19-æм июлæй 26 июлмæ Хуссар Ирыстоны территорийыл фыдракæнд не ‘рцыдис. Наркотикон буарадтӕй ӕнӕзакъонӕй спайда кӕныны тыххӕй урӕд ӕрцыдысты цалдӕр ӕмбӕстаджы. Уымæй уæлдай ма республикӕйы фӕндӕгтыл ӕрцыдис фондз фæндагон-транспортон цауы. Авариты фæстиуæгæн рынчындонмæ алыгъуызон цæф-тимæ бахаудта иу адæймаг æмæ, хъыгагæн, иу æмбæстаг та фæмард.

Алыгъуызон бархалыны фӕдыл бӕрндзинадмӕ конд ӕрцыдысты дыууæ адӕймаджы.

Фæндагон змæлды æдасдзинады инспекци къуырийы дæргъы сбæлвырд кодта 267 фæткхалæн цауы. Уыдонæй 7 уыдысты нозтджынæй машинæ скъæрыны цаутæ.

Милицийы наркотикты ӕрзылды контроль кӕныны управленийы кусджытӕ баурæдтой нæ горæты 41 æмæ 43-аздзыд æмбæстæгты, кæцытæм сæ зæрдæ фехсайдта наркотикон буарадтæй спайда кæнынмæ. Фæткхалджытæ нæ бакуымдтой медицинон басгæрстмæ æмæ сæ тæрхондон фæивар кодта.

22 июлы милицийы уголовон фæдагуырды æмæ информацион-координацион центры кусджытæ æрцахстой нæ республикæйы 47-аздзыд æмбæстаджы, кæцыйы рагæй фæстæмæ агуырдтой барадхъахъхъæнæг органтæ фыдракæнд саразыны фæстиуæгæн. 1999 азы ацы æмбæстаг цалдæр æмбалимæ бахызт горæттаг цæрæджы хæдзармæ, æрдхъирæн æм кодтой амарынæй, æмæ дзы рахастой æхцайы фæрæзтæ æмæ мобилон телефон. Фыдгæнæг бады ахæстоны.

24 июлы милицийы кусджытæ Знауыры районы Фæзыхъæуы баурæдтой æнæзонгæ адæймаджы, кæцы разынд Гуырдзыстоны æмбæстаг, Карелы районы Джагараанткарийы хъæуы 37-аздзыд цæрæг. Ацы фæткхалæг æнæзакъонæй æрбахызт паддзахадон арæны сæрты æмæ ныридæгæн лæвæрд æрцыд арæнхъахъхъæнджытæм.

24 июлы райсомæй Цхинвалы районы Ногхъæуы æрцыд фæндагон-транспортон цау. Горæттаг 68-аздзыд цæрæг нæ сарæхст йæ автомашинæ «HONDA CR-V» скъæрынмӕ æмæ сæмбæлд электроны рухсы цæджындзыл. Аварийы фæстиуæгæн шофыр райста алыгъуызон уæззау цæфтæ æмæ фæмард.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.