Чысыл цухдзинæдтæ дæр афоныл иуварс куы нæ цæуой, уæд фæстæдæр сæ рараст кæнын вæййы зындæр. Уымæн æмæ афоныл рарастгонд цы чысыл цухдзинад не рцæуы ууыл,  фæстæдæр хардз æрцæуы фылдæр тыхтæ æмæ фæрæзтæ.

Ацы уацы мæн зæгъын фæнды нæ горæты ногарæзт уынгтæ æмæ тротуартыл хицæн рæтты кæй фæзынд аразджыты мæгуырау куыст. Ранæй рæтты асфальт сызгъæлд æмæ сæ бынæтты фæдзыхъхъытæ сты. Тротуартыл дæр кæмдæрты плиткæтæ сызмæлыдысты. Тротуартыл баскъæрынц стыр уæзласæн машинæтæ æмæ уый аххосæй дæр фæдзыхъхъытæ вæййынц. Афтæ кæй у, уымæ гæсгæ тротуарон плиткæтæ ногæй æвæринаг фесты Джиоты Аланы проспектыл цалдæр ран. Йæ хуыз мæгуырауæрдæм фæивта Хъайтарты уынгæн дæр, кæд йæ схæрзарæзт кæнынæй бирæ рæстæг нæ рацыд, уæддæр.

Горæт бындуронæй кæй рæсугъддæр кæны уый, махæй алкæмæн дæр  æхсызгон у. Уыцы рæсугъддзинад ын аразджытæ дæттынц, махæн та нæ хæс у, цæмæй йыл аудæм, фыдаудæн ын ма кæнæм. О, фæлæ бирæтæ хатгæ дæр нæ кæнынц уыцы æнтыст æрмæст хицæн æмбæстæгты фæрцы ма хъуамæ уа, алчидæр уыцы    хъуыддагмæ хæсса йæ хайбавæрд. Кæд хорзæй аразын дæ бон ницы у – æвзæр уæддæр ма араз.

Нæ горæты цæрджытæй бирæтæ, цæмæдæр гæсгæ, сæ рæдыд хатгæ дæр нæ кæнынц афтæмæй, сæ хæдзæрттæм æввахс ныккалынц алыгъуызон арæзтадон æрмæджытæ, бетоны цъæлтæ æмæ уым фæлæзæрынц къуыригæйтты, мæйгæйтты æмæ афæдзгæйтты дæр. Уымæй иуæй фистæгæй цæуджыты фæтыхсын кæнынц аннæмæй та æвидыц кæнынц уынгты хуыз. Ахæм фæткхалæн цаутæ, горæты уынгты азилгæйæ, зын рахатæн не сты, фæлæ цæмæдæр гæсгæ горæты сыгъдæг æмæ рæсугъддзинадæн дзуапп чи дæтты уыдон фаг мадзæлттæ нæ исынц.

Раст нæ кæнынц, горæты цæрджытæй тротуартыл сæ машинæтæ цæхгæрмæ чи бауромынц, уыдон дæр. Фистæгæй цæуджыты бахъæуы ахæм машинæты иувæрсты æрзилын, кæнæ та уынгмæ ахизын.

Нæ горæты уынгты фенæн ис дыргъдæттæг бæлæстæ. Куыд рæгъæд кæнынц афтæ згъæлынц, адæм сæ сæ къæхты бын цъæл кæнынц æмæ тротуартыл ацæуæнтæ дæр нал вæййы. Уынгты æрмæст чъизи нæ кæнынц, фæлæ ма фæкæлы сæ æнуды тæф, æрæмбырд сыл вæййынц бындзытæ æмæ фистæгæй цæуджытæ ууылты нал фæуæндынц. Цæрджытæй бирæтæ кæд, сæ ацы рæдыд æмбарынц, уæддæр ралыг кæной, чи сæ нæ хъæуы уыцы бæлас уымæ, сæ къух нæ тасы.

Кæй зæгъын æй хъæуы, ацы цухдзинæдтæ не сты тынг цæуыл батыхсæм ахæм цаутæ, фæлæ аиуварскæнинаг кæй сты уый дызæрдыккаг нæу.

Гæззаты Иван 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.