1-æм апрелæй 8-ӕм апрелмӕ Хуссар Ирыстоны территорийыл æрцыдис дыууӕ фыдракæнды æмæ раргом сты. Наркотикон буарадтӕй ӕнӕзакъонӕй пайда кӕныны тыххӕй урӕд ӕрцыдысты цалдӕр ӕмбӕстаджы. Уымӕй уӕлдай ма республикӕйы фӕндӕгтыл ӕрцыд дыууӕ фæндагон-транспортон цауы. Авариты фæстиуæгæн рынчындонмæ уӕлӕнгай цӕфтимӕ бахаудтой дыууӕ адæймаджы.

 Планон рейдон мадзӕлттӕ уадзыны рӕстӕджы Фӕндагон змӕлды ӕдасдзинады инспекци къуырийы дӕргъы сбӕлвырд кодта 248 фӕткхалӕн цауы. Уыдонӕй 10 уыдысты нозтджынӕй машинӕ скъӕрыны цаутӕ.

Алыгъуызон бархалыны фӕдыл бӕрндзинадмӕ конд ӕрцыдысты 13 адӕймаджы. Иу фӕткхалӕджы Цхинвалы тæрхондон фæивар кодта 10 мин сомы.

Цхинвалы мидхъуыддӕгты управленийы уголовон фӕдагуырды кусджытӕн сӕ зӕрдӕ фехсайдта нӕ горӕты 25-аздзыд цӕрӕгмӕ наркотикон буарадтӕ спайда кӕнынӕй. Дохтыртӕ куыд рабӕрӕг кодтой, афтӕмӕй бархалӕг спайда кодта наркотикон буарад «марихуана»-йӕ. Горӕт Цхинвалы тӕрхон-дон ӕй фӕивӕр кодта 10 мин сомы.

Фӕндагон змӕлды ӕдасдзинады инспектортӕ нозтджынӕй баурӕдтой Знауыры районы Хслиты хъӕуы 33-аздзыд цӕрӕджы йӕ автомашинӕ «ВАЗ-2109» скъӕргӕйӕ. Уый ма раздӕр дыууӕ хатты урӕд ӕрцыдис нозтджынӕй ӕмӕ йӕ дыууӕ хатты дӕр тӕрхондон фӕивар кодта.

Цхинвалы, Тӕболы фырты уынджы нӕ горӕты 29-аздзыд цӕрӕг нӕ сарӕхст йӕ автомашинӕ «ВАЗ-2114» скъӕрын æмæ сӕмбӕлд электрон рухсы цӕджындзыл. Аварийы фӕстиуӕгӕн машинӕйы бӕлццон уӕлӕнгай цӕфтимӕ бахауд рынчындонмӕ.

Цхинвал-Дзауы фӕндаджы 4-ӕм километры нӕ горӕты 16-аздзыд цӕрӕг «BMW» скъӕрыны, фехӕлдта фӕндагон фӕткойтӕ ӕмӕ афӕлдӕхт фӕсвӕд. Ноджы ма йӕм нӕ разынд бары гӕххӕттытӕ дӕр. Уый дæр уӕлӕнгай цӕфтимӕ бахауд рынчындонмӕ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.