5-æм апрелæй 12-æм апрелмæ Хуссар Ирыстоны территорийыл æрцыдис иу фыдракæнд. Наркотикон буарадтӕй ӕнӕзакъонӕй спайда кӕныны тыххӕй урӕд ӕрцыдысты цалдӕр ӕмбӕстаджы. Уымæй уæлдай ма республикӕйы фӕндӕгтыл ӕрцыдис иу фæндагон-транспортон цау. Аварийы фæстиуæгæн рынчындонмæ алыгъуызон цæфтимæ бахаудта иу адæймаг.

Алыгъуызон бархалынæдты фӕдыл горæт Цхинвалы мидхъуыддæгты управленийы кусджытæ бӕрндзинадмӕ æркодтой цыппар адӕймаджы.

Фæндагон змæлды æдасдзинады инспекци къуырийы дæргъы сбæлвырд кодта 174 фæткхалæн цауы. Уыдонæй иу уыдис нозтджынæй машинæ скъæрыны цау.

Горæт Цхинвалы милицийы хайадмæ бынæттон 59-аздзыд  цæрæг фехъусын кодта, зæгъгæ мын мæ хæдзарæй къæрныхтæ адавтой 1 миллуан сомы æмæ ма кусæн дзаума перфоратор. Ацы цауы фæдыл слестгæнæн управленийы баконд æрцыд уголовон хъуыддаг æмæ дарддæр ист цæуынц оперативон-агурæн мадзæлттæ.

Милицийы наркотикты ӕрзылды контроль кӕныны управленийы кусджытӕ баурæдтой дыууæ æмбæстæджы, кæцытæм сæ зæрдæ фехсайдта наркотикон буарадтæй спайда кæнынмæ. Фæткхалджытæ нæ бакуымдтой медицинон басгæрстмæ æмæ сæ горæт Цхинвалы тæрхондон фæивар кодта фæйнæ 8 мин сомы. Уымæй уæлдай ма ноджы дыууæ горæттаг цæрæджы тæрхондон фæивар кодта фæйнæ 8 мин сомы наркотикон буарад «марихуанайæ» спайда кæныны тыххæй. Дыууæ æмбæстаджы та конд æрцыдысты рæстæгмæдарæн камерæйы наркотикон буарад «марихуанайæ» спайда кæныны тыххæй.

8-æм апрелы рынчындонмæ уæззау уавæры бахаудтой горæттаг 60-аздзыд цæрæг æмæ дыууæ уæрæсейаг æмбæстаджы, кæцытæ фæулæфыдысты сыгъдхъæстæ.

11-æм апрелы Знуыры районы Принеуы хъæуы 40-аздзыд цæрæг йæ хъæумæ æввахс доны былыл ссардта танкæтæ рæмудзæн минæ «ПМ-57». Бынатмæ бацыдысты сапертæ æмæ тæссаг предмет раластой полигонмæ, цæмæй йæ скуынæг кæной.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.