ХИЦАУАДЫ СÆРДАРЫ БАЛЦ ЦЪИНАГАРЫ ЗОНÆМÆ

Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдар Бекъойты Геннади Хъæууон хæдзарады министр Мæргъиты Алан, Ленингоры районы администрацийы сæргълæууæг Гулиты Владимир, Президенты Администрацийы мидæггагон политикæйы управленийы минæвар, хъæууон советты миниæвæрттимæ азылд Æмдзæрины (Цъинагары) зонæйы хъæутыл.

Бекъойты Геннади йæ ныры статусы фыццаг хатт уыд балцы ацы регионы.

Уагъд æрцыд хъæуты цæрджытæ, хъæууон администрациты минæвæрттæ, хъæууон-хæдзарадон управленийы минæвæрттимæ фембæлд.

Æруынаффæ кодтой бирæ фарстытыл, кæцытæм хауынц уалдзыгон быдырон куыстытæ, хъæууонхæдзарадон зæххыты байуæрст, хъæуты инфраструктурæ фæхуыздæр кæнын, донхæры донæй сифтонг кæнын æмæ æндæр актуалон темæтыл.

Хицауады сæргълæууæг банысан кодта, зæгъгæ, Æмдзæрины зонæйы хъæутæ советон рæстæджы уыдысты Хуссар Ирыстоны размæдзыд аграрон центртæ, æмæ абон æнæмæнгхъæуæг у æппæтдæр саразын, цæмæй хъæутæ сæндидзын кæнæм æмæ сын раздахæм сæ раздæры ном.

«Æппæт актуалон фарстытæ скъуыддзаг цæудзысты фæд-фæдылонæй. Уый хауы хъæуонхæдзарадон техникæйы парк рауæрæх кæнынмæ, кæцы фæстаг рæстæджы бæрæг фæфылдæр ис, æмæ ацы здæхты куыст дарддæр цæуы, хъæуты фæндагон инфраструктурæ, доны æмæ электроифтонгад фæхуыздæр кæнын. Иумæйаг тыхтæй махæн нæ бон бирæ у, куы нæм уа зæххыл кусыны фæндон, уæд», – банысан кодта Бекъойты Геннади.

Темæйы фæдыл Мæргъиты Алан банысан кодта, зæгъгæ, хъæууон хæдзарады министр æнгомæй кусы уæрæсейаг коллегæтимæ, цæмæй фермертæн баххуыс кæной тауæн æрмæджытæй, æмæ ныр ис бæрæг фæстиуæг. Афтæ ма куыст цæуы уæлæмхас æнæмæнгхъæуæг хъæу-уонхæдзарадон техникæ балхæныны фарстыл, уыцы нымæцы булдозер дæр.

Уый ма зæрдыл æрлæууын кодта, дыууæ къуырийы размæ республикæйы хъæууонхæдзарадон машинæты парк кæй фæфылдæр ис дыууæ ног бирæфункционалон тауæн машинæтæй, сæ фæтæн 4,5 метры, кæцытæ иурæстæджы хуыммæ хæсдзысты минералон хъацæнтæ. Уыдонæй сæ иу ратдзысты Ленингоры районæн.

Министр бахæс кодта паддзахадон унитарон куыстуат «Ирагросервис»-ы районон бригадæйæн, цæмæй тауæн куыстытæ æххæст кæной фермерты бавдыстты радмæ гæсгæ, æмæ аиуварс кæной службæйон уавæрæй пайда кæнын сæрмагонд нысæнтты тыххæй.

Мæргъиты Аланы ныхæстæм гæсгæ, Æмдзæрины зонæйы ис 1200 гекатры зæххытæ. Уыдонæй 800 гектары тыд æрцыд мæнæу æмæ хъæбæрхор.

Хъæуы цæрджытимæ ныхас кæныны рæстæджы æрдзырдтой арендæйы ист зæххытæй пайда кæныны фарстыл. Бекъойты Геннади банысан кодта, зæгъгæ, æнæмæнгхъæуæг у арендон бадзырдтæ фæткмæ æркæнын, хъус æрдарын зæххытæй нысанмæздæхтæй пайда кæнынмæ, æмæ зæххытæ радтын уыдонæн, æцæгæй дæр кæй фæнды кусын. Хицауады сæргълæууæг бахæс кодта Ленингоры районы администрацийы сæргълæууæгæн, цæмæй азы кæронмæ сног кæной зæххы арендæйы фæдыл æппæт бадзырдтæ.

Хъæуты цæрджытæ бахатыдысты Хицауады сæргълæууæгмæ, цæмæй йæ хъус æрдара районы фермертæй Экономикон рæзты министрадмæ льготон кредитты фæдыл цы куырдиаттæ бацыд, уыдонмæ. Уыдонæн ныфс бавæрдтой, кæй сæ фæхондзысты æввахс рæстæджы амалиуæггæнджытæн льготон кредиттæ ахъаз кæныны фонды Æвджидары советы рабадтмæ хъæууон советы æмæ районон администрациты минæвæртты, цæмæй иумæ æруынаффæ кæной бизнес-проекттыл.

Уымæй уæлдай ма, цæрджыты куырдиатмæ байхъусгæйæ, хъæутæ донхæры донæй сифтонг кæныны фæдыл, Бекъойты Геннади ныфс бавæрдта республикæйы къухдариуæгадимæ кæй æруынаффæ кæндзæн Æмдзæрины зонæйы территорийыл резервуары арæзтадыл.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.