгъӕдӕй ӕххӕст адӕм.

Ир ӕмӕ театры коллектив сӕрыстыр  сты, театр нын кӕй ис, уымӕй. Бузныг Мӕскуыйӕн, Республикӕ Хуссар Ирыстоны разамындӕн, нӕ гыццыл Ирыстонӕн ахӕм театр  чи сарӕзта.

Бирӕ фӕлтӕртӕ раивта нӕ театр, Дзаттиаты Сонайӕ райдайгӕйӕ, ног  фӕлтӕр та хъомыл кӕны нӕ университеты дӕр.

Ир, сӕрбӕрзонд ут кӕддӕриддӕр. Нымӕцӕй цъус стӕм, фӕлӕ нын истори  егъау ис. Егъау у нӕ театралон аивады истори дӕр. Йе ‘нусы къӕсӕрыл лӕууы ӕмӕ дзы буц ӕмӕ райгонд стӕм. 90 азы лӕггӕдтӕ  цъус не сты ӕмӕ сӕ иуӕй зонын хъӕуы, аннӕмӕй та – аргъ кӕнын.

Нӕртон адӕмы театр, цӕр нын фӕрнӕй!

Республикӕйы къухдариуӕгад – президент Бибылты Анатолийы сæргълæудæй ӕппӕт хъарутӕй дӕр архайынц ууыл, цӕмӕй нӕ театры 90 азы бӕрӕгбон  ауадзой  ӕмбӕлон ӕмвӕзадыл. Ууыл кусынц  нӕ театры стыр коллектив  дӕр.

Фарн  ӕмӕ амонд  ӕрхӕссӕд ацы бӕрӕгбон нӕ зӕрдӕрыст  адӕмӕн, театрӕн та йӕ тых  ныллӕг  макуы уӕд.

                                         Плиты  Гацыр,

Хетӕгкаты  Къостайы

                                    номыл паддзахадон премийы лауреат

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.