ДЗЮДО

Æвзонг дзюдоисткæ Æлборты Аланæ ссис, 18 азы онг кæуыл цæуы, уыцы спортсменкæты ‘хсæн Европæйы Кубокы æвзист призер. Ерыстæ уагъд цыдысты Тулайы. Хайад сæ райстой 300 дзюдоистæй фылдæр. Аланæ архайдта +70 кг  уæзы категорийы. Йæ тренер Тъуриты Тенгиз куыд банысан кодта, афтæмæй уыд тынг хорз цæттæ.

«Аланæ дарддæр цæттæ кæндзæн йæхи æндæр ерыстæм. Фидарæй мæ уырны, хорз фидæн æм кæй æнхъæлмæ кæсы, уый», – банысан кодта Тъуриты Тенгиз.

БОКС

Хуссарирыстойнаг боксер Хъæцмæзты Дмитри фæуæлахиз æвзæнгты ‘хсæн Хуссар Федералон зылды чемпионаты. Ерыстæ уагъд цыдысты Волгограды. Дмитри архайдта 91 кг уæзы категорийы. Уый дыууæ хатты фембæлд йæ ныхмæлæуджытимæ æмæ сыл фæуæлахиз. Ацы æнтысты фæрцы йын бар ис сæрды Казаны уагъдцæуæг Дунеон спартакиадæйы хайад райсынæн.

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ ма Хъæцмæзты Дмитри ацы аз  кæй фæуæлахиз æвзæнгты ‘хсæн РЦИ-Аланийы æмæ Волгограды областы чемпионатты.

Спортсмены тренертæ сты Бестауты Чермен æмæ Тедеты Алик.

***

Стъараполы крайы уагъд цыд боксæй æппæтуæрæсейон турнир «Спорт против наркотиков». Ерысты хайад райста хуссарирыстойнаг спортсмен Хуриты Рубен. Уый бæрæг тыхджындæр уыд йæ ныхмæлæуджытæй. Финалы æнцонтæй рамбылдта Мæхъæлы минæвары. Хуриты Рубен у Ленингоры районы Гъдулеты хъæуæй рацæугæ. Ныртæккæ тренировкæ кæны Беслæны тренер Кокойты Хъазбегмæ.

 

ФУТБОЛ

Цæгатирыстойнаг футболон командæ «Спартак-Дзæуджыхъæу» Уæрæсейы чемпионаты дыккаг дивизионы «Хуссар» зонæйы 20-æм туры фæхæрд Майкопы «Дружба»-йæн 1:2 хыгъдæй.

6-æм апрелы «Спартак-Дзæуджыхъæу» уазæгуаты хъаздзæн Стъараполы «Динамо»-имæ.

СУМО

Ирон сумоисттæ расгуыхтысты Смоленскы уагъдцæуæг Уæрæсейы чемпионаты. Уым абсолютон уæзы категорийы фæуæлахиз Мæргъиты Васили, дыккаг бынат та бацахста Багаты Руслан, +115 кг  уæзы категорийы дæр ацы дыууæ ирон богалæн нæ разынд аккаг ныхмæлæууæг – фыццаг ссис Багаты Руслан, дыккаг бынат та бацахста Мæргъиты Васили. Ноджы ма иу сыгъзæрин майдан бафтыд Хъараты Зауыры къухты. Уый та архайдта 115 кг  уæзы категорийы. Ацы уæзы æртыккаг та ссис Куыдзойты Эдуард.  Ирыстонмæ ма æвзист майданимæ æрыздæхт Бызыккаты Аслан   (85 кг).

Смоленскы ма ерыс кодтой 22-24 аздзыд сумоисттæ дæр. Уым дæр иууыл тыхджындæр разындысты ирон спортсментæ. Абсолютон уæзы категорийы фæуæлахиз Рæмонты Азæмæт, +115 кг уæзы рамбылдта Битарты Руслан æмæ 115 кг уæзы категорийы  та фыццаг ссис Цъагъаты Давид. +115 кг уæзы категорийы  ма æвзист майдан рамбылдта Коцты Сослан.

ХУРИТЫ Батрадз 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.