Хуссар Ирыстоны дунеон агентад «Спутник»-ы пресс – центры æрæджы  нæ бæстæйы Сæйраг санитарон дохтыр Коцты Маринæ куыд радзырдта, уымæ гæсгæ æмбæстæгты фæдзæхсы, цæмæй  ма тыгуыртæ кæной æхсæнадон бынæтты æмæ маскæтæ дарой. Уымæй уæлдай ма стыр хъусдард здæхт хъуамæ цæуа æппынæдзух дезинфекцион мадзæлттæм.

Пресс-конференцийы рæстæджы ма уый куыд фехъусын кодта, уымæ гæсгæ цалынмæ нæ республикæйы территорийыл эпидемиологон уавæр ма æрнывыл уа, уæдмæ æппæт культурон-дзыллон мадзæлттæ ма уадзынæн ис рекомендацион характер.

Уагдæттæм хауæг фарстыл дзырд куы цæуа, уæд низ парахат кæныны ныхмæ мадзæлтты фæдыл бæрндзинад хæссынц сæ къухдариуæггæнджытæ – хъахъхъæд хъуамæ цæуой социалон дистанци æмæ æндæр санитарон нормæтæ. Хуссар Ирыстоны махæн уыцы фадæттæ нæй æмæ алы уагдоны дæр цæстдарæгæй сæвæрæм адæймаджы, кæцы йæ хъус дардзæн, санитарон нормæтæ куыд æххæст цæуынц, уымæ.

Уыйхыгъд махæй алчидæр хъуамæ æмбара уыцы мадзæлтты ахсджиагдзинад, уымæн æмæ дзырд цæуы адæмы цард æмæ æнæниздзинад бахъахъхъæныныл. Уыцы уæззау фæндагыл рацыдыстæм 2020 азы æмæ йæ æхсæнад хъуамæ æмбара, цæмæн хъæуы маскæ, дезинфекци æмæ тыгуыртæй ма лæууын.

Коцты Маринæйы ныхæстæм гæсгæ йæ дæлбаруæвæг уагдон ивгъуыд аз цы рекомендацитæ бакодта, уыдон ныртæккæйы уавæрты дæр сты домындзинæдтæ. Æмæ уыцы домындзинæдтæ æххæст куынæ цæуой, уæд рейдон мадзæлттæ уадзыны рæстæджы сæрмагонд уынаффæты руаджы цæудзысты ивар.

“Алы адæймаг дæр йæхæдæг хъуамæ зона æмæ æмбара, бирæ адæммæ хæстæг балæууа æви нæ. Ныртæккæ ахæм рæстæг у, æмæ хъуамæ нæхиуыл фæхæцæм ахæм мадзæлттæм цæуынæй.

Зианы кæндтыл дзырд куы цæуа, уæд зианджын бинонтæ хъуамæ æмбарой бæстæйы эпидемиологон уавæр æмæ дардыл ма æрхоной, фæлæ æввахс хиуæттимæ се ‘гъдау скæной. Уымæн æмæ тынг бирæ дæнцæгтæ æрхæссæн ис, чындзæхсæв, науæд зианы кæнды фæстæ рынчынты нымæц бæрæг кæй фæфылдæр вæййы», – банысан кодта Коцты Маринæ.

Спутникы уазæг, Стъараполы емы-нæйы ныхмæ зонад-иртасæн институты специализацигонд эпидемийы ныхмæ бригадæйы сæргълæууæг Дмитри Ефременко куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ Хуссар Ирыстоны эпидемиологон уавæр æрнывыл уыдзæн фæззæгмæ, кæд æмæ æмбæстæгтæ æдасдзинад æмæ профилактикæйы ма-дзæлттæ хынцой, уæд.

Йæ ныхæстæм гæсгæ Стъараполы институт йæ хъус дары æппæт Хуссар æмæ Цæгат – Кавказы федералон зылды эпидемиологон уавæрмæ. Сæ хъус дарынц хæларадон республикæтæ – Абхаз æмæ Хуссар Ирыстоны уавæрмæ, уымæн æмæ коронавирусы ног индиаг штамм фæзынд æмæ вирусы тыхтæ фæдывæр сты.

Уый дæнцæгæн æрхаста Мæскуыйы, зæгъгæ, арæнгæрон мадзæлттæ хынцгæйæ уым бирæбæрцæй фæкъаддæр сты коронавирус парахат кæ-ныны темптæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ, уый йæ хъус дардта ацы горæты уавæрмæ.

«Уым рынчынты нымæц цырд темптæй рæзт, фæлæ бæрæг мадзæлтты фæстиуæгæн, ныртæккæ регионты æхсæн Мæскуыйы хынцыд цæуы, рынчынты нымæц кæй къаддæр кæны, уый.

Æмæ цæмæй Хуссар Ирыстонæн дæр ахæм фæстиуджытæ бафта йæ къухты, уый тыххæй коронавирусæй хи бахизын æмæ санитарон мадзæлттæ алы бынæтты дæр хъуамæ хъахъхъæд цæуой», – банысан кодта уый.

Дмитри Ефременко куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ Хуссар Ирыстоны инфекцион низы уавæр Цæгат-Кавказы федералон зылды æндæр субъекттæм абаргæйæ у æмхуызон.

Ивгъуыд аз Хуссар Ирыстоны октябрь-ноябры уавæримæ ныртæккæйы уавæр куы абарæм, уæд ныртæккæ рынчынты нымæц бæрæг къаддæр у. Æмæ нæ ныфс ис, низы авналæнтæ кæй нæ фæфылдæр уыдзысты. Уый та бирæбæрцæй баст у, цæр-джытæ низы ныхмæ мадзæлттæ куыд æххæст кæндзысты, ууыл.

«Ныртæккæ нæ разы ис дыууæ фæндаджы – кæнæ не ‘ппæт дæр хъуамæ фæрынчын уæм æмæ нын низы ныхмæ иммунитет фæзына æмæ дыккаг та – вакцинæ саразын», – баны-сан кодта уæрæсейаг уазæг.

Хуссар Ирыстоны Сæйраг санитарон дохтыр дæр рахæцыд республикæйы арæнгонд мадзæлттæ фæкарздæр кæныны фарс. Уымæн æмæ ивгъуыд аз æхгæд уыдысты бирæ объектты æмрæнхъ цардуагон объекттæ дæр. Фæлæ, зæгъгæ, хуыздæр уаид, æмæ æмбæстæгтæ зондджын ахаст куы равдисиккой ацы æгъатыр низы ныхмæ фæлæууынмæ, цæмæй санитарон службæты карздæр мадзæлттæ райсын ма бахъæуа.

Къæбулты Марина

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.