Куыд диссаг у, æвæдза, хатт нæ фыдæлты истори æндæр адæмты историйы  ирддæрæй цæмæн разыны, нæхи историимæ абаргæйæ? Чизоны, уымæн, нæ фыдæлтæ цæугæ цард кæй кодтой… Цæугæ цард чи кæны, уыдон та сæ фæд искæй бæстæйы æндæр адæмты ‘хсæн ныууадзынц. Иу диссаджы чиныг бакастæн, æмæ дзы разынди цымыдисаг хабæрттæ скифты æмæ сæрмæтты царды тыххæй, «Тайны империи Чингисхана», зæгъгæ. Йæ автор у Иоанн Горненский. Кæд дзы алцæуыл фидарæй æууæндæн нæй, уæддæр махæн хъуамæ уой рæгъмæ рахæссыны, ахъуыдыйы аккаг.

Чизоны, æвзæр нæ уаид Чингисханы архайдмæ бынтон æндæр цæстæнгасæй æркæсын, кæцыдæр цаутæ æмæ хабæрттæн æндæргъуызон анализ скæнын. 

Монголтæн сæ фылдæр зæххытæ сты æдзæрæг. Чи сыл сæвæрдта ахæм бæлвырд ирон ном – Гоби (немой, глухонемой)?

Гобийы фæзтæ сты парахат, ахæццæ сты Китаймæ дæр.

Сæ бæрзæнд хæццæ кæны 1200 метры онг. 5000 азы раздæр ис фыст китайаг æвзагыл ахæм хабар. Гобийы зæххытæ раздæр хуындысты Шасай – уыцы рæстæджы æдзæрæг нæ уыдысты. Уыдис дзы цадтæ, сакъадахтæ, хъæдтæ æмæ дзы цардысты алыхуызон хуннаг адæмтæ.

Китайаг фыстытæм гæсгæ ам тынг раджы, уыцы рæстæгæй нымайгæйæ, æрцард цыдæр æнахуыр адæмыхатт. Уыцы нымадмæ гæсгæ уыдон æрцардысты ам 8000 азы размæ кæнæ ноджы раздæр.

Хуыдтой сæ Ди æмæ Динлинтæ. Сæ хуыз уыдис европейаг, сæ цæсгом – урс, фæлурс цæстытæ æмæ урсбын сæрыхъуынтæ. Ныхас цæуы сæ ариаг хуызыл. Иутæ амонынц, Астæуккаг Азийы адæмтæ се ‘ппæт дæр кæцæй равзæрдысты, ахæм бынат, дам, у. Нæ рæстæджы бæлццæттæ куыд зæгъынц, афтæмæй Баян-Цаган-Уулы хæххон фæзыл (3457 метры бæрзæндыл) абон дæр цæры бæрзонд адæмы-хатт, европейаг хуыз, урс цæсгом, даргъдзыккуджынтæ, фæлæ, дам, никæмæ цæуынц хæстæг.

Орхонскы цыртыл – китайагау фыст (арæзт æрцыд 732 азы ног эрæйы фæстæ) Хара-Баласагуне зæххыл амоны, зæгъгæ, хуссар змисзæххытæ, дам, сты динлинты райгуырæн бæстæ. Кæд, мыййаг, Хара-баласагуна амоны дыгурон æвзагыл Хæра-Бæласæгун. Æмæ кæд абоны дыгурæттæ рацыдысты Дитæй. Динлин та цы амоны ирон реликттæм гæсгæ? Дин-лин. Дин хæссынц иннæ адæмтæм. Скифтæ æмæ сæ сæрмæттæ схуыдтой бирæ фæстæдæр.

Их-Багд-Уулы хох нымад у табуйагыл. Йæ быны, дам, зæххы цыдæр адæмыхатт цæры. Сæ фенын, дам, у тынг зын. Хохы бын фæзтæ та хонынц Орог-Нура. О+рог+Нур+а. Æнцон цæрæн бынат – сæ мидис дыгуронау афтæ нæу?

Дон Легин-гол. Гол – дон у монгойлагау, фæлæ цы у Лег+ин? Кæнæ лæгæты ном Цаган-Аг-уй? Кæнæ 100 километрон лæгæт къухæй арæзт тъунелтимæ Агартхи. Агæртхи. Куыд ма йын ис бæлвырддæрæй зæгъæн: сæхæдæг æй акъæртт кодтой.

Æрхæссæм-ма цалдæр дæнцæджы. Æдзæрæг зæхх Макан (Ма+кæн). Денджызы былыл къæдзæхы ном Да-най-сань (Дæ-най-сæн). Ам уыдис наулæууæн бынат. Арæх дзы ис табуйаг хоты кой. Æрæджы райхъуысти ахæм хабар. Ссардтой, дам, цæгаты зæххы цыдæр сылгоймаджы муми æмæ, дам, бынæттон адæмæн тынг хъыг уыди йæ сурæт æмæ йæ хуыз бынтондæр уыдис европейаг конд. Фæлæ уæддæр фидарæй æрдомдтой, цæмæй йæ æрласой фæстæмæ Мæскуыйæ æмæ йæ йæ бынаты сывæрой, кæннод, дам, æрцæудзæн тынг стыр фыдбылызтæ. 

Дыууæ бæрзонд дуры сусæгдзинад абон дæр æргом нæу. Сæ ном у Менгир (Менг-ир). Кæй зæгъын æй хъæуы, ацы дуртæ амыдтой раст фæндаг ирæттæн, цæмæй ма фæдзæгъæл уой æдзæрæг змисджын зæххытыл. Æнæсгæрст лæгæты ном – Амаранта. Хохы ном Бага мацу Шань. Хъæддаг сæнæфсиры багатæй сæн скæнынмæ ма цу. Æвæццæгæн, тæссаг бынат уыди. Ам цы бынæтты кой цæуы, уыдоны алыварс ис обæуттæ, ныгæд дзы сты скифтæ æмæ сæрмæттæ.

 Сæ фыццагдæр дин хуындис Бон. Зæххы къорийæн разамынд дæтты арвы фырт Ирлег-хан. Се ‘ппæты тыхджындæр арвы тых хуыйны Тэнгри. Ам «Тэнг» цы амоны? Сæ бирæ хуы-цæуттæй иуы ном хуыйны Умай. Ацы хуыцау баст у сывæллонгуырды хъуыддæгтимæ. У ны-мад сылгоймæгты хуыцауыл, цæмæй сывæл-лæттæ фылдæр гуыра. Æмæ куыннæ фылдæр кæндзысты, Умай куы архайа, уæд? Монголтæ уыдысты муртаккаг (язычники) адæм, фæлæ сæ хицæуттæ ард хордтой хуыцауы ном Ирогæй. Бафиппаинаг ныхасæн зæгъæн ис, æмæ Абайты Никъалайы арæзт зонынадон диссаджы мадзалмæ гæсгæ (реликтология) муртаккаг арæзт у дыууæ хъуыдыйæ – мурты аккаг, ома, стыр хуыцау æмбарыны фаг зондахаст сæм нæма ис æмæ кувынц гыццыл хуыцæуттæм. Куыд уынæм, афтæмæй дзырд «муртаккаг» дард лæууы, «язычникæйы» цы мидис ис, уымæй. 

Хæрзмæ узæлæг зæдтыл нымад у Дзол дзаягачи.

Ис ма дзы дæлдæр лæууæг зæдтæ – онгон, изен, буран æмæ афтæ дарддæр. Ома, онг+он, и-зен, буран.

Адæймаджы уды конд сæм арæзт у афтæ: сулд – фыццаг, ами – дыккаг, санс – æртыккаг.

Барабан дамаруйæ сырдтой хæйрæджыты рынчыны буарæй. Куыд уынæм, афтæмæй зæгъæн ис – монгойлаг тыхтæ æмбырд кæныныл скифтæ æмæ сæрмæттæ кусын раджы райдыдтой.

Æмæ сæ кæй ныхмæ цæттæ кодтой? Цас сын радтой хæстон арæхстдзинад, уый истори равдыста. Монголты æрбабырсты фæстæ тугдзых Европæйы паддзахтæ ферох кодтой фæндаг мин азы æмбæрц хурскæсæны ‘рдæм. 300 сæдæ азы бæрц монголтæ скиф-аланты зондæй хъахъхъæдтой Уæрæсейы дæр уыцы лæбурджытæй. 

Кæд ас-алантæ архайдтой фылдæр иу лæджы арæхстдзинадæй, уæд монголтæ та сæвæрдтой æмгуыппæй архайд. Хæстон наукæйæ фæраздæр сты иу мин азы. Æмæ ахæм æфсады ныхмæ чи хъуамæ фæллæуыдаид.

Сæ хуыцауы æвæрд хæстæ сæххæст кæнынмæ тынг бацæттæ кодтой монгойлæгты æфсæдты нæ рагон фыдæлтæ. Фæлæ цæмæ уыдысты уæлдай мæсты Кавказы алантæм, цæмæ сфæнд кодтой сæ ныццæгъдын, сæ фесафын? Байхъусæм-ма нарты таурæгъты æмбæхст хабæрттæм.

Рагон фыдæлтæн скæнæг хуыцау радта уæлдай бирæ хъару, ныфс, зонд, æфсæйнаджы куыст æмæ сæ йæхимæ æрбахæстæг кодта – бацамыдта ма сын уæлæмхасæн царциаты диссæгтæ.

Алцæмæ цæттæ адæмы раз сæвæрдта иу хæс – бамбарын кæнын адæмтæн се ‘ппæтæн дæр, хуыцау кæй ис, уый, æмæ, иунæг кæй у, уый дæр.

Ацы хæс æххæст кæнгæйæ, се ‘хсæны цард æвæрд уыдис æртæ къахыл. Иутæ кодтой зæх-хы куыст, иннæтæ цæттæ уыдысты хæстмæ, аннæтæ та амыдтой зонд, къухдариуæг кодтой.

Бирæ сын бантыст. Ницы сæ урæдта сæ куысты:  нæ – денджызтæ, нæ – къæдзæхтæ.

Канд Китайы, Японы, дард Хурскæсæны нæ, фæлæ ма иннæ зæххытæм дæр ахæццæ сты. Китайæн йæ фылдæр хайы архайдтой динлинтæ. Ныууагътой дзы стыр фæдтæ. Кита-йæгтæн сæ иутæ сты тугæй динлинты байзæддæгтæ. Балтикæйы денджыз æнæхъуаджы нæ хуынди Скифты денджыз.

Ахæццæ ма сты Америкæмæ æмæ Африкæмæ дæр.

Америкæмæ сæ фæндаг уыдис Аляскæйыл. Аляскæ ирон реликттæм гæсгæ ис афтæ райхалæн – Ал+яс+кæ. Ирæтты уырыссæгтæ хуыдтой [b/] «яс»[/b]-тæ. «Ал»-та амоны ацæуын, ахæссын дарддæр дæ хæс, дæ хъуыддаг. «Кæ» та у ноджы бæлвырддæр – «кæн».

Цы дзы рауадис? Скифты æмæ сæрмæтты дарддæры æвнæлд. Аляскæмæ бахизæны рæзмæ бацæттæ кодтой æнцойы бынæттæ. Сæ иу уыдис Анадырь. Йæ карз уавæрты тыххæй йæ схуыдтой Æнад Ир.

Америкæйы цы фæдтæ ныууагътой, уый дæр тагъд сбæрæг уыдзæн реликтологийы фæрцы.

Цалынмæ монгойлаг ирæттæ ацы куыстытæ кодтой, уæдмæ Хъырымы скифтæ рох кæнын байдыдтой. Сæ хæс, сæ курдиат, æмæ сæ хæс-тон арæхстдзинад раздæхтой хæстон архайд-тытæм – куы иуты сæрыл, куы – иннæты сæрыл.

Чизоны, сæ къухдариуæггæнджытæ гæр-тæмттæ исын дæр райдыдтой, фæзындис сæм мулк æмæ сæ тыхтæ фæкъаддæр сты. Иуны-хасæй, III æнусы сæм готтæ ныббырстой, æмæ скифты паддзахад фесæфти.

Сæ фæстæ ма цы алантæ баззад, уыдон сабыргай сæ къæхтыл слæууыдысты æмæ  куы стыхджын сты, уæд æнæ разамонджытæй кодтой къордтæ æмæ цыдысты æххуырсты хæстонтæй.

Райдыдтой тугвæллойы куыст. Арæх дæр-иу хæцыдысты кæрæдзиимæ. Мыздыл хæцæгæн цы уæлдай у, кæй мара, уый. Кæй амарай, уымæн йæ хæцæнгæрзтæ – марæджы.

Мæнмæ афтæ кæсы, æмæ монгойлаг скиф-сæрмæттæ æмæ алантæ хорз зыдтой Причер-номорскы аланты уаг, æмæ сæ уæд сфæнд кодтой ныццæгъдын. Ирон фæрнджын фынг аззадис уыдонмæ дыууæ къахыл – зæххы куыст ма дзы чидæртæ кодта, фæлæ разамонæг, зондамонæг нал уыдис. Азæй-азмæ знæтæй знæтдæр кодтой.

Æмæ мæнæ абон уынæм уыцы аланты байзæддæгты.

Бирæтæ стыр бæрнон бынæтты бахауой куыстмæ кæнæ гыццыл бæрнон бынæтты: лæгæй, лæппуйæ, усæй, чызгæй кæнынц сæ ратонайы куыст, æфсарм æмæ æгъдау ивынц иу сомыл.

Джиджджойты Зауыр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.