«Мæ фыды фыд Манойæн (Иван) уыд авд сывæллоны. Уыцы авд сывæллонæй йын æртæ лæппу уыд Кумсионæй, фæлæ сылгоймаг цæрынхъуагæй аивгъуыдта йе ‘нусон бæстæмæ. Хъæууон хæдзар æнæ сылгоймагæй, стæй сывæллæттæ дæр фæкæсынхъуаг кæй уыдысты, уымæ гæсгæ  Мано йæхицæн цардæмбалæн æркодта рукъаг Къозонты Гыгыйы. Мано æмæ Гыгыйæн дæр Хуыцауы цæст бауарзта цыппар сывæллоны – æртæ лæппу æмæ иу чызг радтын.

Манойæн йæ фыццаг усæй дыууæ хистæр лæппуйы Артем æмæ Иосиф службæ кодтой паддзахы æфсады. Уыдон-иу уынджы куы рацæйцыдысты, уæд-иу сæм адæм кæсынтыл фесты, афтæ æгъдауджын æмæ зæрдæмæдзæугæ уыдысты. 1917 азы Октябры революци дæр сæ æрæййæфта ацы æфсады службæ кæнгæйæ, æмæ афтæмæй баиу сты революционертимæ æмæ активон хайад истой хæстон архайдтыты.

Уый фæстæ æрцыдысты Дзæуджыхъæумæ. 1920 азы гуырдзиаг меньшевиктæ Хуссар Ирыстонмæ куы æрбабырстой æмæ адæмы Цæгат Ирыстонмæ лидзыны сæр куы бахъуыд, уæд уыдон алыварсон æххуыс кодтой лигъдæттæн. Фæндæгтыл цы зындзинæдтыл æмбæлдысты, ууыл дзурын уæлдай у. Гуырдзиаг меньшевиктæ ницæуыл æлгъ кодтой, мардтой сылгоймæгты, фæнды сывæллæтты. Сыгътой ирон хъæуты, сæ фæллæйттæ сын ластой, афтæмæй. Гуырдзиаг меньшевикты чъизи, тугæйдзаг къухтæй нæ аирвæзтысты Дзауы районы Андис, Дзриа, Морго, Къодибын, Ногхъæу, Къуылыхтæ, Бузала æмæ æндæр хъæутæ дæр. Уыдоны дæр бакодтой зынджы хай. Фыццаг рады сыгътой, большевиктимæ баст чи уыдысты,  уыдоны хæдзæрттæ. Мæ нана Къозононæн уыд хуыйæн машинæ æмæ гуырдзиаг лæгхорты фыдмитæй лидзинаг куы фесты, уæд цæхæрадоны кæрон зæхх ракъахта æмæ йæ сыджыты бын бамбæхста, йæ уæлæ йын къалиутæ æркалдта, афтæмæй. Фæлæ йæ гуырдзиаг абырджытæ фæхатыдысты æмæ йын æй ахастой. Мано йæ сæрмæ бæргæ нæ хаста цæгатмæ лидзын, фæлæ йын æндæр гæнæн куынæуал уыд, ома се ‘ртæ сывæллоны (уæд сын æртæ сывæллоны йеддтæмæ нæма уыд, мæ фыд Илья уый фæстæ райгуырд) хъуыд гуырдзиг меньшевиктæй бахъахъхъæнын, уæд цыдæр муртæ сæ къухы айстой æмæ ацыдысты. Моргойы рагъмæ куы схæццæ сты, уæд Къозононæн йæ зæрдыл æрлæууыд йæ кæрчытæн холлаг кæй нæ ныккодта, уый, раздæхт фæстæмæ æмæ сын фаг холлаг ныккодта. Уый афтæ æнхъæлдта, цалдæр боны фæстæ куы æрæздæха, уæд æнæхъæнæй æрæййафдзæн йæ хæдзар æмæ йæ фæллæйтты, фæлæ…

Бæгъиатмæ куы бахæццæ сты, уæд хъæдмæ бахызтысты, цæмæй иу чысыл аулæфыдаиккой. Фæлæ æвиппайды цыма Манойы исчи ивгæ бакодта, уыйау йæ къæхтæ ныццавта, зæгъгæ, дам, æз нал цæуын Цæгат Ирмæ, фæстæмæ, зæгъ, мæ хæдзармæ здæхын. Хъуамæ, зæгъ, мæ хæдзар бахъахъхъæнон, фæлæ хъæумæ куы бацыд, уæд йæ хæдзар цъыбыртты сыгъдæй баййæфта, нал дæр дзы фос уыд, атардтой сæ гуырдзы. Фæстæмæ рацыд Рукъмæ æмæ йæ каистæм баззад. Меньшевикты куы фæсырдтой Ирыстоны зæххæй, уæд Къозонон дæр æрæздæхт йæ сывæллæттимæ, иу чысыл хатæн уал бацарæзтой æмæ уым цардысты.

Ирон хъæутæй сæ иумæ  меньшевиктæ куы бацыдысты, уæд дзы баййæфтой ацæргæ лæг æмæ усы, кæцытæн сæ бон не ссис алидзын. Басыгътой ацы хъæуы дæр хæдзæрттæ æмæ зæронд усæн та тыхми бакодтой. Уыимæ йын йæ зæронд лæгæй хынджылæг кодтой, зæгъгæ, дæ цæстытæ сæхгæн æмæ дын зын ма уа.

Гуырдзиаг меньшевикты ныхмæ хъæбатырæй бæргæ лæууыдысты ирон лæппутæ, уыцы нымæцы Дзриайы хъæуккаг Котолиты Къола дæр, фæлæ сæм нæ уыд хæцæнгæрзтæ. Кæд-иу гуырдзыйæ искæйы амардтой, уæд-иу ын йæ хæцæнгарз рахастой. 18-аздзыд Къола-иу йæ хæстон æмбæлттимæ гуырдзыйы ныхмæ хъæбатырæй  æрлæууыдысты, цæмæй-иу меньшевиктæ лигъдæтты ма баййæфтаиккой æмæ сæ фæндæгтыл ма фæцагъ-таиккой. Лæппутæн се ‘мбæхсæн бынат  уыд хъæды. Иу ахæмы тынг куы сæххормаг сты, уæд Къола йе ‘мбæлттæн афтæ зæгъы, зæгъгæ, махмæ хæдзары ссад ис æмæ нæхæдæг кæрдзын скæнæм. Æрцыдысты хъæумæ, хыссæ скодтой æмæ куыддæр кæрдзын пецы бавæрдтой, афтæ сæм, æддейæ чи хъахъхъæдта, уыцы лæппу фæхабар кодта, зæгъгæ, меньшевиктæ æрбацæуынц. Лæппутæ  кæрдзын пецы ныууагътой, сæхæдæг алыгъдысты æмæ бамбæхстысты Абанойы хъæды. Гуырдзиæгтæ кæрдзын пецы куы федтой, уæд ма сын æй цы базонын хъуыд хæдзары чидæр кæй уыд, уый. Уæд  сæм гуырдзиаг меньшевиктимæ чи уыд, иу ахæм гадзрахатæйрацæуæг (йæ ном ын нæ дзурын) хъæр кæнын райдыдта, зæгъгæ, рацæут æмæ уын хорз хабæрттæ радзурон. Æнæхин лæппутæ дæр ыл баууæндыдысты æмæ рахызтысты хъæдæй, фæлæ сыл уайтагъд тугдзых сырдтау атымбыл сты меньшевиктæ æмæ сæ æрцахстой. Ракодтой сæ Цхинвалмæ æмæ сæ бакодтой иу хæдзары ныккæнды. Мæ Нанайы ныхæстæм гæсгæ ма Котолиты Къолаимæ кæй æрцахстой, уыдонæй иу уыд Хъуылым-бегтæй, иннæ та – Куымæридтатæй, фæлæ цыппæрмы мыггаг нал хъуыды кæнын. Уый фæстæ 13 Коммунаримæ иумæ фехстой Котолиты Никъала (Къола) Дауыты фырты дæр. Уыдонимæ ма фехстой Моргойы хъæуккаг Джиоты Андрийы дæр.

Гуырдзиаг меньшевикты ныхмæ ма хæцыдысты Дзриайы хъæуккæгтæ, æфсымæртæ Котолиты Разден æмæ Гиго. Уыдон аирвæзтысты сæрæгасæй.  1970 азты Гигойæн йæ цæст тынг срыст. Йæ чызг Ануси цард Цхинвалы æмæ йæ æркодта цæстыты дохтыр Гæбæраты Тамарæмæ. Уый йæ куы басгæрста, уæд ын загъта, зæгъгæ, йын  йæ бон ницы бауыдзæн, фæлæ, зæгъ, æй акæн Тбилисмæ. Ануси дæр йæ фыды акодта Тбилисмæ, фæлæ йæ фæлтау куынæ акодтаид… Ацæргæ лæг æппæлæгау загъта, зæгъгæ мæм хорз æркæсут, æз, зæгъ, меньшевикты ныхмæ хæцыдтæн. Кæцæй зыдта нæлгоймаг, уыцы ныхæстæ йын цы расайдзысты, уый. Бавдæлдысты æмæ йын барæй йæ дзæбæх цæст систой. Нæлгоймагæн йæ рынчын цæсты рыст ноджы фæтынгдæр ис æмæ хъæр кодта. Уæд та йын уыдон йæ рынчын цæст дæр систой æмæ Ануси йæ фыды саугуырмæй æрбаласта Тбилисæй. Меньшевикты фæдонтæ 50 азы фæстæ дæр фыдзæрдæ хастой ирæттæм. Æниу афтæ уыд цæрæнбонты дæр æмæ абон дæр.

1920 азы Хуссар Ирыстоны тугæйдзаг цауты фæстæ та райдыдта Бургъустаны хæст, цыран иннæ ирон лæппутимæ хæцыдысты, уæлдæр уын кæй кой ракодтон, уыдон – мæ фыды æфсымæртæ Артем æмæ Иосиф æмæ мæ фыды фыды æфсымæры лæппу Никъала дæр. Иосиф уыд афицер. Уый ма иу цыд Дзриамæ дæр æркодта, тынг цæхæрцæст лæппу уыд. Æртæ дæр фæмард сты Бургъустаны хæсты. Æртæ дæр æвæстаг фесты.   

КОТОЛИТЫ  Циалæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.