2-ӕм декабрӕй 9-æм декабрмæ Хуссар Ирыстоны территорийыл  ӕрцыдис иу фыдракæнд ӕмӕ раргом ис. Наркотикон буарадтӕй ӕнӕзакъонӕй пайда кӕныны тыххӕй урӕд ӕрцыдысты цалдӕр ӕмбӕстаджы. Уымӕй уӕлдай ма къуырийы дӕргъы республикӕйы фӕндӕгтыл ӕрцыд цыппар аварийы, кӕцыты фӕстиуӕгӕн рынчындонмӕ бахаудтой ӕртӕ адӕймаджы ӕмӕ, хъыгагаӕн, ӕртӕ адӕймаг та мӕлгӕ акодта. 

Планон рейдон мадзӕлттӕ уадзыны рӕстӕджы Фӕндагон змӕлды ӕдасдзинады инспекци къуырийы дӕргъы сбӕлвырд кодта 260 фӕткхалӕн цауы. Уыдонӕй 4 уыдысты нозтджынӕй машинӕ скъӕрыны цаутӕ.

Ӕхсӕнадон фӕтк фехалыны фӕстиуӕгӕн бӕрндзинадмӕ конд ӕрцыдис иу адӕймаг.

7-ӕм декабры изӕрӕй Цхинвал-Ленингоры фӕндаджы 1-ӕм километры ӕрцыдис фӕндагон-транспортон цау, кӕцыйы фӕ-мардысты ӕртӕ ӕрыгон горӕттаг цӕрӕджы. 28-аздзыд шофыр нӕ сарӕхст йӕ машинӕ «Лада Гранта» скъӕрын, ахаудта фӕн-даджы фӕсвӕд ӕмӕ афӕлдӕхт. Ӕнамонд цау ахӕм бынаты ӕрцыд ӕмӕ фӕндагмӕ нӕ зындысты, ӕмӕ сӕ уый фӕстиуӕгӕн дыккаг бонмӕ ничи федта. Хъыгагӕн, шофыр ӕмӕ йӕ дыууӕ бӕлццоны, 28-аздзыд ӕмӕ 30-аздзыд, уӕззау травмӕтӕ райсыны фӕстиуӕгӕн фӕмардысты. 

Милицийы наркотикон буарадты ӕрзылд контроль кӕныны управленийы кусджытӕ баурӕдтой горӕттаг 26-аздзыд цӕрӕджы ӕмӕ йӕм машинӕйы басгӕрсты рӕстӕджы ссардтой, дымгӕ кӕцы нӕ кӕнынц, ахӕм тамако «Насвай», кӕцыйӕн Хуссар Ирыстоны уӕй кӕныны бар нӕй. Ацы ӕмбӕстаг ма раздӕр дӕр бӕрндзинадмӕ  конд ӕрцыдис, наркотикон буарадтӕ кӕй парахат кодта, уый тыххӕй. Уымӕй уӕлдай ма милицийы кусджытӕ баурӕд-той 32-аздзыд ӕмӕ 21-аздзыд горӕттаг цӕрджыты, кӕцытӕ ӕнӕ-закъонӕй спайда кодтой наркотикон буарадтӕй. Фӕткхалджытӕ тӕрхондоны уынаффӕмӕ гӕсгӕ ивар ӕрцыдысты фӕйнӕ 8 мин сомы.

31-аздзыд горӕттаг цӕрӕг нӕ сарӕхст йӕ автомашинӕ «ВМW-525i» скъӕрын, фехӕлдта фӕндагон фӕткойтӕ ӕмӕ Хъайтарты уынгӕй Тӕболты уынгмӕ азилӕны сӕмбӕлд ӕндӕр автомашинӕ «ВАЗ-21099»-ыл, кӕцыйы шофыр та разынд Цъунары хъӕуы 23-аздзыд цӕрӕг. Аварийы фӕстиуӕгӕн «ВАЗ-21099»-ы  шофыр рынчындонмӕ бахаудта. Цхинвалы 8-ӕм Июны уынгыл, 40-аздзыд горӕттаг цӕрӕг, йӕ автомашинӕ «Mitsubishi Pajero» скъӕргӕйӕ, фехӕлдта фӕндагон фӕткойтӕ ӕмӕ сӕмбӕлд ӕндӕр автомашинӕ «Lada Granta»-йыл, кӕцыйы шофыр разынд 25-аздзыд уӕрӕсейаг ӕфсӕддон. Аварийы фӕстиуӕгӕн дыууӕ шофыр дӕр бахаудтой рынчындонмӕ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.