25-ӕм февралæй 4-ӕм мартмӕ Хуссар Ирыстоны территорийыл æрцыдис дыууæ фыдракæнды æмæ раргом сты.  Республикӕйы фӕндӕгтыл ӕрцыд цыппар фæндагон-транспортон цауы. Авариты фæстиуæгæн рынчындонмæ бахаудтой 6 адæймаджы.

Планон рейдон мадзӕлттӕ уадзыны рӕстӕджы Фӕндагон змӕлды ӕдасдзинады инспекци къуырийы дӕргъы сбӕлвырд кодта 255 фӕткхалӕн цауы. Уыдонӕй 8 уыдысты нозтджынӕй машинӕ скъӕрыны цаутӕ.

Алыгъуызон бархалынæдты фӕдыл бӕрндзинадмӕ конд ӕрцыдысты 13 адӕймаджы. Иу æмбæстаджы горæт Цхинвалы тæрхондон фæивар кодта 2 мин сомы.

Знауыры районы Тигъуайы хъӕуы ссыгъд хисӕрмагонд хӕдзар. Зынгсирвӕзты рӕстӕджы хӕдзары хицау, Тигъуайы хъӕуы 50-аздзыд цӕрӕг, баззад йӕ мидӕг ӕмӕ басыгъд. Фӕмардуӕвӕг уыд психикон рынчын, арӕх-иу уыд нозтджын. Эксперттӕ ӕрцыдысты ахӕм хатдзӕгмӕ, ома, зынгсирвӕзты аххосаг уыд судзгæ тамако.

Знауыры районы Чъорбаулы хъæуы æрцыд æнамонд цау. Ацы хъæуы 40-аздзыд цæрæг йæ кæрты йæхи фехста пистолетæй æмæ фæмард.

Цхинвалы районы Хелцуайы хъӕуы 67-аздзыд цӕрӕгмӕ абырӕг бахызт хӕдзармӕ, фӕнадта йӕ ӕмӕ дзы байста 2600 сомы. Фӕдагурӕн мадзӕлттӕ ауадзыны фӕстиуӕгӕн ахст ӕрцыд Хелцуайы хъӕуы 24-аздзыд цӕрӕг. Фыдгӕнӕг басаст йӕ фыдракӕндыл.

Милицийы уголовон агуырды управленийы кусджытӕ ӕрцахстой Цхинвалы 42-аздзыд цӕрӕджы, кӕцы 2018 азы Знауыры районы Убиаты хъӕуы цӕрӕгӕй адавта ӕхцатӕ. Йемæ чи уыд, Цхинвалы уыцы 42-аздзыд цӕрӕг йӕхӕдӕг бацыд милицимӕ. Дыууӕ фыдгӕнӕджы дӕр басастысты сӕ фыдракӕндтыл.

Цхинвалы Октябры уынгӕй Чкаловы уынгмӕ фæзилӕны Цхинвалы 45-аздзыд цӕрӕг нӕ сарӕхст йӕ автомашинӕ «ВАЗ-2107» скъӕрын, фехӕлдта фӕндагон фӕткойтӕ ӕмӕ ныццавта нӕ горӕты 24-аздзыд цӕрӕджы,  уый бахауд рынчындонмӕ. Шофыр разынд нозтджын.

Дзау – Цхинвалы фӕндаджы 2-ӕм километры ӕрцыд фӕндагон-транспортон цау. Дзӕуджыхъӕуы 28-аздзыд цӕрӕг нӕ сарӕхст йӕ автомашинӕ «BMW» скъӕрын, фехӕлдта фӕндагон фӕткойтӕ ӕмӕ сӕмбӕлд йӕ ныхмӕ цӕуӕг автомашинӕйыл, кӕцыйы шофыр та разынд Дзауы районы Кировы хъӕуы 47- аздзыд цӕрӕг. Автомашинӕ «BMW»-йы шофыр ӕмӕ йӕ бӕлццӕттӕ  – йӕ ус ӕмӕ йӕ 3 сывӕллоны, бахаудтой рынчындонмӕ.

Горæт Цхинвалы Медведевы уынгæй 8-æм Июны уынгмæ фæзилæны æрцыд фæндагон-транспортон цау. Горæты 28-аздзыд цæрæг нæ сарæхст йæ автомашинæ «ВАЗ-2114» скъæрын. Фехæлдта фæндагон фæткойтæ æмæ сæмбæлд сæйраг фæндагыл цæуæг автобусыл. «ВАЗ-2114»-йы шофыр разынд нозтджын.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.