Ацы бонты УФ-йы Президент Владимир Путин йæ Барамындæй Николай Пироговы орденæй схорзæхджын кодта Хуссар Ирыстонæй рацæугæ, Цæгат Ирыстоны Тагъд медицинон æххуысы клиникон рынчындоны хирургион хайады сæргълæууæг Медойты Вадимы,  COVID-19 ныхмæ тох кæнынмæ йæ хайбавæрд кæй бахаста, уый тыххæй.

Ацы хабар тынг æхсызгон уыд хуссар-ирыстойнаг адæмæн. Уымæй дæр мах хорз зонæм 2008 азы августы хæсты рæстæджы Медойты Вадим  хъайтардзинад æмæ бæрзонд профессионализм кæй равдыста, уый тыххæй. Мах телефонæй ныхас кодтам Вадимимæ æмæ йын арфæ ракодтам йæ ног хорзæхы тыххæй. Цхинвайлаг дохтыр ныртæккæ удуæлдай æххуыс кæны коронавирусæй рынчынтæн. Уыимæ ма уый лæууы ацы низы ныхмæ Цæгат Ирыстоны тагъд медицинон æххуысы клиникон рынчындоны  чи тох кæны, уыцы дохтырты къорды сæргъ.

Цыбыртæй Вадимы цардвæндаджы тыххæй. Райгуырд æмæ схъомыл Цхинвалы интеллигентон бинонты ‘хсæн. Йæ фыд Медойты Вальтер уыд уæздан адæймаг æмæ курдиатджын дохтыр-терапевт, фæлæ йын йæ сывæллæтты æнтыстытæ фенын нал бантыст. 1992 азы 6 марты фæмард гуырдзиаг тыхгæнджыты нæмыгæй.  Вадимы мад Мæргъиты Ирæ бирæ азты дæргъы фæкуыста Ахуырады министрады. Йæ цардæмбалы амæлæты фæстæ æппæт дæр сарæзта йæ дыууæ сывæллоны – 14 аздзыд Вадимы æмæ 13-аздзыд Эллæйы царды раст фæндагыл бафтауыны тыххæй. Сæххæст кодта йæ цардæмбал Вальтеры фæдзæхст дæр. Фыды фæндыд, цæмæй йæ дыууæ сывæллоны дæр равзæрстаиккой дохтыры дæсныйад. Вадим æмæ йæ хо Эллæ астæуккаг ахуырад райстой нæ горæты 5-æм астæуккаг скъолайы. Уый фæстæ дыууæ дæр тынг хорз нысæнттыл каст фесты Цæгат Ирыстоны паддзахадон медицинон институт. Вадим ссис хирург, Эллæ та – терапевт. Вадим ныртæккæ цæры Дзæуджыхъæуы. Кусы Цæгат Ирыстоны медицинон тагъд æххуысы клиникон рынчындоны хирургион хайады сæргълæууæгæй.

Медойты Вадим Вальтеры фырт 2008 азы августы уæззау бонты стыр лæггæдтæ бакодта йæ радтæг тыхст адæмæн. Уый августы мæйы райста йæ радон улæфт æмæ æрцыд йæ мадмæ Цхинвалмæ, фæлæ баулæфыны бæсты бахаудта хæстмæ. 7 августы æрдæгæхсæвмæ æввахс куыддæр фыццаг тыхджын срæмыгъд фæцыд, афтæ йæ цхинвайлæгтæй алчидæр базыдта, стыр хæст кæй райдыдта, уый. Бамбæрста йæ Вадим дæр æмæ уайтагъд йæ фæндаг акодта Цхинвалы соматикон рынчындонмæ æмæ балæууыд йæ коллегæты фарсмæ. Уæд рынчындоны ныккæнды уæззау уавæрты Медойы фырт йæ коллегæтимæ мæлæтæй аирвæзын кодтой сæдæгай адæймæгты цард. Æгæрыстæмæй, сын нæ уыд хуымæтæджы элементарон уавæртæ дæр, нæ сын уыд фаг хостæ, медицинон æрмæджытæ, электрон рухс-иу куы ахуыссыд, куы та-иу ссыгъди. Фыццаг бон цæфтæн операцитæ арæзтой  цырæгъты рухсмæ. Фæлæ, дыккаг бон кæцæйдæр æрбаластой дизелон генератор æмæ сын уæд бæрæг фенцондæр. Æцæг сын нæ  фаг кодтой дохтыры къухтæ.

«Нæ амондæн, нæм бирæ цæфтæ ласын куы райдыдтой, уæд рынчындоны тынг нæма  æхстой, фæлæ нæ уый фæстæ æхсын райдыдтой алыгъуызон хæцæн-гæрзтæй, бæстыхайыл хаудысты снарядтæ. Фæлæ нæ фæтыхстыстæм, афтæмæй æххуыс кодтам, кæмæн хъуыд, уыдонæн се ‘ппæтæн дæр. Уæззау уавæрты ныккæнды ахæм вазыгджын операцитæ сарæзтам æмæ зæгъæн ис нæ дохтыртæ кæй равдыстой стыр диссæгтæ. Фервæзын кодтам бирæ цæфты. Мах, дохтыртæ иууылдæр куыстам тынг æнгомæй, куыд иугонд механизм, афтæ. Кæрæдзийы цæстæнгасæй дæр æмбæрстам. Æрмæст, æртæ боны дæргъы куывтам Хуыцаумæ, цæмæй нæм ныккæндмæ снарядтæ ма æрбахаудаиккой. Æртæ суткæйы нæ цæстытæ дæр нæ ацъынд кодтам.  Раздæр мæ уырныдта, адæймаг æртæ суткæйы куынæ бафынæй кæна, уæд цæугæ-цæуын дæр кæй бафынæй уыдзæн, уый, фæлæ нæ ничи бафынæй, æвæццæгæн, стрессы кæй уыдыстæм, уымæ гæсгæ.  Зын радзурæн у, уыцы рæстæджы рынчындоны ныккæнды цытæ цыд, уыдоны тыххæй. Иннæ ахæм дохтыртæй алкæмæн дæр хæдзары баззадысты йæ бинонтæ, йæ хиуæттæ, кæцыты тыххæй ницы зыдтам æмæ сæм нæ зæрдæ æхсайдта. Цалдæр хатты слыгътæн уæллаг уæладзыгмæ æмæ-иу акастæн горæтмæ. Нæ алыварс алцыдæр сыгъд æмæ-иу уæд тынгдæр ахсайдта нæ зæрдæ нæ бинонтæм. Фæлæ нæ ничи ныууагъта йæ куыст, цæфты цард  ирвæзын кæнын нын разынд ахсджиагдæр.

Иууылдæр æй æмбæрстам, æддагон дунеимæ нын бастдзинад кæй нæй, уый æмæ нæ уыд æрмæстдæр нæхи тыхты ныфс. Бæллыдыстæм, цæмæй цæфтæн къæлидор радтаиккой сæ аласыны тыххæй, уымæн æмæ Цхинвалы рынчындон гос-питаль нæу, кæцыйæн йæ бон у бирæнымæц цæфты райсын. Абон мæнæн мæ бон зæгъын у: уæд нын Хуыцау тынг баххуыс кодта», – йæ зæрдыл æрлæууыдысты 2008 азы хæстон бонты цаутæ Вадимæн.

Медойты Вадимæн ис фидар характер. Дзæуджыхъæуы Тагъд æххуысы клиникон рынчындонмæ бахаудта 17-аздзыдæй, уайтагъд скъолайы фæстæ. Йæ фыццаг инструмент ссис пъолы хъил… Уый фæстæ институты ахуыр кæнгæйæ дæр параллелон æгъдауæй куыста ацы рынчындоны медицинон æфсымæрæй. Институты фæстæ рацыдис интернатурæ, ординатурæ. Ацы институты цур каст фæцис аспирантурæ дæр æмæ ссис медицинон зонæдты кандидат. Йæ хуыздæр ахуыргæнæгыл нымайы зындгонд хирург, профессор Тотыгкаты Валерийы, кæцы йын йæ зонындзинæдтæ амыдта æнæвгъау. 2002 азы Вадим кусын райдадта Дзæуджыхъæуы Тагъд æххуысы клиникон рынчындоны хирургæй. Хирургæй кусгæйæ, ноджы дæр фæбæрæг сты йе ‘взыгъддзинæдтæ, аразы вазыгджын операцитæ, кад ын кæнынц йæ коллегæтæ иууылдæр. 2013 азы медицинон зонæдты кандидат, Медойты Вадим слæууыд ацы рынчындоны хирургион хайады сæргъ.  

«Медицинон къабазы кусгæйæ федтон бирæ трагедитæ, куыд алыгъуызон терракттæ, афтæ  Беслæны æвирхъау трагеди дæр. Беслæнæй нæм цæфты æмæ фæлмæцыд сывæллæтты куы ластой, уæд уыдонмæ кæсын уыд ахæм тæссаг ныв æмæ-иу медиктæн сæхицæн дæр бахъуыд медицинон æххуыс бакæнын. Уыдис нæм 9 операцион столы, фæлæ нын нæ фаг кодтой…», – загъта Медойы фырт.

2008 азы августы хæсты рæстæджы Вадим цы сгуыхтдзинæдтæ равдыста, уыдонæн аккаг аргъ скодта УФ-йы Æнæниздзинад хъахъхъæныны министрад, кæцы æрвылаз дæр 1-аг каналимæ æмæ медицинæйы къабазы æнтыстыты фæдыл æххуысы хæрзаудæн фондимæ иумæ фæуадзы Уæрæсейы хуыздæр дохтыртæн преми дæттыны акци «Призвание», зæгъгæ. 2009 азы ацы кадджын преми цытджын æгъдауæй лæвæрд æрцыд Медойты Вадимæн. Уымæн Елена Малышева арфæйы ныхæстимæ радта Кады диплом æмæ сæрмагонд статуэткæ. 

Мæнгæй нæ фæдзурынц, зæгъгæ, фыды фарн, дам, мæрдтæм нæ цæуы. Уæлæуыл баззад Медойты Вальтеры хæдзары фарн дæр æмæ йæ бæрзонд хæссынц йæ дыууæ уæздан æмæ хæларзæрдæ хъæбулы, дыууæ курдиатджын дохтыры. Курдиатджын хирургæн йæ цардæмбал дæр у дохтыр, ис сын дыууæ фырты. Вадим, ноджыдæр нæм æфсымæрон Цæгат Ирыстонæй хъуысæт  дæ хорздзинæдты æмæ дæ ног æнтыстыты тыххæй хорз хабæрттæ!

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.