14-ӕм январæй 21-ӕм январмӕ Хуссар Ирыстоны барадхъахъхъӕнӕг органтӕ сбӕлвырд кодтой дыууæ фыдракӕнд æмæ дыууæ дæр раргом сты. Наркотикон буарадтӕй ӕнӕзакъонӕй спайда кӕныны тыххӕй урӕд ӕрцыдысты цалдӕр ӕмбӕстаджы. Уымӕй уӕлдай ма республикӕйы фӕндӕгтыл ӕрцыд иу авари.

Планон рейдон мадзӕлттӕ уадзыны рӕстӕджы Фӕндагон змӕлды ӕдасдзинады инспекци къуырийы дӕргъы сбӕлвырд кодта 190 фӕткхалӕн цауы. Уыдонӕй 7 уыдысты нозтджынӕй машинӕ скъӕрыны цаутӕ.

Алыгъуызон бархалынæдты фӕдыл бӕрндзинадмӕ конд ӕрцыдысты 6 адӕймаджы. Ӕхсæз дæр баййӕфтой административон ӕфхӕрд.

18 январы фæссихор Цхинвал – Дзауы фæндаджы 9-æм километры æркалдис къæдзæх, кæцыйы фæстиуæгæн дурты бын бахауд Дзауы районы Бузалайы хъæуы цæрæг Джиоты Отар. Уый йæ автомашинæ «ВАЗ- 2105»-ыл цыд горæт Цхинвалмæ æмæ йыл афтæмæй сæмбæлд фыдбылыз, – йæ машинæ ныппырх, йæхæдæг та бахауд уæззау цæфтимæ рынчындонмæ. Ныридæгæн йе нæниздзинад бæрæг фæхуыздæр ис. Бæстæйы президент Бибылты Анатоли йын баныфс æвæрдта машинæ балхæнынæй.

Фæндаг цыбыр æмгъуыдмæ уыд æхгæд, стæй йæ Уæлвæткон уавæрты министрады кусджытæ æмæ фæндагон службæйы кусджытæ асыгъдæг кодтой. Мидхъуыддæгты министрады кусджытæ дæр сын баххуыс кодтой фæндагыл автотранспорты змæлды уаг æрæвæрыны, цæмæй спецтехникæйæн уыдаид æдæрсгæ змæлыны фадат.

Криминалон милицийы наркотикон буарадты æрзылдыл контроль кæныны управленийы кусджытæ оперативон информаци реализаци кæнгæйæ Гуфтайы стационарон посты баурæдтой автомашинæ «Chrysler Voyager». Басгæрсты рæстæджы машинæйы ссардтой 50 капсулæйы медицинон препарат «Лирика», сæ хицау та разынд машинæйы бадæг бæлццон Дзауы поселочы 22-аздзыд цæрæг. Ацы медицинон препаратæн нæ республикæйы территорийыл нæй уæй кæныны бар.  Закъонхалæджы бакодтой рæстæгмæдарæн изоляторы æмæ йыл конд æрцыд уголовон хъуыддаг.

Наркотикон буарадты æрзылдыл контроль кæныны управленийы кусджытæ баурæдтой нæ горæты дыууæ æрыгон цæрæджы, кæцытæ æнæзакъонæй спайда кодтой наркотикон буарад «марихуана»-йæ. Горæт Цхинвалы тæрхондоны уынаффæмæ гæсгæ дыууæ дæр ахст æрцыдысты иу къуырийы æмгъуыдмæ.

Харебаты Исахъы уынджы æрцыдис фæндагон-транспортон цау. Цхинвалы 33 аздзыд цæрæг нæ сарæхстис йæ автомашинæ «ВАЗ-21074» скъæрын, фехæлдта фæндагон фæткойтæ æмæ сæмбæлд автомашинæ «Nissan Fuga»-йыл, кæцыйы шофыр уыд Цхинвалы 24-аздзыд цæрæг.

20-æм январы Цхинвалы 8-æм июны уынджы ссыгъд хисæрмагонд æдзæрæг хæдзар. Специалисттæ куыд рабæрæг кодтой, афтæмæй хæдзар чидæр барæй басыгъта. Милицийы кусджытæ оперативон фæдагуырæн мадзæлттæ ауадзыны фæстиуæгæн æрцахстой Цхинвалы районы Къвернеты хъæуы 30-аздзыд цæрæджы, кæцымæ сæ зæрдæ фехсайдта ацы фыдракæнд саразыны. Фыдгæнæг басаст йæ фыдракæндыл.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.