Фæдзурынц, зæгъгæ, «цард мæнгард у», кæнæ «ардыгæй соммæ цы уыдзæнис, уый ничи зоны». Æмæ,  æцæгæйдæр, цард сбæлвырд кодта ацы ныхæсты рæстдзинад. Цал æмæ цал адæймаджы бахаудта царды уадтымыгъты, цас адæмæн фæзылд сæ цард цæхгæр æмæ сыл сæ хъысмæт куыд рахæтыд. Фæлæ уæддæр дæ ныфс макуы хъуамæ асæтта, дæхи макуы хъуамæ ауадзай. Дæ фæстаг тыхтæ дæр хъуамæ æрбамбырд кæнай æмæ лæгæрдай размæ дæ бæллицмæ, зындзинæдтæм нæ кæсгæйæ.

Йæ хъысмæт гадзрахатæй кæуыл рахæтыд, ахæм историтæ бирæ ис, чингуытæ дæр сыл тынг бирæ ныффыстой. Фæлæ æрæджы цы адæймаджы царды хабæрттæ фехъуыстон, уыдон мæ дисы бафтыдтой. Куыд? Дæ хæдзарæй лæппулæгæй рацу æмæ фæстæмæ ацæргæ лæгæй ныздæх. Йæ царды бирæ тухитæ чи бавзæрста, дзæвгар рæстæг рахау-бахауаг чи фæцис, фæлæ уæддæр 32 азы фæстæ йæ райгуырæн уæзæг чи ссардта, уый у Матулевич Дмитри Алексейы фырт.

 Матулевич Дмитри Алексейы фырт райгуырд 1970 азы Иркутскы областы горæт Ангарскы. 18 азы йыл куы сæххæст, уæд æм æрсидтысты Советон Æфсады рæнхъытæм. Службæ кодта Амуры областы, фæлæ йæ стæй рарвыстой æндæр æфсæддон хаймæ, кæцы уыдис Гуырдзыстоны территорийыл. 1990 азы йæ баслужбæ кæныны рæстæг æрхæццæ ис, фæлæ уæдмæ Советон Цæдис дæр ныппырх æмæ бæстæ схæццæ. Матулевичæн йæ паспорт æмæ йæ æфсæддон билет уыцы хæццæ дуджы фесæфтысты, Гуырдзыстон ссис хицæн паддзахад æмæ ма райдыдта мидбæстон хæст дæр. Уыцы цауты фæстиуæгæн æрыгон æфсæддонæн нал бантыст йæ райгуырæн бæстæмæ аздæхын. Ӕцæгæлон бæстæйы баззад æмæ схъеллауаг ис, ничи йын уыд æххуысгæнæг æмæ бирæ азты дæргъы куыста маамæлайы къæбæрыл.

Суанг 2004 азы онг уыд Гуырдзыстоны территорийыл, стæй кæйдæры æххуысæй æрбаирвæзт Хуссар Ирыстонмæ. Стыр ныфс æй уыдис, зæгъгæ, Ручъы цы уæрæсейаг арæнхъахъхъæнджытæ лæууынц, уыдонмæ куы бахатон, уæд мын куыд нæ баххуыс кæндзысты. Фæлæ тыхст адæймаджы лæгъстæ ам ницæмæ æрдардтой, цалдæр къуырийы дæргъы сæм фæцыд, ныфсытæ йын февæрдтой æмæ йын аразгæ та ницы скодтой. Баззад та цардæфхæрд адæймаг дзæгъæлæй.

2004 азæй 2010 азмæ цард Рукъы хъæуы æмæ хъæуы цæрджытæн æххуыс кодта сæ хъæууонхæдзарон куыстытæ кæныны. Бынæттон цæрджытæ та йæ æххормаг нæ уагътой, цæрæнуатæй дæр уыд ифтонг. 2008 азы хæстон архæйдтыты фæстиуæгæн та дзы ныфс бацыд, ома, ныр уæддæр аирвæздзынæн Уæрæсемæ. Фенхъæлмæ та каст æххуысмæ, фæлæ та йæ ничи ницæмæ æрдардта. 2010 азы æрцыд Цхинвалмæ æмæ бахатыд уæрæсейаг консуладмæ. Радзырдта сын йæ уæззау царды хабæрттæ, загъта сын, кæй йын нæй паспорт æмæ бирæ азты дæргъы кæй ис æцæгæлон адæмы ‘хсæн. Кæд æмæ ам сæ комкоммæ хæс у ахæм æмбæстæгтæн æххуыс кæнын, уæддæр ацы мæгуыр лæджы ныхæстæ никуыдæм фехъуыстысты, ницы та йын баххуыс кодтой æмæ ныфссастæй раздæхт.

2010 азы ахауд Дзауы районы Ерманы хъæумæ Басаты бинонтæм æмæ уæдæй фæстæмæ цард уым. Уым кодта хъæууон куыстытæ, æххуыс кодта бынæттон цæрæгæн – карста хос, зылдис фосмæ. Матулевичы ныхæстæм гæсгæ йыл ам бамбæлдысты уæрæсейаг арæнхъахъхъæнджытæ, ракодта сын йæ мæгуыры хъæстытæ æмæ йын уыдон фæстæдæр ссардтой йæ хиуæтты.

«Арæнхъахъхъæнджыты фæрцы мæ хъуыддаг йæ бынатæй феггуырст. Уыдон мæ адзурын кодтой мæ  мадимæ æмæ кæдæй-уæдæй уал азы дæргъы мæ хиуæттæй бæрæг базыдтон. Хъыгагæн, ме ‘фсымæры удæгасæй нал фендзынæн. Мæ мад мын мæ хъæлæс куы фехъуыста, уæд мæ фыццаг уымæй афарста, – нæ фæрынчын дæ, зæгъгæ. Рæстæгæн фæстæмæ раздахæн куы уаид, уæд мæ цард, кæй зæгъын æй хъæуы, æндæргъуызон ацæуид. Ныр та мын æрмæстдæр ис иу бæллиц, – тагъддæр фенон мæ хиуæтты», – зæгъы Дмитри.

Ӕрæджы Матулевич Дмитри бахатыд бæстæйы Президент Бибылты Анатолимæ, цæмæй йын радта Хуссар Ирыстоны æмбæстаджы паспорт. Бибылты Анатоли, Республикæ Хуссар Ирыстоны Конституцийы 50 статьяйы 37 пункты бындурыл сæххæст кодта Матулевич Дмитрийы куырдиат, ома, 10 азæй фылдæр нæ территорийыл адæймаг куы цæра, уæд закъонмæ гæсгæ бар ис æмæ суа хуссарирыстойнаг æмбæстаг.

14 ноябры Дзауы районы мидхъуыдæгты управленийы бæстыхайы Матулевич Дмитрийæн цытджын æгъдауæй лæвæрд æрцыд Хуссар Ирыстоны æмбæстаджы паспорт. Ардæм æрæмбырд сты нæ республикæйы дзыллон информацийы фæрæзты минæвæрттæ æмæ ма нæм фæуазæг сты уæрæсейаг фыццаг каналы журналисттæ дæр. Уыдон ма ацыдысты Ерманы хъæумæ дæр, цæмæй бынаты сæхи цæстæй феной, кæм æмæ цахæм уавæрты цард уал азы дæргъы Дмитри, уый. Æввахс рæстæджы Матулевичы царды хабæрттæ равдисдзысты зынгæ уæрæсейаг журналист Александр Гордоны ток-шоу «Мужское и Женское»-йы.

Джиоты Александр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.