Амонд, дам, нæ уыд æмæ – æнамонддзинад баххуыс кодта… Уый æмбисонд зæгъы афтæ. Æмбисæндтæ та, закъæттау, искæмæй сфысгæ æмæ хи пайдайæн рацараз-бацаразгæнгæ не сты. Нæ дæр сын, Конституцийау, раив-баивгæнæн ис – цард сæ йæхæдæг куыд ныффидар кодта, ахæм уагæй лæууынц æмæ лæудзысты, цалынмæ се сфæлдисæг цард йæхæдæг уа, уæдмæ…

Æнамонддзинадæн йæ ном йæ уæлæ ис, æнамонддзинад у… Адæймагæн хъысмæт йæ ныхыл цы ныффысса, уымæй дардмæ лидзæн нæй – дæхи дзы нæ бахиздзынæ, хъаст никæуыл бадæтдзынæ… Афтæ, адæмæн иумæйаг чи свæййы, ахæм æнамонддзинад дæр: зæхх йæ риссæгтæн нал бабыхста æмæ нынкъуыст, мит фыдуард ныккодта æмæ зæй раскъуыд, къæвдаты, æгæр тæвд бонты аххосæй дон раивылд æмæ афтæ дарддæр… Æрдз фесафы адæмы, фæлæ сæ фæлдисгæ дæр йæхæдæг скодта æмæ йыл кæмæ хъаст кæныс?..

Фæлæ адæмæн стыр æнамонддзинад исчи кæнæ исчитæ сæхи пайдайæн куы ‘рхæссынц, ома, амонд кæмæн нæ вæййы, уый йæ адæмы æнамонддзинадæй ссарынмæ куы æрхъавы, уæлдай риссаг уый вæййы… Кæд коронавирус æцæгæй фæзынд, уæд нырмæ кæм уыд, кæд искæй кæнæ искæйты æххуысæй нæ фæзынд уæд?!. Кæд нæй, афтæмæй дзы тæрсын кæнынц адæмы, уæд та – ноджы фыддæр!.. Ис æви нæй, уæддæр адæймаджы мары йæ тасы рыст æмæ йæ моралон чъизидзинадæй…

Акæсут-ма, дунейы бирæ бæстæты бодзтæ куыд «катайаг» фесты æмæ куыд «хъизæмар» кæнынц адæмы мæтæй, куыд «зæрдиагæй» тох кæнынц вирусы ныхмæ… Æцæг сæ ис адæймагады мæт? Хæрæджы дымæг!

Уыдоны адæмы мæт куы уаид, уæд Сирийы мæгуыр адæмы сывæллæтты мингæйттæй, сæдæгæйттæй цы террористтæ цæгъдынц, уыдоны хæцæнгарзæй нæ ифтонг кæниккой, милуангай адæймæгтæн сæ цард не скъуыниккой, сыдæй сæ нæ мариккой…

Кæд бынтон гæды ныхас у ацы æнæхайыры коронавирус, уæддæр кæйдæрты пайдайæн у, кæд æцæг ис, уæддæр – афтæ…

Фæлæ дзы уæддæр (ис æви – нæй) мах хуызæн бынысæфт ничи фæцис… Нæма нæм фæзынд, ничи ма дзы фæрынчын, афтæмæй!.. Табу Хуыцауæн, никæуыл ма бахæцыд, ничи ма дзы амард, фæлæ цы хъауджыдæр у… Адæймаг низæй куы амæла, уæд цы – фервæздзæн йæ уæлион царды хъизæмарæй, хæрам адæмы мæнгдзинад æмæ æнæрастдзинадæй. Фæлæ адæймаг, уæлдайдæр ирон лæг моралон æгъдауæй рисса æмæ мæла, уый у уæлион дунейы иууыл стырдæр мардæрцыд…

Нæ раздæры цардарæзтад куы ныппырх, ног цардарæзтад уыдзæн æви нæ уыдзæн, стæй цахæм уыдзæн, цæимæ хæргæ уыдзæн – уыдæттæн зонгæ дæр куы ницыма кодтам, уыцы рæстæджы ихы сæрыл аззайæг адæмæй йæхи тыхтæй царды амæлттæ кæнын фыццаг чи райдыдта, иу ахæм адæймагæн Буроны, раздæр таможни æви арæн кæм уыд, уыцы ран чидæр машинæйæ иу милуан æмæ æрдæг фелвæста. Æртæ азы бæрц уазал фæндæгтыл рахау-бахау кæнгæйæ æмæ æгъуыссæг æхсæвтæ æрвитгæйæ цы бакуыста, уыдон ын иу уысммæ æрбатары сты… Ацу æмæ сæ агур! Астæумæ цъыфы, адæм сæ фырзнæт æмæ тыхстæй кæрæдзи хурхы сæртæм бавналынæввонг кæм сты, ахæм ран… Æмæ, мæ сывæллæтты фыдбылызтæ мын ахæссæд, зæгъгæ, йæ къух сыл ауыгъта æмæ та афтид, гаффут бынаты райдыдта ногæй царды фæндтæ кæнын. Къуыримæ дзы рох дæр фæцис, цы стыр фыд ыл æрцыд уый. Стæй… Иу дæс азы размæ уыдаид – хæдзарæй йын чидæр 200 мин сомы ахаста æмæ лæг адæймагæн нал сбæззыд… Йæхимæ ныхъуыста, царды ад нал æнкъары, ницыуал æй хъæуы, ницыуал æй æндавы, адæмы хъæр æм нал хъуысы. Иу хатт мæхи нал баурæдтон æмæ йæ бафарстон:

– Кæддæр дæ иу милуан æмæ æрдæг куы фесæфт æмæ сыл иу къуыримæ дæ къух куы ауыгътай, уæд ныр 200 мин сомы тыххæй дæхи цæмæн хæрыс æмæ æргæвдыс?..

Æмæ мын радта ахæм дзуапп:

– Фылдæр æхца мæ фесæфт ахæм ран, цы ран сæ, гæнæн ис æмæ китайаг дæр фелвæстаид. Цъусдæр æхца та фесæфтысты мæ хæдзары, мæ хæдзармæ та китайаг ницы хуызы бахаудаид. Мæн уый нæ мары, æхца мæ кæй фесæфт, мæн уый мары, мæ хиуæттæй, кæуыл æууæндын, уыдонæй чидæр ме знаг кæй у…

Цæмæн та æрæфтыдтон ацы дардыл ныхас?..

Уымæн æмæ дзырд цы проблемæйыл цæуы, уыимæ хæрз æнгæс у. Кæмдæр, æцæгæлон чидæр йæ бизнесы кæнæ политикон карьерæйы пайдайæн низ апарахат кæна æви ма уа, афтæмæй йæ æрымыса, уымæй бирæ риссагдæр у, дæ хион, дæ туг де стæгыл кæй нымайыс, уый дын де намонддзинадæй куы пайда кæна, уымæ кæсын. Æнамонддзинад адæмы, нацийы хъуамæ æнгомдæр кæна, дих кæныны бæсты. Махмæ та, гуырдзы нæм куы ‘рбабырсынц, уæд разыны иудзинад, знаджы агресси нæм вæййы нымад æрмæстдæр иумиаг, национ æнамонддзинадыл. Стæй та фæкæс æмæ…

Интернеты ирон, чъребайаг сылгоймаг ныффыста, уыцы вирус, дам, ам, махмæ искæуыл куы фæзына, уæд, дам, æй уайтагъд фехсдзыстæм…

Туг ныл куыд ныууарыд!.. Æмæ, знаджы дæр Хуыцау фыдбылызæй бахизæд, фæлæ уыцы сылгоймагæн йæхиуыл, кæнæ йæ ахсджиæгтæй искæуыл куы разына, уæддæр цымæ афтæ зæгъид?!. Æрмæст уыцы иунæг факт дæр фаг у афтæ зæгъынæн: мах хуызæн никæй фесæфта ацы æнæхайыры коронавирус!..

Ис ахæм адæмтæ, кæцытæн фыдæлтæй баззад æрмæстдæр цæрыны, удæгас уæвыны монц. Нæй сæм национ æмбарынад – удæгас уæд, уазалы ма сийæд æмæ йын æххормаг ма уæд, уый йедтæмæ национ менталитеттæ-йедтæ сæ хъуыдыйы кæрон дæр не сты… Махмæ та афтæ нæ уыд æмæ хъуамæ ма уаид афтæ. Мах армыдзаг йедтæмæ не стæм – кæрæдзи зонæм, кæрæдзимæ куывдтæм, чындзæхсæвтæм цæуæм, кæрæдзийы рыстыл риссæм… Ирон лæг цыфæнды æнамонддзинады рæстæджы дæр йæхи уд фервæзын кæныныл нæ хъуыды кодта, фæлæ йæ адæмы, йæ фыдыбæстæйы хъысмæтыл. Махмæ цавæрдæр дидтой вирусæн йæ сыгъдыйы «корона» нæма æрбазынд, афтæмæй, чысыл ма бахъæуа, кæрæдзийы хурхы сæртæм дæндагæй бавналæм. Йæ иу кæрон Хуыцаумæ куы скувай, уæд дын йæ иннæ кæрон «оммен» кæм зæгъой, уыцы армытъæпæныйас Чъребайы куыд ис уый гæнæн æмæ уартæ афæдзы размæ кæй æрластай уæймæ, уыцы æртæ сомы аргъ маскæ дæ сыхаг кæнæ дæ зонгæйæн фæндзай сомы скæнай, знон дæр ма асламмæ цы хостæ уæй кодтай, уыдоны абон æртæ-цыппар хатты фæзынаргъдæр кæнай?!. Рæстæг цæуы, алцы дæр ивы. Рæзынц æргътæ дæр. Махмæ нæхи фармацевтон фабрикæтæ нæй, хостæ дæр кæцæйдæр ласæм. Цыфæнды товармæ дæр хъуамæ бафтауай, цы аргъæй йæ балхæдтай, уымæй фылдæр аргъ, уæдæ куыд… Фæлæ раджы кæй балхæдтай, æлхæнæджы фыдæй дын тæрхджытыл чи лæзæрд, ахæм хостæ æмæ маскæты та цæмæ гæсгæ хъуамæ райдайай туджы аргъмæ уæй кæнын? Уымæн æмæ йæ зоныс, тыхст адæймаг дын цыфæнды аргъæй дæр балхæндзæн дæ товар. Ома, адæм пайда кæнынц, адæмæн иумæйаг чи хъуамæ уаид, уыцы æнамонддзинадæй!

Æмæ стæй дæ риу хой æмæ хъæр кæн, ирон кæй дæ, уый тыххæй. Æмæ афтæмæй кув Хуыцаумæ, Джеры дзуармæ ссу æмæ йын, хъæбысыдзаг цырæгътæ ссудзгæйæ, дæхи æмæ дæ бинонты фæдзæхс!..

Дзæуджыхъæуы базæрттæ æмæ магазинтæ алы диссагæй куыд дурнад уыдысты, афтæ дурнад сты фæстæмæ. Æмæ афтæ уыдзысты. Уæдæ ма цæмæн ныффидиссаг кодтам нæхи, цæуыл ма уыд нæ зыд æмæ хæлæфы сæр?.. Мысты мардыл дæр чи нал «аткъаз» кодта, цæхæрадæтты къуымты дæр тъыссæнтæ æмæ æвæрæнтæ чи кодта, уыдон цæуыл хъуыды кодтой æмæ кæнынц?.. Зæгъгæ, æцæгæй ахæм исты, уæд… магазинтæ æмæ базæртты цыдæриддæр ис, уыдон иууылдæр иуты хъуыры куы аирвæзой, уæд, стæй иннæтæ та цы фæуыдзысты, уыдон ма та цæмæй цæрдзысты?..

Цавæр вирус у, æнæхайыр фæуа йе ‘рымысæг!.. Цы нын бакуыста, куыд нæ фесæфта!.. Фыдæй фыртмæ нæ сæр бæрзæндты цы ирон уæздандзинадæй хастам, уый нын гречка æмæ макаронтæй цæмæн баивта?!.

Гæбæраты Юри

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.