29-æм апрелæй 6-ӕм маймӕ Хуссар Ирыстоны территорийыл фыдракæнд не ‘рцыдис. Наркотикон буарадтӕй ӕнӕзакъонӕй спайда кӕныны тыххӕй урӕд ӕрцыдысты цалдӕр ӕмбӕстаджы. Уымӕй уӕлдай ма республикӕйы фӕндӕгтыл ӕрцыд цыппар фæндагон-транспортон цауы. Авариты фæстиуæгæн рынчындонмæ уӕлӕнгай цӕфтимӕ бахаудтой фондз адæймаджы.

 Планон рейдон мадзӕлттӕ уадзыны рӕстӕджы Фӕндагон змӕлды ӕдасдзинады инспекци къуырийы дӕргъы сбӕлвырд кодта 197 фӕткхалӕн цауы. Уыдонӕй 10 уыдысты нозтджынӕй машинӕ скъӕрыны цаутӕ. Алыгъуызон бархалыны фӕдыл бӕрндзинадмӕ конд ӕрцыдысты 9 адӕймаджы.

Милицийы кусджытæ баурæдтой 32-аздзыд Цхинвалы цæрæджы, кæцымæ сæ зæрдæ фехсайдта наркотикон буарадтæй спайда кæнынæй. Йæ хъуыддаг ын æвзардзæнис тæрхондон.

Цхинвал – Дзауы фæндагыл æрцыдис фæндагон-транспортон цау. Цхинвалы 26-аздзыд цæрæг нæ сарæхст йæ автомашинæ «Лада Гранта» скъæрын æмæ афæлдæхт фæсвæд. Шофыр æмæ йæ бæлццон, Цхинвалы 35-аздзыд цæрæг уæлæнай цæфтимæ бахаудтой рынчындонмæ.

Цхинвалы Советон уынгæй Джиоты Аланы проспектмæ фæзилæны Цхинвалы 16-аздзыд цæрæг нæ сарæхст йæ автомашинæ «ВАЗ-2107» скъæрын æмæ сæмбæлд æндæр автомашинæ «Mersedes E 550»-ыл, кæцыйы шофыр та разынд Цхинвалы 25-аздзыд цæрæг.

Цхинвалы 8-æм июны уынджы автомашинæ «ВАЗ-2107»-ы шофыр нæ сарæхст скъæрын æмæ сæм-бæлд æндæр автомашинæ «Toyota»-ыл, кæцыйы шофыр та разынд Цхинвалы 45-аздзыд цæрæг. Автомашинæ “Toyota»-йы шофыр æмæ йæ бæлццон, 19-аздзыд Цхинвалы цæрæг уæлæнгай цæфтимæ бахаудтой рынчындонмæ. «ВАЗ-2107»-ы шофыр бамбæхст æмæ милицийы кусджытæ уадзынц фæдагурæн куыстытæ.

Цхинвал – Дзауы фæндаджы 4-æм километры Цхинвалы 44-аздзыд цæрæг нæ сарæхст йæ автомашинæ «Лада Приора» скъæрын æмæ фæсвæд афæлдæхт. Шофыр уæлæнгай цæфтимæ бахауд рынчындонмæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.