Мыхуыр æмæ информацийы паддзахадон комитеты пресс-центры уазæг ацы хатт та уыдис Дзауы районы администрацийы сæргълæууæг Джиоты Андрей.

Уый хыгъд радта, районы хистæрæй йæ куы снысан кодтой, уыцы цыбыр æмгъуыдмæ йын кусын цы бантыст, афтæ ма  æрбалæугæ азы уæлдай хъусдард цæмæ здæхт цæудзæнис, уыдæтты тыххæй.

Аивгъуыйгæ азы иууыл æхсызгондæр цауыл банымадта ацы аз дзауæгтæй 18 бинонтæ ног азы къæсæрыл фатертæ кæй райсдзысты, уый. Фатертæ чи райсдзæн, уыдон сты, хæсты рæстæджы кæй хæдзар фехæлд, ахæмтæ, стæй хæстон инвалидтæ æмæ бирæсывæллонджын бинонтæ. Уый ма радзырдта, районæн йæхи мидæг цы 26 км. фæндæгтæ арæзт æрцыд, уыдоны тыххæй дæр. «Дзауы район у хæххон бынат. Ам фæндæгтæ куыдфæнды бæстон арæзт ма цæуой, уæддæр, алы тæркъæвдайы фæстæ дæр фехæлынц. Уымæ гæсгæ сæ бирæ рæстæг æнæ цалцæг куы ныууадзай, уæд сыл ацæуæн нал вæййы. Мах хъавæм 2020 азы уæлдай хъусдард аздахын Хъемулта, Сохтæ, Дзалабет, Синагур, Теделет, Урстуалты хъæуты фæндæгтæм. Кæмдæрты хъæуы хидтæ аразын дæр», – загъта Дзауы администрацийы сæргълæууæг.

Уый ма радзырдта, æрæджы Цъоны хъæуы ногæй арæзт кæй æрцыд хид, кæцы стыр ахъаз у хъæуы цæрджытæн. Цъоны бахизæны цы зæронд нарæг хид уыдис, уый уыд советон дуджы арæзт æмæ æрцыдис æдзæллаг уавæрмæ. Йæ арæзтадмæ йын æрæвнæлдтой районы кусджытæ октябры мæйы æмæ ныр хид арæзт фæцис. Ныртæккæ та ахæм æнгæс куыстытæ æххæст цæуы Синагуры хъæуы. Хиды арæзтад ам æнæмæнг хъуыддаг у, уымæн  æмæ дзы цы хид ис, ууыл машинæтæ нæ цæуынц.

Джиоты Андрей ма æрдзырдта, Къуайсайы цы хосгæнæндон сырæзт, уый тыххæй дæр. Уый сарæзта не ‘мбæстаг Къуайсайæ ацæуæг амалиуæггæнæг Хуыгаты Ростик, кæцы ныртæккæ цæры Самарæйы æмæ у Самарæйы областон национ-культурон центры ирон диаспорæ «Алани»-йы сæрдар. Уый зындгонд гоймаг у нæ республикæйы йæ бирæ лæггæдтæй. Теделеты хъæуы сарæзта клуб, сфидар кодта Джусойты Нафийы номыл литературæйы æрвылазон преми. Ацы аз та байгом кодта хосгæнæндон. Фæндаг æм зынвадат кæй уыд, уый тыххæй йæм адæм арæх нал цыдысты. Хосгæнæндоны дуæрттæ гом сты алкæмæн дæр. Кæд æмæ йæм бирæ адæм цæуой, уæд амалиуæггæнæг куыд зæгъы, афтæмæй объект рауæрæхдæр кæндзæнис.

Джиоты Андрей куыд загъта, афтæмæй ма  Хуыгаты  Ростикæн  йæ  зæрды ис Начърепайы æмæ Къобеты хъæуты туристон базæтæ саразын дæр.

Арæзт цы объекттæ æрцæудзæнис 2020-2021 азты уыдонæй рахицæн кодта Къуайсайы трассæйы арæзтад. Уый банымадта, фæндаджы арæзтад вазыгджын кæй у, ласæн бынæтты   арæзт кæй хъуамæ æрцæуой фидаргæнæн систæ æмæ æфсæнбетонон хæтæлтæ. Стæй ма, зæгъгæ, 2020 азы цалцæг хъуамæ æрцæуа Транскамы фæндагæн Дзауы поселочы цы хай ис, уый дæр. Сараздзысты дзы фæндаджы былтыл донлæдæрсæнтæ.

Районы сæргълæууæг ма журналистты базонгæ кодта 2020 азы Инвестицион программæмæ гæсгæ арæзт кæй æрцæудзысты ноджыдæр дыууæ бирæуæладзыгон хæдзары. Арæзт ма æрцæудзæн, сывæллæттæ сæрдыгон рæстæг кæм æрвитой, ахæм лагерь. Йæ бынат равзарыны фарст,  ныртæккæ цæуы скъуыддзаг. Ис дыууæ вариант – Мзиугом, кæнæ та поселокæн йæхи мидæг.

Афтæ ма Джиоты Андрей фехъусын кодта, фидæн азмæ район кæй бацæттæ кодта æхсæз гектары зæххытæ картоф садзынæн. Едыс, Карзман, Машхара, Чеселтæй та сæм æрбахатыдысты хицæн адæймæгтæ, цæмæй сæм район фæкæса хуым кæнынмæ.

Администрацийы сæргълæууæг ма æрдзырдта, ныртæккæ Дзауы районы территорийыл цы 14 фермерон хæдзарады ис, уыдонæй фараст кæй кæны фосдарды куыст, дыууæйæ кæсагдарды æмæ иннæтæ та – халсар тауыны куыстытæ.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.