Информацион-координацион центры кусджытæ разиу кодтой æмæ бронæй ссыгъдæг кодтой Джеры дзуары алфæмблай. Раздæр ма ам фæсивæдон организаци дæр ауагъта зиу æмæ кувæндоны алыварс æрæмбырд кодтой бирæ брон. Ныр та ИКЦ-йы кусджытæ бабæстон кодтой Джеры дзуармæ схизæн территори. Афæдз фæсвæндæгты æрæмбырд бирæ брон, – пластикон дзаумæттæ, целлофантæ, авгын донгæрзтæ æмæ æндæртæ. Милицийы кусджытæ æрæмбырд кодтой 10 голлагæй фылдæр брон æмæ сæ аластой брондонмæ.

Фæстаг азты бронкалыны проблемæ тынг актуалон у æмæ бирæ хæттыты хъæппæрисон къордтæ ацæуынц, цæмæй ссыгъдæг кæной брæттæй Ирыстоны кувæндæттæ æмæ алыгъуызон улæфæндæтты территориты. Не ‘мбæстæгтæй бирæтæ бынтондæр нæ тыхсынц æрдзы сыгъдæгдзинадыл æмæ ахæм æнæмбаргæ адæймæгты тыххæй дард нæу экологон катастрофæмæ дæр.    

ДЖИОТЫ Александр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.