(Темырханты Сосланы райгуырдыл сæххæст 140 азы)

Паддзахы заманы дæр Ирыстоны бирæ стыр ахуыргонд адæм уыд, фæлæ сæ фылдæрæн советон дуджы сæ нæмттыл авд гуыдыры æвæрд æрцыд. Уæлдайдæр паддзахы æфсады чи службæ кодта, уыдонæн.

Нæуæдзæм азты онг дæр ма йæ ном тобæгонд кæмæн уыд, уыдонæй иу уыд йæ рæстæджы ахуыргонд, фыссæг, «Иры истори»-йы автор, педагог, фольклор æмбырдгæнæг, паддзахы æфсады афицер Темырханты Сослан (Вано). Уый йæ цыбыр царды стыр æвæрæн бахаста ирон литературæ æмæ историмæ.

Трагикон уыд йæ хъысмæт Темырханы-фыртæн йæ райгуырдæй фæстæмæ. Райгуырд Мæздæджы ирон хъазахъхъаг бинонты ‘хсæн. Каст фæци реалон скъола, стæй та Тифлисы юнкерты училище æмæ поручикы цинимæ æрвыст æрцыд Георгиевскы фæстауæрцон батальонмæ. Архайдта уæрæсейаг-япойнаг хæсты æмæ Фыццаг дунеон хæстыты.

Йæ амонд ссарыны рæстæджы дæр кæуинаг рауад йæ хъысмæт. Бауарзта мæздæггаг чызг Верæ Яковлевайы, фæлæ йæ йæ фыдыфыд æнæ ирæд нæ лæвæрдта. Сослан та, куыд ног дуджы минæвар, уыд ирæды ныхмæ. Чызг йæхи фехста. Лæппу уый куы федта, уæд йæ мæстæй амардта зæронд лæджы. Чызг аирвæзт, бацардысты, фæлæ йыл йæ цæф æртæфст æмæ дыууæ чысыл чызгимæ, Сосланы идæдзæй ныууадзгæйæ, ацыд йе ‘нусон бынатмæ. Уый стыр цæф уыд лæп-пуйæн. Сывæллæтты хъомыл кæнынмæ ракодта сæ фыдыхо Сашæ.

Темырханты Сослан революцийы рæстæг баззад дыууæты ‘хсæн. Йæ зæрдæмæ не ‘рцыдысты революцийы идейæтæ, хорз æм нæ каст меньшевикты архайд дæр. Фæстагмæ ныууагъта йæ службæ æмæ рахызт зонадон æмæ сфæлдыстадон куыстмæ. Мыхуыры иугай фæзындысты йæ радзырдтæ «Уастырджи æмæ сау барæг», «Залкалм», «Ног хъалон», «Минас», «Ирæд», «Фæллой» æмæ бирæ æндæртæ. Мæздæг, зæгъæн ис, æмæ уырыссаг горæт у, йæ ирон цæрджытæй дæр йæ мадæлон æвзагыл чи дзуры, ахæмтæ бирæ не сты. Фæлæ курдиатджын адæймаг алцæмæ дæр зæрдæргъæвд у. Сослан сыгъдæг дзырдта æмæ фæлдыста дыууæ æвзагыл дæр. Фæлæ æдзух архайдта йæ мадæлон æвзаг фæхъæздыгдæр кæныныл. Йæ архайдæн ын стыр аргъ кодтой ирон интеллигенцийы минæвæрттæ Æлборты Барысби, Æмбалты Цоцко, Дзагуырты Гуыбады æмæ иннæтæ.

Уарзта цард, ахуырад, рухстауæн куыст, æфсады фæстæ кодта ахуыргæнæджы куыст. Фæлæ уыцы заманы, цæвæг марæджы куы нал æвзæрста, бынтон ницæйы тыххæй дæр-иу адæймаджы куы фесæфтой, уæд паддзахы раздæры афицерыл чи хъуамæ бацауæрстаид. 1925 азы йæ æрцахстой.  Бирæ ма фенхъæлмæ каст кæд ын Ирыстоны хицауад баххуыс кæнид æмæ йын йæ рæстдзинад базониккой, уымæ. Фæлæ йын ничи баххуыс кодта. Уый адыл фесæфт йæ тæккæ кусын æмæ сфæлдыстадон кары Ирыстоны патриоттæй иу — Темырханты Сослан.

Нæ хорз лæгты архайд базонæм, куы нал вæййынц, уæд. Æргомдзырды заман куы ралæууыд, уæд нæ ахуыргæндтæ бæлвырддæр æркастысты Сосланы зонадон æмæ сфæлдыстадон бынтæм æмæ сын скодтой стыр аргъ. Йæ цард æмæ алывæрсыг куыстыл ын чиныг рауагъта йæ хо Сашæйы чызг Сæгуытонты Тамарæ.

Ацы бонты Темырханты Сосланы райгуырдыл  сæххæст 140 азы. Уый фæдыл мысæн мадзæлттæ цæуы республикæйы. Ахæм мадзал  «Иры стыр ныхас»-ы хъæппæрисæй арæзт æрцыд зонадон библиотекæйы.

Бирæ хорз ныхæстæ загътой фыссæг æмæ ахуыргонды тыххæй изæры архайджытæ. Фысджыты цæдисы сæрдар Агънаты Гæстæн куыд банысан кодта, афтæмæй ахуырадад, аивадæн, историйæн сарæзта бирæ, ирон æвзагыл фыста сыгъдæг æмæ аив, фольклоры къабазмæ бахаста стыр бавæрæн, фæлæ йын аккаг аргъгонд не ‘рцыд.

Уыцы хъуыдыйыл хæст уыд фыссæг Дзасохты Музафер дæр:  «Темырханты Сослан тыхст, йæ удæй арт цагъта, цæмæй ирон адæм чи сты, кæцæй сты, уый базоной, фæлæ йæ ном куыд æмбæлы, афтæ дзыллæтæн зындгонд нæу. Йæ цард æмæ архайды, йæ гуыргъахъ фæндæгты, йæ трагикон сæфты тыххæй йын уыййас ничи зоны. Хъыгаг у, цалдæр азы размæ цы чиныг рацыд «Писатели Осетии», зæгъгæ, уырдæм ахæм лæджы ном хаст кæй не ‘рцыд».

Сæ номдзыд æмзæххоны номарæн изæрмæ Мæздæгæй æрбацыд стыр делегаци. Районы разамынды номæй раныхас кодта æмæ Темырханы-фырты ном сæнусон кæныныл кæй архайынц, уый тыххæй изæр саразджытæн бузныг загъта Сылгоймæгты комитеты сæрдар Базиты Ларисæ.

Темырханты Сосланы цард æмæ сфæлдыстады тыххæй ма радзырдтой ахуыргонд Цыбырты Людвиг, Стыр Ныхасы сæрдары хæдивæг Еналдыты Хъазыбег, журнал  “Мах дуг»-ы сæйраг редактор Хетæгкаты Оксанæ, поэт Къадзаты Станислав, журналист Гасанты Валери…

Скъоладзаутæ фыссæджы уацмыстæй бакастысты скъуыддзæгтæ, равдыстой инсценировкæтæ.

Кæронбæттæны æрхæсдзынæн йæ хæрæфырт Сæгуытонты Тамарæйы ныхæстæ: «Нæ бон у æрмæстдæр хъыг кæнын, ахæм диссаджы адæймаджы цард æвирхъауæй кæй ахицæн, ууыл. Уый уарзта Ирыстон, фæндыд æй ирон адæмы хæрзæбонæн кусын, фæлæ йæ нæ бауагътой. Дунейы мидæг удварнæй раззаг бынат ахсынмæ цы æхсæнад тырныдта, уый нæ бахъуыдысты Темырханты Сосланы европæйаг ахуыргонддзинад, фыссæджы курдиат, бæрзонд граждайнаг æнкъарæнтæ. Уым ис трагеди. Æхсæнады трагеди…»

                                                                       Джусойты Нина

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.