31-æм августæй 7-æм сентябрмæ Хуссар Ирыстоны территорийыл æрцыд иу фыдракæнд æмæ раргом ис.

Фæндагон змæлды æдасдзинады инспекци къуырийы дæргъы сбæлвырд кодта 94 фæткхалæн цауы. Уыдонæй 4 уыдысты нозтджынæй машинæ скъæрыны цаутæ.

Алыгъуызон бархалынæдты фӕдыл бӕрндзинадмӕ конд ӕрцыдысты  2 адӕймаджы. Иу дзы баййæфта административон æфхæрд.

Оперативон-агурæн мадзæлттæ райсыны фæстиуæгæн милицийы кусджытæ Цхинвалы районы Хелчуайы хъæуы баурæдтой фыдгæнджыты æмæ сæ бакодтой рæстæгмæдарæн изоляторы. Шофыр разынд нæ горæты 33-аздзыд цæрæг æмæ медицинон басгæрст куыд рабæрæг кодта, афтæмæй æнæзакъонæй спайда кодта наркотикон буарад «марихуана»-йæ. Йæ бæлццон та разынд 53-аздзыд горæттаг цæрæг.

3-æм сентябры Ленингоры районы Икоты хъæуы арæнхъахъхъæнджытæ æрцахстой бынæттон 71-аздзыд æмæ Ленингоры районы Кенкаанийы хъæуы 72-аздзыд цæрджыты, кæцытæ æнæзакъонæй ахызтысты паддзахадон арæныл. Фæткхалджытæ æрвыст æрцыдысты карантинмæ уазæгдон «Алан»-мæ 14 боны æмгъуыдмæ.

6-æм сентябры Ленингоры районы Икоты хъæуы арæнхъахъхъæнджытæ æрцахстой бынæттон 54-аздзыд цæрæджы, кæцы æнæакъонæй ахызт паддзахадон арæныл. Барадхалæг æрвыст æрцыд карантинмæ Цхинвалы рынчындонмæ 14 боны æмгъуыдмæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.