2-ӕм мартӕй 9-æм мартмæ Хуссар Ирыстоны территорийыл  цы фондз фыдракæнды æрцыдис, уыдонæй цыппар раргом сты. Наркотикон буарадтӕй ӕнӕзакъонӕй спайда кӕныны тыххӕй урӕд ӕрцыдысты цалдӕр ӕмбӕстаджы. Уымӕй уӕлдай ма республикӕйы фӕндӕгтыл ӕрцыд ӕртӕ фæндагон-транспортон цауы.

Фӕндагон змӕлды ӕдасдзинады инспекци къуырийы дӕргъы сбӕлвырд кодта 217 фӕткхалӕн цауы. Уыдонӕй 10 уыдысты нозтджынӕй машинӕ скъӕрыны цаутӕ.

Ӕхсӕнадон фӕтк фехалыны фӕстиуӕгӕн бӕрндзинадмӕ конд ӕрцыдысты 11 адӕймаджы.

Цхинвалы районы Гудзабары хъӕуы хисӕрмагонд хӕдзарӕй фесӕфт ӕфсӕйнагӕй конд арӕзтадон ӕрмӕджытӕ, кӕцыты аргъ уыд 100 мин сомы. Милицийы фӕдагуырды кусджытӕ цыбыр ӕмгъуыдмӕ ӕрцахстой горӕт Цхинвалы 23-аздзыд цӕрӕджы, кӕцымӕ сӕ зӕрдӕ фехсайдта ацы фыдракӕнд саразынæй. Давӕггаг ӕрмӕджытӕ конфискаци ӕрцыдысты. Слестгӕнӕн управленийы баконд ӕрцыд уголовон хъуыддаг.

Горӕт Цхинвалы мидхъуыддӕгты управленимӕ 55-аздзыд цӕрӕг хъаст балӕвӕрдта, зӕгъгӕ мын къӕрныхтӕ, паддзахадон ансамбль «Симд»-ы цур цы зӕххы хай ис, уырдыгӕй адавтой арӕзтадон ӕрмӕг профнастилы 90 иуӕджы, кӕцыты аргъ у 72 мин сомы. Милицийы кусджытӕ агурынц фыдгӕнджыты. Баконд ӕрцыд уголовон хъуыддаг.

Фӕндагон змӕлды ӕдасдзинады инс-пектортӕ сӕ службӕйон хӕстӕ ӕххӕст кӕнгӕйӕ бауайдзӕф кодтой Цхинвалы 19-аздзыд цӕрӕгӕн, кӕцы фехӕлдта фӕндагон транспортон фӕткойтӕ йӕ автомашинӕ «ВАЗ-21230» скъӕргӕйӕ. Шофыр йӕхи равдыста агрессивонӕй ӕмӕ къухӕй ныццавта инспекторы, стӕй абадт йӕ автомашинӕйыл ӕмӕ бамбӕхст. Ныридӕгӕн ист цӕуынц агурӕн мадзӕлттӕ, фӕткхалӕджы бӕрндзинадмӕ ӕркӕныны тыххæй.

Наркотикон буарадты æрзылд контроль кæныны фæдыл кусджытæ баурӕдтой 5 горӕттаг цӕрӕджы, кӕцытӕм сӕ зӕрдӕ фехсайдта наркотикон буарад «марихуана»-йӕ спайда кӕнынӕй. Фӕткхалджыты Цхинвалы тӕрхондон фӕивар кодта  фæйнæ 8 мин сомы.

Милицийы экономикон фыдракӕндтӕ ма ӕруадзыны управленийы кусджытӕ та нӕ республикӕйы афтекты рейдон мадзӕлттӕ ауадзыны фӕстиуӕгӕн сконфискаци кодтой Гуырдзыстоны уагъд медицинон препараттӕ. РХИ-йы Хицауады Уынаффӕмӕ гӕсгӕ 2007 азӕй фӕстӕмӕ нӕ республикӕйы территорийыл гуырдзиаг медицинон препараттӕн уӕй кӕныны бар нӕй.

Цхинвалы районы Стыркомы хъӕугӕрон ссыгъд Цхинвалы дзулфыцӕн куыстуаты автомашинӕ «Газель», кӕцы радон хатт ӕрбаласта ацы комбӕсты адӕмӕн дзул. Автомашинӕйы шофыр, Цхинвалы 56-аздзыд цӕрӕг ӕмӕ йӕ бӕлццон, Цхинвалы районы Ортъеуы хъӕуы 49-аздзыд цӕрӕг, артсирвӕзты фӕстиуӕгӕн райстой уӕлӕнгай травмӕтӕ.

Ленингоры поселочы рахизӕны Цӕгат Ирыстоны 28-аздзыд цӕрӕг нӕ сарӕхст йӕ автомашинӕ «ВАЗ-2114» скъӕрынмæ, фехӕлдта фӕндагон фӕткойтӕ ӕмӕ ахауд фӕсвӕндаг. Аварийы фӕстиуӕгӕн шофырӕн йӕ къух асаст ӕмӕ бахауд Цхинвалы рынчындонмӕ.

Дзауы районы Хъемултайы хъӕуы 50-аздзыд цӕрӕг Цхинвалы Сталины уынгыл йӕ автомашинӕ «Mitsubishi Pajero» скъӕргӕйӕ фехӕлдта фӕндагон фӕткойтӕ ӕмӕ сӕмбӕлд йӕ ныхмӕцӕуӕг автомашинӕ «Toyota Mark II»-йыл, кӕцыйы шофыр та разынд 20-аздзыд горӕттаг цӕрӕг.

Горӕт Цхинвалы 34-аздзыд цӕрӕг Сталины уынгыл йӕ автомашинӕ «Nissan Fuga» скъӕргӕйӕ фехӕлдта фӕндагон фӕткойтӕ ӕмӕ сӕмбӕлд йӕ ныхмӕцӕуӕг автомашинӕ «ВАЗ-2131»-ыл, кӕцыйы шофыр та разынд Знауыры районы Хъорнисы хъӕуы 42-аздзыд цӕрӕг. Аварийы фӕстиуӕгӕн дыууӕ шофыр дӕр алыгъуызон цӕфтимӕ бахаудтой рынчындонмӕ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.