25-æм мартæй 1-ӕм апрелмӕ Хуссар Ирыстоны территорийыл æрцыдис цыппар фыдракæнды æмæ иууылдæр раргом сты. Наркотикон буарадтӕй ӕнӕзакъонӕй спайда кӕныны тыххӕй урӕд ӕрцыдысты цалдӕр ӕмбӕстаджы. Уымӕй уӕлдай ма республикӕйы фӕндӕгтыл ӕрцыд æртæ фæндагон-транспортон цауы. Авариты фæстиуæгæн рынчындонмæ бахаудтой авд адæймаджы, уыдоны ‘хсæн дыууæ сывæллоны.

Планон рейдон мадзӕлттӕ уадзыны рӕстӕджы Фӕндагон змӕлды ӕдасдзинады инспекци къуырийы дӕргъы сбӕлвырд кодта 298 фӕткхалӕн цауы. Уыдонӕй 6 уыдысты нозтджынӕй машинӕ скъӕрыны цаутӕ.

Алыгъуызон бархалыны фӕдыл бӕрндзинадмӕ конд ӕрцыдысты 12 адӕймаджы. Ӕртæйы дзы Цхинвалы тæрхондон фæивар кодта, иуы та дзы ахæстоны сбадын кодта дыууæ мæйы æмгъуыдмæ.

25 марты Дзауы районы милицийы фӕдагуырды ӕмӕ милицийы Сӕрмагонд нысаниуæджы къорды кусджытӕ басгӕрстой Дзауы районы Абанойы хъӕуы 33-аздзыд цӕрӕджы хӕдзар, кӕцымӕ ссардтой гæны ссадæг 200 г. бæрц.

29-ӕм марты милицийы фӕдагуырды управленийы кусджытӕ æрурæдтой Цхинвалы æртæ цæрæджы. 25-ӕм марты уыдон горӕты магазинӕй адавтой тамакотӕ ӕмӕ ӕндӕр товартӕ. Магазины хицауӕн зиан ӕрхастой 41 мин сомы.

28-ӕм марты милицийы Наркотикты ӕрзылдыл контроль кӕныны кусджытӕ Цхинвалы иу магазины ссардтой тамако «Снюс». Магазины хицауы, 34-аздзыд Цхинвалы цӕ-рӕджы, тӕрхондоны уынаффӕмӕ гӕсгӕ ахӕстоны сбадын кодтой дыууӕ мӕйы ӕмгъуыдмӕ ӕмӕ ма йӕ фӕивар кодтой 30 мин сомы дӕр.

25 марты ма Дзауы районы Сохты хъӕуы 58-аздзыд цӕрӕг милицимӕ радта алыхуызон калибры нӕмгуытӕ ӕмӕ автомат «Калашников»-ы магазинтӕ 6 иуӕджы.

25 марты милицийы кусджытӕ байстой цуанон ӕхсӕнгарз Дзауы районы Абанойы хъӕуы цӕрӕгӕй, кӕцымӕ нӕ разынд бары гӕххӕттытӕ.

Цуанон ӕхсӕнгарз ма байстæуыд Дзауы районы Синагуры хъӕуы цӕрӕгӕй, уымӕ дæр нӕ разынд бары гӕххӕттытӕ.

25 марты горӕт Цхинвалы Тӕболты уынджы ӕрцыдис фӕндагон-транспортон цау. Нӕ горӕты 35-аздзыд цӕрӕг нӕ сарӕхст йӕ автомашинӕ «Mersedes» скъӕрын, фехӕлдта фӕндагон фӕткойтӕ ӕмӕ сӕмбӕлд фӕсвӕдлӕууӕг машинӕ «BMW»-йыл. Шофыр уӕлӕнгай цӕфтимӕ бахауд рынчындонмӕ.

27-ӕм марты Цхинвалы Сталины уынгӕй Хетӕгкаты Къостайы уынгмӕ азилӕны нӕ горӕты 22-аздзыд цӕрӕг йӕ автомашинӕ «Mersedes» скъӕргӕйӕ фехӕлдта фӕндагон фӕткойтӕ ӕмӕ сӕмбӕлд автомашинӕ «ВАЗ-21091»-ыл, кӕцыйы шофыр та разынд Цхинвалы 38-аздзыд цӕрӕг. «Mersedes»-ы шофырмӕ нӕ разынд бары гӕххӕттытӕ.

27-ӕм марты Знауыры районы Мугърисы хъӕуы 70-аздзыд цӕрӕг нӕ сарӕхст йӕ автомашинӕ «ВАЗ-2115» скъӕрын ӕмӕ сӕмбӕлд фӕсвӕдлӕууӕг автомашинӕ «УАЗ-469»-ыл, кӕцыйы шофыр та разынд Знауыры районы Дзагъинайы хъӕуы 34-аздзыд цӕрӕг. Аварийы фӕстиуӕгӕн автомашинӕ «ВАЗ-2115»-ы шофыр ӕмӕ йӕ бӕлцӕттӕ фондзӕй алыхуызон цӕфтимӕ бахаудтой рынчындонмӕ. Дыууӕ бӕлццоны дзы уыдысты сывӕллӕттӕ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.