27-æм ноябры Мыхуыр æмæ информацийы паддзахадон комитеты пресс-центрмæ хуынд æрцыд Арæзтад æмæ архитектурæйы министр Зæгъойты Эдуард афæдзы куысты тыххæй хыгъд радтыны тыххæй.

Райдианы уал уый æрдзырдта, ацы бонты социалон хызæджы цы информаци уыд, ома, нæ горæты иуæй-иу хæдзæрты къултыл цæрджыты æварстайæ цы табличкæтæ конд æрцыд, уыдон тыххæй.  Уыдоны фыст уыд, зæгъгæ, арæзт æрцыд УФ рахынцгæ фæрæзтæй.

Уый бамбарын кодта, уыдон хæдзæртты тыххæй конд не ‘рцыдысты, фæлæ уынджы арæзтады тыххæй. «Йæ фыст дæр раст кæй нæ уыд, уымæ гæсгæ æфхæрд æрцыдысты, чи сæ бакодта, уыдон се ‘ппæт дæр. Ахæм гуымир рæдыды тыххæй æз хатыр курын не ‘мбæстæгтæй», – загъта министр æмæ уый фæстæ рахызт сæйраг фарстмæ, ома 2018 азы Инвестпрограммæйы фæлгæтты цы саразын бантыст æмæ дзы  2019 азмæ цы объектæ сырæздзæнис, уый фæдыл хыгъд раттынмæ.

«Республикæ Хуссар Ирыстоны социлон экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæ реализаци кæныны фæлгæты 2018 азы арæзт хъуамæ æрцыдаид 10 уынджы», – дзырдта уый.

Министры ныхæстæм гæсгæ уыцы 10 уынджы се ‘ппæты дæр æххæст æрцыдысты донифтонгады æмæ канализацийы хæххытæ уадзæн куыстытæ. Уыдон ивд нæ уыдысты 70 азы бæрц æмæ бынтондæр раууатмæ æрцыдысты. Алы уынджы дæр куыстой хицæн æмæ хицæн бригадæтæ. Хæрзарæзт æрцыдысты æмæ ныр дæр цæуынц горæты иуæй-иу бирæуæладзыгон хæдзæртты раз территоритæ дæр.

Министр лæмбынæг дзырдта алы арæзтады тыххæй дæр. Цардуагон социалон нысаниуæг кæмæн ис, уыцы объектæй арæзт чи æрцыд æмæ   2019 азмæ чи ахызт, дзырдта уыдоныл дæр.

Ацы аз бавнæлдтой Культурæ æмæ улæфæн парчы арæзтадмæ. 90-æм азтæй фæстæмæ парк цадæггай пырх кодта. Раууатмæ йæ рæсугъддзинадæй адæймаджы йæхимæ чи æлвæста, уыцы цад дæр. Ныххæлæттаг, цы киноконцертон зал дзы уыдис, уый. Цалдæр мæйы размæ æрæвнæлдтой ам сыгъдæггæнæн куыстытæм. Ныртæккæ уым арæзт цæуы цад. Аразынц ын йæ кæрæттæ, сыгъдæг ын кæнынц йæ бын, байтындздзысты йын, йæ быны кæрдæг сзайын чи нæ суадза, ахæм уæлцъар æмæ дзы ныккалдзысты лыстæг хуыр. Куыстытæ ахæсдзысты 2019 азмæ. Раздæры боксы скъола бынтон æдзæллаг уавæрмæ кæй æрцыд, уый тыххæй йæ райхæлдтой. Ныр уым арæзт æрцыд машинæтæлæууæн бынат. Аттракционтæй дарддæр ам уыдзæн велойыл тезгъогæнæн фæзуат дæр. Сырæздзæн дзы шахматон клуб. Мæскуыйы уынгæй паркмæ цы асинтæ ис, уыдон æрцæудзысты демонтажгонд.

Министр æрдзырдта уазæгдон «Ирыстон»-ы тыххæй дæр. Уым куыст æнæкъуылымпыйæ æмæ гъæдджынæй кæй цæуы, уымæй уыд райгонд. «Ам фыццаг уæладзыджы астæрды фесты бетонон куыстытæ æмæ кусджытæ æрæвнæлдтой систæ амайынмæ. Дыккаг уæладзыджы дæр æвæрд æрцыдысты монолиттæ, арæзт цæуынц, къултæ кæуыл æнцой кæндзысты, уыцы цæджындзтæ æмæ рæхджы та райдайдзысты æртыккаг уæладзыг аразын. Æз афтæ хъуыды кæнын æмæ азы кæронмæ объект агъуысты бын фæуыдзæнис. Зымæджы бонты уазæгдонмæ бауадздзысты хъæрмад æмæ сабыргай кæндзысты мидæггагон куыстытæ», – дзырдта Зæгъойты Эдуард.

2019 азмæ цы объекттæ ахызт, уыдонæй сæ иу у гуырæн хæдзар. Уым арæзт цæуы, гинекологион, гуырæн æмæ æнхъæлцау сылгоймæгтæ кæм уой, ахæм хайадтæ. Уыдзæнис ма дзы, ноггуырд сывæллæттæм фыццаг рæстæджы кæм базилой, ахæм хайад дæр. Ацы арæзтадæн рахицæн æрцыд 480 милуан сомы. Гуырæн хæдзары иумиаг фæзуат уыдзæн 5300 квадратон метры. Æнæниздзинад хъахъхъæныны бирæпрофилон центры ма бæстон цалцæг цæуы республикон туберкулезон диспансер. Сæйраг куыстытæ фæуд сты уым дæр. Тагъд йæ алфæмблай хæрзарæзт æрцæудзæнис, æмæ уый дæр лæвæрд æрцæудзæн эксплуатацимæ.

Вагзалгæрон уынджы ног рæвдауæндон дæр рæзы, рæхджы йæ дуæрттæ байгом кæндзæнис 100 сабийæн. Уыцы объект аразы хуссарирыстойнаг арæзтадон организаци. Уый ма ахæм æнгæс рæвдауæндон сарæзта Цхинвалы районы Дменисы хъæуы, кæцы нымад æрцыд нæ республикæйы хуыздæр рæвдауæндæттæй сæ иуыл. Ам ныртæккæ кæнынц мидæггагон куыстытæ. Рæвдауæндоны ма уыдзæнис, сывæллæттæ кæм хъазой, ахæм æхгæд уæлæмхас хатæнтæ. Сæрмагонд хатæнтæ арæзт æрцыд психолог æмæ методистæн. Ацы рæвдауæндонмæ ныр цалдæр азы æнхъæлмæ кæсынц цæрджытæ, уымæн æмæ сæ сывæллæтты кодтой горæты æндæр æмæ æндæр районты рæвдауæндæттæм.

Декабры мæйы эксплуатацимæ лæвæрд цы медико-социалон центр æрцæудзæнис, уырдæм  рæхджы ахиздзысты нæ горæты  инвалидты хæдзары цæрæг æвæгæсæг зæрæдтæ. Ацы объекты ма уыдзæнис поллиативон хайад дæр. Уым та уыдзысты, профилактикон æххуыс кæй хъæуа сæ низ фæрогдæр кæныны тыххæй, ахæм рынчынтæ. Æмæ сын æрмæст ахæм æххуыс нæ цæудзæнис, фæлæ сын æххуыс кæндзысты психологон, социалон æгъдауæй дæр. Ног объект арæзт æрцыд дыууæ хайæ: фыццаг хайы уыдзысты, поллиативон æххуыс кæй хъæуы, ахæмтæ æмæ дыккаг хайы та – æвæгæсæг зæрæдтæ. Онкологийæ  рынчынтæм здæхт цæудзæн уæлдай хъусдард. Уый та хорзæрдæм æндавдзæн рынчынтыл æмæ се ‘ввахс хиуæттыл.

Министрмæ цы фарстатæ лæвæрд цыд, уыдонæй сæ иу уыд, Гуыбаты æфсымæрты уынгыл цы дыууæ цæрæн корпус рæзы, уыдоны тыххæй. Уыцы дыууæ цæрæн корпусыл дзургæйæ, журналисттæн фехъусын кодта, уым дæр цырд темптæй кæй цæуынц куыстытæ. Кусы дзы 80 кусæджы бæрц. Дих сты цалдæр къордыл. Уыдонæй чи къултæ амайыны куыст кæны, чи та къулсæрдæн, коммуникацион æмæ сантехникон куыстытæ. Дыууæ объекты дæр уыдзæнис фæндзгай бахизæнтæ. Фатертæ сты 1, 2 æмæ 3 хатæнонтæ. Иу хатæнонæн йæ фæзуат у 44 квадратон метры, дыууæхатæнонтæ сты 61 кв. м., æртæхатæнонтæ та – 85 кв. м. Корпустæй сæ иуы размæ уыдзæнис сахъатджын адæймæгтæн пандус, цæмæй коляскæ сæрибарæй хиза мидæмæ. Хæдзæртты арæзтады рæстæджы хынцыд æрцыдысты зæххæнкъуысты æдас-дзинады нормæтæ. Эксплуатацимæ та лæвæрд æрцæу-дзысты фидæн азы.

Цæрæнуат, уынгтæ æмæ социалон нысаниуæджы объекттæй уæлдай нæ республикæйы арæзт цæуынц монон рæзты объекттæ дæр. Анахарсисы  номыл библиотекæйы фарсмæ арæзт æрцыд Сыгъдæг Æртæиууоны Хуыцауы аргъуан. Йæ аразынмæ æрæвналдæуыд ивгъуыд аз. Ныр мах уынæм æмæ æвдисæн стæм аив арæзт, чырыстон аргъуаны бæстыхайæн. Уый æмткæй дзуапп дæтты проекты домæнтæн. Аргъуанæн йæ бæрзæнд у 23,8 метры. Йæ иумæйаг фæзуат та 638 квадратон метры. Уыцыиу рæстæджы дзы бацæуæн уыдзæн 400 адæймагæн. Хæрзарæзт æрцыд йæ алыварс территори æмæ ныридæгæн ссис нæ горæты фенддагдæр бынæттæй сæ иу.

Зæгъойты Эдуард ма журналисттæн радзырдта, 2020-22-æм азты Инвестпрограммæйы фæлгæтты ноджыдæр цы объекттæ арæзт æрцæудзæн, уыдоны тыххæй. «Æхсæнхицауадон къамисы фæстаг рабадты нæ республикæйы Хицауадæн хæсгонд æрцыд, цæмæй лæмбынæг куыст æрцæуа 2019 азы 15 февралмæ 2020-22-æм азты Инвестпрограммæ цæуыл кусдзæн, ууыл. «Мах адарддæр кæндзыстæм инфраструктурон объектты арæзтад  фæндæгтæ, хидтæ, электрохызæгтæ, инженерон хызæгтæ æмæ а.д. Социалон нысаниуæгджын объектæй Президенты амындмæ гæсгæ сабидæттæ æмæ скъолатæ. Афтæ ма цæрæнуатон объекттæ дæр. 3-æм скъолайы арæзтад дæр хаст æрцæудзæн 2020 азы Инвестпрограммæмæ. Суворовы уынгыл раздæр цы сывæллæтты цæхæрадон уыд, уым ныртæккæ ис горæты мидхъуыддæгты хайад, уыдон конд æрцæудзысты ныртæккæ Хъалонты фæдыл комитет бæстыхаймæ æмæ сабидон арæзт æрцæудзæн ногæй. Хъалонтæ исæн комитетæн та арæзт æрцæудзæнис ног бæстыхай. Дзау æмæ Знауыры арæзт æрцæудзысты дыууæ бирæуæладзыгон хæдзары», – фехъусын кодта Арæзтад æмæ архитектурæйы министр.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.