14-æм декабры уагъд æрцыд Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министр Зæгъойты Эдуарды пресс-конференци. Уый журналисттæн куыд радзырдта, афтæмæй Инвестицион программæйы фæлгæтты куыстытæ баконд æрцыдысты 94 процентæй. Фæлæ, зæгъгæ, архайæм, цæмæй уыдон азы фæудмæ уой 100 процент. «Мадзæлттæй æхсæз рахызт фароны азæй. Уыдон нымæцы ис Гуфта-Къуайсайы фæндаджы æртыккаг этапы арæзтад, Уанат-Цхинвалы донуадзæн, бирæфатерон хæдзæртты арæзтад Хъайтарты, Гуыбаты æфсымæрты æмæ Ирæтты уынгты, афтæ ма Дзау æмæ Знауыры районты цы æртæуæладзыгон цæрæн хæдзæрттæ сырæзт, уыдон. Кæронмæ бахæццæ æмæ эксплуатацимæ лæвæрд æрцыд нæ горæты 3-æм скъола дæр. Нæ горæты сырæзт æмæ абоны бон дæр арæзт цæуы авд уынджы. Инвестпрограммæйы объекттæй алкæмæн дæр ис проектон-сметæйон документаци æмæ экспертон хатдзæгтæ. Цæстдарæн органтæ лæмбынæг сæ хъус дардтой куыстыты гъæдмæ. Фæлæ, æз уæддæр азы иууыл вазыгджын арæзтадыл нымайын, Рукъы тъунелыл Кавказы хохрагъыл нæ республикæмæ цы электроадæттæн резервон хахх уагъд æрцыд, уый. Ныр электроифтонгады нал уыдзæн къуылымпытæ», – загъта министр.

ЗÆРОНД ХИДЫ ХЪЫСМÆТ

Куыд зонæм, афтæмæй Инвестпрограммæйы фæл-гæтты ацы аз хъуамæ реконструкци æрцыдаид нæ горæты зæронд хид дæр. Азы райдианы Арæзтады министр Зæгъойты Эдуард журналисттимæ пресс-конференцийы рæстæджы фехъусын кодта, зæгъгæ, хид æрцæудзæн пырх æмæ йæ бынаты сырæздзæн ног æмæ уæрæхдæр хид. Ацы хъуыды нæ фæцыд канд журналистты зæрдæмæ нæ, фæлæ ма горæты цæрджытæй бирæты зæрдæмæ дæр. Уымæн æмæ уыдон куыд нымайынц, афтæмæй ацы объект у горæты символтæй сæ иу, нымад цæуы историон объекттыл æмæ, дам, æй ныууадзын хъæуы фистæгæй цæуджытæн. Ног хид та, зæгъгæ, саразын хъæуы æндæр бынаты. Фæлæ, горæты цæрджытæй алкæмæн иу хъуыды нæй. Хидмæ æввахс цæрæг адæмæй бирæтæ домынц, цæмæй хид фæстæмæ баззайа йæ раздæры бынаты. Ацы фарсты фæдыл министр ахæм дзуапп радта: «Зæронд хиды проектыл нырма куыст нæ цæуы. Фæлæ бæрæг у, абоны бон хид дзуапп кæй нæ дæтты æдасдзинады домæнтæн. Никæмæн у йæ бон радтын гаранти, дæс азы фæстæ хид кæй нæ ныппырх уыдзæн. Раст у, сымахæй, журналисттæй, цæуы куырдиæттæ, цæмæй хид бавæрæм, уыцы фарсты фæдыл æз фембæлдтæн Культурæйы министрады бæрнон кусджытимæ дæр. Фæлæ махæй алчи дæр æмбары, хид кæй у стратегион объект, æмæ йыл машинæтæ хъуамæ цæуой æдæрсгæйæ. Сымах хъуыдымæ гæсгæ ног автомобилон хид хъуамæ арæзт æрцæуа раздæры Механикон заводы районы. Фæлæ уым у цæрæн зонæ æмæ районы инфраструктурæ бар нæ дæтты ууылты хид аразынæн», – дзуапп радта Зæгъойты Эдуард.

Министрмæ лæвæрд цыд бирæ фарстатæ, уыцы нымæцы Стыр парчы арæзтады цы цухдзинæдтæ уагъд æрцыд, уыдоны тыххæй дæр. Зæгъойты Эдуард алы фарстайæн дæр лæвæрдта конкретон дзуаппытæ. «Къуыхцыдзинæдтæ цы объектты рабæрæг, уыдон цадæггай рараст æрцæудзысты. Ууыл куыст цæуы абон дæр. Горæты администраци объекты йæ балансмæ нæма райста».

2023 АЗЫ ИНВЕСТПРОГРАММÆЙЫЛ КУЫСТ ÆРЦÆУДЗÆН НОГ АЗЫ ФЫЦЦАГ КВАРТАЛЫ

Хуссар Ирыстоны экономикон райрæзты фæдыл Инвестпрограммæ æххæст цæудзæнис 2023 азы дæр. Арæзтады министр куыд зæгъы, афтæмæй программæ нырма нывæст нæу. Куыд зонæм, афтæмæй 2020 азы цы æртæазон программæ фидар æрцыд, уымæй цалдæр мадзалы ахызт 2023 азмæ дæр. «2023 азæн цы программæйыл бакусдзыстæм, уырдæм хаст æрцæудзæнис дæс уынджы арæзтад, цæрæнуæттæ, сывæллæттæн улæфæн лагерь, социалон нысаниуæджы объекттæ. Уæлдай хъусдард здæхт цæудзæнис районтæм, уым дæр хъуамæ арæзт æрцæуа цæрæнуæттæ», – зæгъы министр.

Уый фæдыл æм журналисттæ ахæм фарст радтой, зæгъгæ, цæмæннæ ис гæнæн, цæмæй районты бирæуæладзыгон хæдзæртты бæсты рæзой коттеджон комплекстæ. «Цæрæнуатон арæзтадыл дзургæйæ, мæнæн мæ бон у зæгъын уый, æмæ абон рады чи лæууы, уыдоны номхыгъд кæны фылдæрæй-фылдæр. Паддзахады дæр цæрæнуаты арæзтады гуырахст фæуæрæхдæркæнинаг у. Ныртæккæ цы бирæуæладзыгон хæдзæрттæ сырæздзæнис, уыдонмæ ноджыдæр бафтдзæнис цалдæр. Фæлæ куыд зонæм, афтæмæй цы цæрæнуæттæ рæзы, уыдон æрмæст Инвестпрограммæйы фæрцы нæ рæзынц. Президенты сæрмагонд фондæй фæстаг дыууæ азы сырæзт хисæрмагонд хæдзæрттæ. Уыдонæн сæ фылдæр арæзт æрцыдысты хъæуты. Мах нæ уæрæсейаг коллегæты раз бирæ хатт æрæвæрдтам фарст, цæмæй районты цы хæдзæрттæ рæзы, уыдон уой коттеджты хуызы. Фæлæ уыдон не сразы сты. 2023 азы цы программæйыл кусæм, уым дæр та дзырд цæудзæнис ацы фарстыл. Фæлæ нæ бæстæйы Президент дарддæр дæр кусдзæнис районты хъæуты цæрджыты хисæрмагонд хæдзæрттæй ифтонг кæныны фарстыл», – фехъусын кодта Зæгъойты Эдуард.

                 УАЗÆГТЫ Марфа

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.