3-æм декабры Мыхуыр æмæ информацийы паддзахадон комитеты пресс-центрмæ хуынд æрцыд Арæзтад æмæ архитектурæйы министр Зæгъойты Эдуард, афæдзы куысты тыххæй хыгъд радтынмæ.

Райдианы уый æрдзырдта Республикæ Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæ реализаци кæныны фæлгæтты 2019 азы цы фæндæгтæ, уынгтæ æмæ социалон нысаниуæджы объекттæ арæзт æрцыд, уыдоны фæдыл «Уæрæсейы Федерацийы бюджетæй хицæн æрцыд 2 миллиард æмæ 700 милуан сомы. Уыдонæй проектон-сметæйон документаци аразынæн æхцайы фæрæзтæй хицæн æрцыд 462 милуан сомы, иннæтæ лæвæрд æрцыдысты 37 объект сæххæст кæнынæн. Уыцы 37 социалон нысаниуæджы объекттæй фæуынхъус сты 20, кæцыдæртæ та æргъæвд æрцæудзысты 2020 азмæ. Цыбыр дзырдæй, Инвестпрограммæ æххæст æрцыд 90-95 процентæй», – загъта Арæзтад æмæ архитектурæйы министр.

Министр лæмбынæг  æрдзырдта алы объектыл дæр. Культурæ æмæ улæфæн парчы арæзтадмæ бавнæлдæуыд сæрды мæйты. Сæйраг куыстытæ фесты, цы бæлæстæ æмæ цъæхдарæнтæ дзы ныссагътой, уыдон ногæй, раздæр куыд уыд, афтæ сæхимæ æл-васдзысты адæймаджы. Ам аттракционтæй дарддæр уыдзæн велосипедтыл тезгъогæнæн фæзуат дæр. Сырæздзæн дзы шахматон клуб дæр.

Зæгъойты Эдуард æрдзырдта уазæгдон «Ирыстон»-ы тыххæй дæр. Уыцы объект эксплуатацимæ радтыны æмгъуыд хаст æрцыд 2020 азмæ. Куыстытæ, дзы, зæгъгæ, цæуынц æнæкъуылымпыйæ æмæ гъæдджынæй.

 Ныридæгæн фæуд чи сты, уыдоны нымæцы  ис гуырæн хæдзар дæр. Уым арæзт æрцыд гинекологион, гуырæн, æмæ æнхъæлцау сылгоймæгтæ кæм уой, ахæм хайадтæ. Уыдзæнис ма дзы ноггуырд сывæллæт-тæм фыццаг рæстæджы кæм базилой, ахæм хайад дæр. Ацы арæзтадæн рахицæн æрцыд 480 милуан сомы.

Æнæниздзинад хъахъхъæныны бирæпрофилон центры ма бæстон цалцæг æрцыд республикон туберкулезон диспансер. Рынчындоны территори дæр хæрзарæзт æрцыд.

Чиаты Иосифы уынджы цы ног рæвдауæндон арæзт æрцыд 150 сабийæн, уый дæр рæхджы йæ дуæрттæ байгом кæндзæнис. Йæ территорийыл рæзы фиддонтæ æмбырдгæнæн комитетæн ног бæстыхай. Уыцы дыууæ объект дæр аразынц хуссарирыстойнаг организацитæ. Ам ныртæккæ цæуы сыгъдæггæнæн куыстытæ æмæ декабры æмбисы лæвæрд æрцæудзысты эксплуатацимæ.

Журналистты цымыдис кодта Цхинвалы Театралон фæзуаты фонтан кæд скусдзæн, уыцы æмгъуыды фарст. Уый фæдыл Зæгъойты Эдуард загъта: «Ныридæгæн æлхæд у ифтонгад, уый у европæйаг – гъæдджын. Ныртæккæ æххæст цæуынц керамикон плиткæ сæвæрыны куыстытæ. Фидæн аз фыццаг кварталы, уый уыдзæн цæттæ. Мæн ныфс ис уалдзæджы фонтан кæй скусдзæнис. Уый ма лæмбынæг æрдзырдта Уанат-Цхинвал магистралон доны хæтæлыл арæзтады тыххæй. Донæн йæ райдиан кæм ис, уым куыстытæ ивгъуыд аз бакодтой. Арæзтады цъайтæ, кæцытæ фесты сыджыты бын, сыгъдæг æрцыдысты хæмпæл æмæ цъыфæй. Проектгæнджытæ федтой цыран хъæуы саразын дренажтæ æмæ дзы арæзт æрцыд ног цъайтæ. Ацы аз та генподрядон организаци ООО «СТМ-Юг» бакодта сæйраг куыстытæ. Проекты аргъ у 400 милуан сомы. Донуадзæнæн йæ дæргъ у 16 км. бæрц. Дон ныридæгæн цæттæ у, цæмæй йæ исой горæты цæрджытæ. Министр ныфс дæтты, зæгъгæ, ныр горæт доны хъуагдзинад нал æййафдзæн. Уый  ма загъта, зæгъгæ, горæты цæрджытæ бирæ азты цæмæ бæллыдысты уый сæ къухты тагъд рæстæджы кæд бафтдзæнис, уæддæр хъуамæ зоной, дон хæдзардзинæй  куынæ хардз цæуа, уæд сын ацы дон дæр кæй нæ фаг кæндзæнис. Зæгъойты Эдуард ма загъта, зæгъгæ, уалдзæджы Брытъат æмæ Дзомагъы дæттæ кæд змæстæй фæцæуынц, уæддæр Уанатæй цы дон цæуа, уый алыхатт дæр донæмбырдгæнæнты филтраци  цæудзæнис.

Министрмæ лæвæрд цы фарстатæ цыд уыдонæй сæйрагдæртæ уыдысты, не ‘мбæстæгтæ  дарддæр дæр цæрæнуатæй ифтонг цæудзысты, æви нæ. Уый фæдыл министр загъта, зæгъгæ, 2020-2022 азтæн цы Инвестпрограммæ фидар æрцыд, уый фæлгæтты Хуссар Ирыстоны столицæйы – Хъайтарты, Ирæтты æмæ Харебаты Исахъы уынгтыл сырæздзæн цалдæр бирæуæладзыгон хæдзæрттæ. Афтæ  Дзау æмæ Знауыры районон центрты дæр сараздзысты фæйнæ дыууæ 18 фатерон хæдзæрттæ.

Зæгъойты Эдуард банысан кодта, зæгъгæ, 2020 азмæ кæй бахауд, Гуфта-Къуайсайы фæндаджы хайæ ма цы баззад, уыцы арæзтад дæр. Куыд зонæм, афтæмæй фыццаг этап аразын райдыдтой 2017-18 азты, Гуфтайæ Хъемултамæ. Дыккаг эапы та йæм бавнæлдтой Къуайсайæ. Фæндаджы арæзтад Къуайсайæ кæй райдыдта, уый уыд республикæйы Хицауады инициативæ. Уымæн æмæ фæндаггæрæтты кæрæдзимæ æввахс бирæ хъæутæ ис æмæ сæ цæрджытæ зындзинæдтæ æвзæрстой, фæндаджы æдзæллаг уавæры аххосæй. Ныр «Дорэкспострой» æрæвналдзæн, фæндагыл æнæарæзт цы хай баззад, уымæ дæр. Арæзт цæудзæн капиталонæй, хаудзæн 4-æм категоримæ. Уый та нысан кæны, йæ фæтæн кæй уыдзæн 10 метры бæрц. Къæдзæхтæй дон кæдæм лæдæрса, уыцы рæтты сæвæрдзысты доны хæтæлтæ. Фæндаджы иувæрсты арæзт æрцæудзысты донцæуæн къанаутæ. Проблемон бынæтты арæзт æрцæудзысты лæсæнуромæн бетон къултæ. Хъæуты æмæ хъæутæм хæстæг фæндаджы иувæрсты арæзт æрцæудзысты тротуартæ дæр.

2019-æм азæй 2020 азмæ цы объекты арæзтад ахызт, уыдон нымæцмæ хауы брæтты полигон дæр. Министр банысан кодта, зæгъгæ, ныридæгæн цæттæ сты броны дыууæ уæрмы. Уыдон æмбæрзт сты мембранæйæ, кæцы нæ уадзы брæтты зæххыцъар дæттæм. Дыккаг этапы та полигоны цур фæзындзæн хъæбæр æвзарæнтæ æлхъывд кæм цæудзысты, ахæм сæрмагонд прессгæнæн. Уыдон уагъд цæудзысты сæрмагонд брикеттæм æмæ афтæмæй æвæрд цæу-дзысты уæрмыты. Брикетты æнгомдзинад, дам, экономи кæндзæн бынат æмæ атмосферæ нæ чъизи кæндзæн.

2020-22-æм азты Инвестпрограммæмæ хаст æрцыд ноджыдæр 8 уынджы хæрзарæзтад. Уыдон сты Революцийы, Белинскийы, Плиты Ароны, Нæузæххонты, Хъайтарты уынджы кæронæй Шанхаймæ цы фæндаг цæуы, уый. Афтæ ма Табуйы фырты æмæ Кимы уынгтæ. Æрбалæугæ аз ма ноджыдæр бæстон реконструкци æрцæудзæн, ныр цалдæр аз аварион уавæры цы зæронд хид уыд, уый дæр.

Министр ныфс бавæрдта, УФ цы финанстæ хицæн кæнынц, уыдон нысанмæздæхтæй кæй цæудзысты хардзгонд.

                                                        УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.