Фæстиуджытæ арæзт æрцыд, Цхинвалы районы паддзахадон æмæ фермерон хæдзарадтæ цы куыст бакодтой, уымæн. Статистикон хайады фæстаг зонæнтæй куыд бæрæг у, афтæмæй хæдзарадтæ ӕдӕппӕт хъæбæрхор  байтыдтой 304 гектары, уыцы нымæцы Къостайыхъæуы паддзахадон хæдзарад – 187 га, «Икъорта» -37 га, «Алан» – 30 га, Бибылы фырты хæдзарад «Цъунар» – 18 га, «Фат»-13 га æмæ æндæртæ. Нартхоры культурæ байтыдта æрмæст «Икъорта»-йы хæдзарад æмæ йæ фæзуат бацахста 10 гектары. Сысджы та 44 га тыд æрцыд «Тъбет»-ы фермерон хæдзарадæн æмæ иу га та байтыдта «Аз».

Таугæ кæрдæджытæ люцернæ æмæ эспарцет хæдзарадтæ байтыдтой ивгъуыд азты. Люцернæ районæн тыд æрцыд 30,5 га, уыцы нымæцы фæйнæ 10 га байтыдтой «Сæуæхсид» æмæ «Икъорта», 5 га тыд æрцыд Зæгъойты А. арендæйæн æмæ æндæртæ. Эспарцет иууыл фылдæр байтыдта Зæгъойты А. арендæ – 10 га, фæйнæ æртæ га та «Аз» æмæ «Сæуæхсид», 4 гектары та тыд æрцыд «Виктория»-йы зæххы.

 

ФОСДАРДЫ КЪАБАЗЫ

Фосдарды куыст чи кæны, ахæм фермерон хæдзарадтæ районы æдæппæт нымадæуы 10 æмæ се стурты нымæц у 317, уыцы нымæцы хъуццытæ та сты 118. Фылдæр стуртæ чи дары, уыдоны нымæцы сты «Арцеу»-ы хæдзарад -107, «Тъбет» – 89, «Алан» – 47, «Хуры тын» – 20, «Фат» – 15 æмæ æндæртæ. Хъуццытæ иууыл фылдæр дары «Арцеу»-ы хæдзарад – 43, стæй та «Тъбет» – 37, «Алан» – 25, «Тын» – 20 æмæ æндæртæ. Хæдзарадтæй фысдарды куыст кæнынц æрмæстдæр «Алан»-ы фосдарджытæ æмæ сæ нымæц хæццæ кæны 100. Ацы хæдзарад ма дары мæргътæ дæр æмæ сæ нымæц у 90. Родтæ районы нымадæуы æдæппæт 64, уыцы нымæцы «Тъбет» хъомыл кæны 37, «Алан» – 12, «Арцеу» – 10, «ФАТ» – 3 æмæ «Цъунар» та – дыууæ роды. Уæрыччытæ æмæ сæныччыты нымæц «Алан» – ы сты 100. Районы æртæ хæдзарады дарынц бæхтæ дӕр.

Хуыбиаты Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.