22-æм июнæй 29-æм июнмæ Хуссар Ирыстоны территорийыл  æрцыдис дыууæ фыдракæнды æмæ дзы иу раргом ис. Наркотикон буарадтæй æнæзакъонæй спайда кæныны тыххæй урæд æрцыдысты цалдæр æмбæстаджы. Уымæй уæлдай ма республикæйы фæндæгтыл æрцыдис дыууæ фæндагон-транспортон цауы.

Фæндагон змæлды æдасдзинады инспекци къуырийы дæргъы сбæлвырд кодта 157 фæткхалæн цауы. Уыдонæй 17 уыдысты нозтджынæй машинæ скъæрыны цаутæ.

Æхсæнадон фæтк фехалыны фæстиуæгæн бæрндзинадмæ конд æрцыдысты 6 адæймаджы.

22 июны милицийы Знауыры районы уголовон фæдагуырды кусджытæ æмæ Наркотикты æрзылд контроль кæныны кусджытæ оперативон информацийы фæдыл басгæрстой Знауыры районы Зæдбадæны хъæуы 51-аздзыд цæрæджы хисæрмагонд хæдзар æмæ дзы ссардтой 4 къухы хæсгæ гранаты æмæ автомат Калашниковайæн 7 агъуды 210 нæмыгимæ. Уымæй уæлдай ма цæхæрадоны ссардтой 26 гæны къутæры дæр. Медицинон басгæрсты рæстæджы куыд рабæрæг, афтæмæй ма фæткхалæг æнæзакъонæй спайда кодта наркотикон буарад «марихуана»-йæ. Знауыры районы тæрхондон уал бархалæджы ахæстоны сбадын кодта иу мæйы æмгъуыдмæ æмæ дарддæр та уагъд цæуынц фæдагурæн мадзæлттæ.  

Ленингоры районы Нацарайы хъæугæрон милицийы кусджытæ ссардтой гæны плантаци æмæ йæ скуынæг кодтой, – æдæппæт 222 къутæры.

Милицийы Наркотикты æрзылд контроль кæныны кусджытæ баурæдтой Знауыры районы Зæдбадæны хъæуы 49-аздзыд цæрæджы, кæцы æнæзакъонæй спайда кодта наркотикон буарад «марихуана»-йæ. Горæт Цхинвалы тæрхондон бархалæджы фæивар кодта 10 мин сомы. Уымæй уæлдай ма баурæдтой горæттаг 24-аздзыд цæрæджы дæр æмæ куыд рабæрæг, афтæмæй уый дæр æнæзакъонæй спайда кодта наркотикон буарад «марихуана»-йæ.

Милицийы Наркотикты æрзылд контроль кæныны кусджытæ оперативон информацийы фæдыл басгæрстой Цхинвалы районы Къохаты хъæуы 32-аздзыд æмбæстаджы хисæрмагонд хæдзар æмæ дзы ссардтой 2 гæны къутæры. Ацы æмбæстаг ма æнæзакъонæй спайда кодта наркотикон буарад «марихуана»-йæ дæр. Горæт Цхинвалы тæрхондон бархалæджы фæивар кодта 8 мин сомы. Уымæй уæлдай ма баурæдтой нæ горæты 29-аздзыд цæрæджы, кæцы æнæзакъонæй спайда кодта наркотикон буарад «морфин»-æй æмæ йæ горæт Цхинвалы тæрхондон фæивар кодта 10 мин сомы.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.