Нæ республикæйы æмбæлон органтæ  фæстаг рæстæджы ноджы хуыздæр хъусдард здахынц хъæууон цæрджыты нуазыны донæй сифтонг кæнынмæ. Фæлæ уæддæр банысан кæнын хъæуы уый, æмæ нырма уыцы фарст кæронмæ скъуыддзаг нæма ‘рцыд æндæр æмæ æндæр аххосæгтæм гæсгæ.

Ацы фарст абоны онг афтæ у Цхинвалы районы Къостайыхъæуы дæр. Раст у, нуазыны донæй цæрджыты домæнтæ æххæст кæныныл куыстæуы къорд азты æмæ сын æнтысгæ дæр дзæвгар бакодта. Фæлæ уæддæр зæгъын хъæуы, ацы фарст æвæрццагæй аиуварс кæныныл нырма кæй хъæуы дзæвгар куыст бакæнын. Уый зындгонд у районы паддзахадон унитарон куыстуаты цæрæнуатон-коммуналон хæдзарадæн (йæ директор – Уазæгты Мевлуд) æмæ та æрæджы æрæвнæлдтой нуазыны доны ног хахх æрбауадзынмæ, уый та разынд Тихреуы цур. Райдианы уал фæлтæрд механизатор Плиты Маир йæ техникæйы фæрцы цыбыр æмгъуыдмæ айгæрста къанау 1400 метры дæрддзæгæн, стæй дзы нывæрдтой доны хæтæл. Дон иумæйаг резервуармæ цæудзæн моторы фæрцы, уыцы бынаты ма хъуамæ æвæрд æрцæуа трансформатор электроны рухс нымайыны тыххæй.

 Куыстытæ кæронмæ сæххæст кæнынæн ма хъæуы нымад бонтæ, стæй дон иумæйаг резервуарæй та хæццæ кæндзæн хицæн уынгтæм. Уæд фæхуыздæр уыдзæн цæрджыты нуазыны донæй ифтонг кæныны хъуыддаг дæр.

                                                                           ХУЫБИАТЫ Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.