Мыхуыр æмæ информацион комитетмæ фæхуыдтой Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министр Зæгъойты Эдуарды. Уый журналистты лæмбынæг базонгæ кодта 2021 азы Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæмæ цы 26 мадзалы хаст æрцыд, уыдонимæ. «Уыцы мадзæлттæн УФ-йы бюджетæй рахицæн æрцыд иу миллиард æмæ 350 милуан сомы. Объектты иу хай рахызт фаронæй. Уыдон нымæцы ис, республикон нысаниуæг кæмæн ис, уыцы Гуфта-Къуайсайы фæндаджы æртыккаг этапы арæзтад, Уанат-Цхинвалы донуадзæн, бирæфатерон хæдзæртты арæзтад Хъайтарты, Гуыбаты æфсымæрты æмæ Ирæтты уынгтыл. Афтæ ма Дзау æмæ Знауыры районты цы бирæуæладзыгон хæдзæрттæ рæзы, уыдон дæр. Ивгъуыд азы арæзтадтæй ма 2021 азмæ рахызт нæ горæты  3-æм скъолайы арæзтад дæр. Ацы аз бавналдзыстæм Леуахийы доны сæрты цы зæронд хид æвæрд ис, уый арæзтадмæ дæр. Къуайсайы горæты Ленины уынг дæр хæрзарæзт æрцæудзæн кæрæй-кæронмæ. Нæ горæты цы уынгтæ сырæзт, уыдоны номхыгъдмæ бахаудзæн ноджыдæр 7 уынджы. Дзауы район Мзиугомы арæзт æрцæудзæн сывæллæттæн лагерь дæр. Ацы мадзæлттæй ацы аз эксплу-атацимæ лæ-вæрд æрцæудзæнис 18, иннæтæ ахиздзысты 2022 азмæ», – дзырдта Арæзтад æмæ архитек-турæйы министр.

Уый пресс-конференцийы лæмбынæг радзырдта Инвестпрограммæйы æппæт объекттæн дæр кæй ис проектон-сметæйон документаци æмæ экспертон хатдзæгтæ. Апрелы райдианы уал, зæгъ, бавнæлдтам горæты Сабырады, Саулохы фырты æмæ Плехановы уынгты доны æмæ коммуникацион хызæгтæ уадзынмæ. Куыстытæ арæзт цæуынц хорз темптæй боныгъæдмæ нæ кæсгæйæ. Цæстдарæн органтæ, кæцытæ контроль кæнынц арæзтады цыд, лæмбынæг сæ хъус дарынц куыстыты гъæдмæ. Министр сæрмагондæй æрдзырдта Мзиугомы раздæры турбазæйы территорийыл ныр цы стационарон лагерь сырæздзæн 150 бынатимæ, уый тыххæй. Уый дæр, зæгъ, арæзт цæудзæн дыууæ этапæй. Канд сæрдыгон лагерь нæ, фæлæ ма афæдзы алы афон дæр каникулты рæстæджы ахуыргæнинæгтæ кæм улæфой, уыдзæн ахæм турбазæ. Йæ территорийыл сырæздзæнис алыгъуызон хъазæн фæзуæттæ, бассейн, беседкæтæ, хъæд-мæ экскурситы цæуæн къахвæндæгтæ. Ирон культурæ æмæ традицитыл цæмæй цайдагъ кæной сывæллæттæ, уый нысанæн лагеры сараздзысты музей дæр. Уыдзæн дзы физкуль-турон-хосгæнæн процедурæтæ уагъд кæм цæуа, ахæм хицæн бæстыхæйттæ. Баулæфыны фадат хъуамæ уа, се ‘нæниздзинад мæгуырау  кæмæн у, ахæм сывæллæтæн.  Улæфæн лагерь графикмæ гæсгæ арæзт æрцæудзæн 2022 азы кæронмæ.

Зæгъойты Эдуард радзырдта, цæрæнуаты тыххæй рады чи лæууы, уыдоны хæрзиуæгæн цы мадзæлттæ арæзт цæуынц, уый тыххæй дæр. «Республикæйы паддзахадон цæрæнуатон политикæйы сæйраг хæс-тæй сæ иу у, цæрæнуатон хыгъды цы æмбæстæгтæ лæууынц, уыдонæн сæ рады æмгъуыд фæкъаддæр кæнын. Уый тыххæй архайынц цæрæнуатон арæзтады гуырахст рауæрæх кæныныл. Ныртæккæ цы бирæуæ-ладзыгон хæдзæрттæ рæзы, уыдонмæ ноджыдæр бафтдзæнис цалдæр. Фæлæ уыдон арæзт цæудзысты коммерцион бындурыл. Рады лæуджытæн фадат уыдзæн фатер цадæггай хисæрмагонд финанстæй балхæнынæн. Уый та фидæны бар дæтдзæнис республикæйæн ноджы фылдæр цæрæнуæттæ аразынæн. Нæ бæстæйы президент Бибылты Анатоли Юстицийы министрадæн бахæс кодта, цæмæй цæрæнуатон политикæйы фæдыл бацæттæ кæна закъон æмæ йæ бавдиса Президенты Администрацимæ. Куыддæр уыцы закъон Парламент сфидар кæной, афтæ нæ республикæйы арæзт æрцæудзæнис ноджы цалдæр бирæуæладзыгон хæдзары».

Министр ма сæрмагонд хъусдард аздæхта ацы азы кæронмæ кæй бахæццæ уыдзæн резервон электроадæттæн хаххы арæзтад Ручъы тъу-нелыл. Уымæн æмæ зымæгон митуарды рæстæджы хатт нæ бæстæ аззайы æнæ электроэнергийæ. «Ныфсджынæй мæ бон у фехъусын кæнын, ацы аз резервон электроадæттæн хахх æнæмæнгдæр арæзт кæй фæуыдзæн. Ацы ахсджиаг хъуыддаджы тыххæй Инвестицион программæйæ хицæнгонд цæуы 200 милуан сомы».

Зæгъойты Эдуард радзырдта Гуфта-Къуайсайы автомобилон фæндаджы æртыккæгæм этапы арæзтады тыххæй дæр. «2017 азы фæндагæн цы проект арæзт æрцыд, уым Джоджорайы доны сæрты цы хид цæуы, уый арæзтад нысан не ‘рцыд. Уым цы зæронд хид ис, уый хъуамæ цалцæг æрцыдаид капиталонæй. Фæлæ арæзтады рæстæджы сбæрæг, зæронд хиды цалцæджы бæсты хуыздæр кæй у ног саразын».

Пресс-конференцийы рæстæджы журналисттæ цы фарстатæм цымыдис кодтой, уыдонæй иу уыд, 13 коммунары уынджы цæугæдон Леуахийыл зæронд хиды арæзтадмæ æвналын кæй нæ хъæуы. Газет «Республика»-йы сæйраг редактор Коцты Андрей йе ‘мбæстагон позици æвдисгæйæ домдта, цæмæй зæронд хиды реконструкцийы бæсты арæзт æрцæуа ног хид. «Хидæн ис историон-архитектурон нысаниуæг. Арæзт æрцыд 100 азы размæ. Арæзтад æмæ архитектурæйы министрад цæмæннæ ар-хайы, цæмæй ацы архитектурон арæзтад æвдисæнæн баззайа нæ фæлтæрæн. Реконструкцийы рæстæджы сымах зæгъут, зæгъгæ, хид фæфæтæн кæндзыстут, фæлæ уымæй хидæн фесæфдзæнис йæ историон хуыз, уыцы символтæм æвналæн нæй. Уадз, хид баззайа фистæгæй цæуджытæн. Ног хид та арæзт æрцæуæд æндæр бынаты. Уыцы хъуыдыйыл хæст сты æхсæнад дæр».

Зæгъойты Эдуард ацы хъуыды растыл банымадта, фæлæ, дам, абон уыцы уавæртæ нæй, цæмæй ног хид сырæза æндæр бынаты. «Мах нæ зонæм, цы уыдзæн 10-15 азы фæстæ. Зæронд хид кæд æмæ реконструкци æрцæуа, уæд адæмæн лæггад кæн-дзæнис 50 азы бæрц. Ныртæккæ уый у аварион уавæры æмæ йыл тæссаг у цæуын автотранспортæн, рæстмæ йыл цалцæггæнæн куыстытæ никуы арæзт æрцыд æмæ тæссаг у, куы ныккæла. Цы фæрæзтæ нæм цæуы, уыдон æнусон не сты. Мах хъуамæ уыдонæй спайда кæнæм максималонæй. Зæронд, историон, архитектурон арæзтадтæ бахъахъхъæнынæн хъæуы егъау æхцайы фæрæзтæ, махæн нæ экономикон уавæр уыцы фадæттæ нæ дæтты. Уыцы зæронд арæзтадтæн сæ хос у æрмæстдæр – бульдозер!».

Ацы хъуыды нæ фæцыд журналистты зæрдæмæ æмæ сын расайдта кусæгон дискусси. Фæлæ министр уыд йæхи позицийыл хæст, ома, ацы арæзтадæн нæй аивæн. Альтернативон вариант кæй нæ бавдыстой хиды арæзтадæн Æхсæнхицауадон къамисы рæстæджы, ууыл басæтгæйæ, ныфс бавæрдта, ацы фарст ныр кæй бавдисдзæнис Хицауадмæ.

УАЗÆГТЫ Марфа

 

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.