ТЕННИС

Токиойы Олимпиадæйы Ирыстоны минæвæрттæй дыккагæн бантыст майдан рамбулын. Æвзист майданы хицау ссис теннисист Хъæрæцаты Аслан. Уый уæрæсейаг спортсменкæ Елена Веснинаимæ архайдта æмхæццæ къæйтты ‘хсæн ерысты. Финалы сæ ныхмæлæууджытæ уыдысты иннæ уæрæсейаг теннисисттæ Анастасия Павлюченкова æмæ Андрей Рублев. Фембæлд фæцис 6:3, 6:7, 13:11 Павлюченкова æмæ Рублевы пайдайæн.

Ерысты фæстæ йæ хъуыдытæ загъта Хъæрæцаты Аслан: «Мæнæн тынг æхсызгон у Олимпион хъæзтыты Ленæимæ кæй хъазыдтæн, уый. Финалы нын нæ рауад куыд æмбæлы, афтæ ахъазын, кæцы мын уыд тынг хъыг. Фæлæ мах рамбылдтам æвзист майдантæ. Ивгъуыд аз пандемийы аххосæй Олимпиадæ уагъд кæй не ‘рцыд, уыцы хъуыддаг мын баххуыс. Уыцы рæстæджы райдыдтон рейтингон очоктæ æмбырд кæнын. Æмæ куыд фæстагмæ  алцы дæр рауад хорз».

ДЗЮДО

Спорт

Бронзæ майдан та рамбылдта дзюдоисткæ Таймæзты Мадинæ. Уый ма фæстæдæр та архайдта командон ерысты. Уæрæсейы командæйæн хорз фадат уыд бронзæ майдан рамбулынæн. Фæлæ Израилы командæимæ фембæлды фæхæрд 4:1 хыгъдæй. Уæрæсейæгты сконды рамбылдта æрмæстдæр Таймæзты Мадинæ.

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ Мадинæ ерысты цы фидар удыхъæд æмæ уæлахизмæ тырнындзинад равдыста, уый фæстиуæгæн Японы ссис тынг популярон. Бынæттон спортуарзджытæ йæ базонынц æмæ йемæ къамтæ фæисынц.

ФУТБОЛ

Национ футболон къорды 4-æм туры Дзæуджыхъæуы «Алани» уазæгуаты хъазыд Красноярскы «Енисей»-имæ. Ацы хъазты дæр та активонæй архайдтой æмæ пурти фылдæр сæхимæ дардтой алайнæгтæ. Ныр сын бантыст уыцы хъуыддагæй хуыздæр спайда кæнын æмæ рамбылдтой 3:0 хыгъдæй. Фыццаг пурти бакъуырдта Хуыбылты Владимир. Фæстæдæр расгуыхт Хæбæлаты Алан. Æмæ æртыккаг пурти та бакъуырдта  Гуырцъыты Батраз.

Радон туры 8-æм августы «Алани» Грознæйы стадионы фысымиуæг кæндзæн (стадион сын кæй нæй, уый аххосæй уым уадзы йæ хæдзарон фембæлдтытæ) Краснодары «Кубань»-æн.

 

ХУРИТЫ Батрадз

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.