29 марты Цхинвалы бирæпрофилон колледжы ауагъдæуыд культурон мадзал – Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад цы паддзахадтæ банымадтой, уыцы бæстæты культурæты равдисыны фæдыл фестиваль. Мадзалмæ фæуазæг сты бæстæйы Президент Бибылты Анатоли, РХИ-йы культурæйы министр Зассеты Жаннæ, РХИ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Медойты Димитр, РХИ-йы Ахуырад æмæ зонады министр Гасситы Натали, Уæрæсейы минæварады уынаффæгæнæг Сергей Манько æмæ æндæр бæрнон кусджытæ.

Колледжы директор Козаты Лирæ бузныг загъта æрæмбырдуæвджытæн æмæ банысан кодта, зæгъгæ, ацы фестивалæн ис егъау нысаниуæг адæмты æрбангом кæнынæн.

«Ахæм мадзæлтты фæрцы мах базонгæ вæййæм æндæр адæмты культурæимæ, традицитимæ, цардимæ. Уæлдайдæр та нæ цы бæстæтæ банымадтой хæдбар паддзахадыл, уыцы адæмты культурæ махæн у цымыдисондæр æмæ нæм арфдæр æнкъарæнтæ сывзæрын кæны. Стыр бузныг мæ фæнды зæгъын нæ Президент Бибылты Анатолийæн, кæцы аккаг хъусдард здахы колледжы ахуырады процессмæ æмæ йæ фæрцы аскъуыддзаг вæййынц нæ проблемон фарстатæ», – загъта колледжы директор.

Бибылты Анатоли дæр йæ раныхасы загъта, зæгъгæ, хицауады ‘рдыгæй кæдфæнды дæр уыдзæн егъау хъусдард колледжмæ æмæ сæ зындзинæдты алыхатт дæр уыдзысты сæ фарсмæ.

«Стыр бузныг зæгъын колледжы директорæн йæ ахадæн куысты тыххæй. Уымæн бантыстис æрбангом кæнын ахуырадон уагдоны кусджыты æмæ сæ сразæнгард кодта сæ хæстæ æнтысгæйæ æххæст кæнынмæ. Сæ фæрцы колледжы студенттæ  исынц аккаг зонындзинæдтæ æмæ сомбон нæ паддзахад нал тыхсдзæнис специалистты хъуагдзинадыл, кæцытæ сты æнæмæнгхъæуæг алы æхсæнады дæр», – загъта бæстæйы Президент.

Бæстæйы сæргълæууæг ма куыд банысан кодта, афтæмæй паддзахад æппынæдзух архайы, цæмæй нын нæ хæлар бæстæтимæ уа ноджы хуыздæр æмæ арфдæр культурон æмæ экономикон ахастытæ.

Раныхас кодтой уазджытæ дæр. Банысан кæнын хъæуы уый æмæ Приднестровьейы паддзахадимæ Руспубликæ Хуссар Ирыстон къух кæй æрфыста Хæлардзинад æмæ æмгуысткæнынады бадзырдыл 1994 азы æмæ уæдæй фæстæмæ фидар кæнынц культурон æмæ политикон бастдзинæдтæ нæ адæмты ‘хсæн.

Мадзал рауад тынг цымыдисон. Ахуыргæнинæгтæ дзырдтой нæ хæдбардзинад банымайæг бæстæты тыххæй, æрдзырдтой сын сæ историйыл, сæ цардыл, сæ культу-рæйыл. Бирæ историон цауты фæдыл бацæттæ кодтой видеофильмтæ æмæ сæ равдыстой стыр экраныл. Стæй ма бацæттæ кодтой уыцы бæстæты национ кафтытæ æмæ зарджытæ дæр. Алы бæстæйы номыл дæр хицæнæй сæвæрдтой фынг сæ национ хæринæгтимæ æмæ фынгмæ фæхуыдтой уазджыты дæр. Уыдон баззадысты райгондæй æмæ бузныджы ныхæстæ дзырдтой,  мадзал чи бацæттæ кодта, уыдонæн.

ДЖИОТЫ Александр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.