РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли схорзæхджын кодта майдантæй æмæ кады грамотатæй æндæр æмæ æндæр професситы кусджыты. Уыдоны ‘хсæн уыдысты барадхъахъхъæнæг органты, Президенты Администраци, ахуырады, бастдзинад,  æмæ ма æндæр къабæзты кусджытæ. Президент сын зæрдиагæй раарфæ кодта сæ æнтысгæ куысты тых-хæй, Ирыстонæн кæй лæггад кæнынц æмæ сæ зæрдæ сæ профессийыл кæй нæ ивынц.

«Стыр бузныг уын зæгъын, уæ куыстмæ уын ахæм профессионалон ахаст кæй ис, уый тыххæй. Сымах стут алыгъуызон професситы кусджытæ, фæлæ иууылдæр архайут Ирыстоны хæрзæбонæн, лæггад кæнут уæ уарзон адæмæн. Уырны мæ, дарддæр дæр афтæ æнтысгæйæ кæй архайдзыстут æмæ пайда кæй хæсдзыстут уæхицæн дæр æмæ уæ райгуырæн бæстæйæн дæр. Мæ зæрдæ уын зæгъы ноджыдæр стыр æнтыстытæ царды, фидар æнæниздзинад цæмæй уæ бинонты хорздзинадмæ кæсат кæддæриддæр», – банысан кодта Бибылты Анатоли.

Бæстæйы сæргълæууæг ма схорзæхджын кодта РХИ-йы раздæры президент Тыбылты Леониды «Республикæ Хуссар Ирыстоны сырæзтыл 25 азы сæххæсты цытæн»майданæй æмæ йын стыр бузныджы ныхæстæ загъта, нæ Республикæйы рæзтмæ егъау хайбавæрд кæй бахаста, уый фæдыл. Президенты къухæй Кады орден райста Беппиты Алекси дæр, кæцы бирæ азты кусы дзабырхуыйæгæй.

ДЖИОТЫ Александр                                                                           

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.