Цæгатирыстойнаг кинорежисер Сæлбиты Аким сарæзта  Малиты Гиуæргийы поэмæ «Тимур-Алсæхъ»-мæ гæсгæ киноныв, цыран сæйраг ролтæ сæххæст кодтой зындгонд уæрæсейаг киноактертæ Александр Панкратов, Василий Лановой, Дмитрий Харатьян, зарæггæнджытæ Цæрыкъаты Феликс, Зара, ирон каскадер Уырытаты Эльбрус æмæ Цæгат Ирыстоны бæхджын  ансамбль «Нарт».

Режисер ацы киноныв нымайы йæ куыстытæй се ‘ппæты хуыздæрыл: «Темур-Алсахъ» у диссаджы киноныв, æз æй нымайын мæ куыстыты хуыздæртæй сæ иуыл. Ам æз баиу кодтон документалон аивад, поэмæ цы дуджы фыст у, уыцы дуджы реконструкциимæ. Фæлæ хъыгагæн, киноныв кæм равдисæм, уыцы бынат махæн  ныртæккæ нæма разынд, цæмæдæр гæсгæ ам, Цæгат Ирыстоны, мæ куыстытæм ис уæлæнгай цæстæнгас»,-загъта Сæлбиты Аким.

Уый ма куыд загъта, афтæмæй нæ фæнд кæны киноныв аивадуарзджыты размæ рахæссыны тыххæй исты мадзæлттæ саразынмæ. Йæ хъуыдымæ гæсгæ, йæ куыст у аккаг, цæмæй йæ æхсæнад æрдомой æмæ йæм бацымыдис кæной фенынмæ. «Æз нымайын мæ бакæнгæ куыст кæй у уый аккаг, цæмæй йын уа æхсæнады размæ рахæссыны тыххæй æппæт уавæртæ дæр. Фæлæ цæмæдæр гæсгæ, цæгатирыстойнаг телеканалтæ мæ куыстытæ равдисынмæ дарынц уæлæнгай ахаст».

Малиты Гиуæргийы поэмæ «Тимур-Алсæхъ»-ы сæйраг мидис у иудзинадмæ, хæлардзинад æмæ æгъдаумæ сидæг. Йæ сæйраг хъайтар Алсæхъ уыд адæмы мастисæг, уыдоны интерестыл арф йæ зæрдæ кæмæн рыст, ахæм хъæбатыр лæппу. Йæ мæлæт дæр ссардта æнæраст хъуыддæгты ныхмæ тохгæнгæйæ.  Йæ уарзон чызг Дигизæимæ сæ уарзт кæд иумиаг уыд, уæддæр уый никуы раргом кодта йæ зæрдæйы фæндтæ, тарст йæ фыдæй. Фæлæ æппынфæстаг, Алсæхъы марды уæлхъус уый дæр йæхи амардта æмæ уымæй рабæрæг йæ уарзондзинад Алсæхъмæ.

Ныртæккæ  Сæлбиты Акимы  репертуары ис тынг бирæ аивадон кинонывтæ, кæцытæ киноуарзджытæн сты сæ уарзондæртæ. Уыдоны ‘хсæн сты «11 фыстæджы Хуыцаумæ», «Токаты – Лондонæй»,  уымæй дарддæр ма Акимы сарæзта документалон кинонывтæ Абайты Васойы, Дудараты Вероникæйы  æмæ Адырхаты Светланæйы тыххæй.

 

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.