11-ӕм майӕ 18-æм маймæ Хуссар Ирыстоны территорийыл  æрцыдис иу фыдракæнд æмæ раргом ис. Наркотикон буарадтӕй ӕнӕзакъонӕй спайда кӕныны тыххӕй урӕд ӕрцыдысты цалдӕр ӕмбӕстаджы. Республикӕйы фӕндӕгтыл ӕрцыд æртæ фæндагон-транспортон цауы.

Фӕндагон змӕлды ӕдасдзинады инспекци къуырийы дӕргъы сбӕлвырд кодта 220 фӕткхалӕн цауы. Уыдонӕй 16 уыдысты нозтджынӕй машинӕ скъӕрыны цаутӕ.

Ӕхсӕнадон фӕтк фехалыны фӕстиуӕгӕн бӕрндзинадмӕ конд ӕрцыдысты 10 адӕймаджы.

12-ӕм майы Цхинвалы районы Къостайыхъӕуы 61-аздзыд сылгоймаг ӕхсӕнгарзæй цӕфтимӕ бахаудта рынчындонмӕ. Милицийы кусджытӕ оперативон-сгарӕн мадзӕлттӕ ауадзыны фӕстиуӕгӕн рабӕрӕг кодтой, ӕхсӕнгарз ӕнӕнхъӕлӕджы кӕй фӕивӕрзтис къостайыхъӕуккаг 61-аздзыд цӕрӕгӕн, кӕцы у, рынчындонмæ чи бахаудта, уымæн йӕ цардæмбал. Басгӕрсты рӕстӕджы хисӕрмагонд хӕдзары ссардӕуыд 16-ӕм калибр цуанон ӕхсӕнгарз. Лӕг разынд нозтджын ӕмӕ конд ӕрцыд милицийы рӕстӕгмӕдарӕн изоляторы.

17-ӕм майы рынчындонмӕ бахауд Цхинвалы районы Ногхъæуы 37-аздзыд цæрæг, кӕцы йæ хисæрмагонд хæдзары фӕхъӕстӕ ис газӕй. Дохтыртӕ йын медицинон ӕххуыс бакодтой ӕмӕ йӕ цардӕн тӕссаг нал у.

Горӕт Цхинвалы 20-аздзыд цӕрӕг нӕ сарӕхст йӕ автомашинӕ «ВАЗ-2109» скъӕрын, фехӕлдта фӕндагон змæлды фӕткойтӕ ӕмӕ Джиоты Аланы проспектыл цӕугӕйӕ, сӕмбӕлд йӕ разӕй цӕуӕг автомашинӕ «ВАЗ-2110»-ыл, кӕцыйы шофыр та разынд горӕттаг 74-аздзыд цӕрӕг. Аварийы фӕстиуӕгӕн ма бахъыгдард ис автомашинӕ «Nissan X-Trail» дӕр.

Цхинвал-Дзауы фæндаджы 1-ӕм километры ӕрцыдис фӕндагон-транспортон цау. Нӕ горӕты 18-аздзыд цӕрӕг нозтджынӕй нӕ сарӕхст йӕ автомашинӕ «ВАЗ-2107» скъӕрын, ахаудта фӕсвӕд ӕмӕ сӕмбӕлд ленкгӕнӕн комплекс «Дельфин»-ы ӕмбондыл. Аварийы фӕстиуӕгӕн шофыр ӕмӕ йӕ бӕлццон, Цхинвалы 17-аздзыд цӕрӕг, алыгъуызон цӕфтимӕ бахаудтой рынчындонмӕ.

Герцены уынгæй Харебаты Исахъы уынгмæ ахизæны горæт Цхинвалы 41-аздзыд цæрæг нæ сарæхст йæ автомашинæ «Lexus» скъæрын, фехæлдта фæндагон змæлды фæткойтæ æмæ сæмбæлд йæ ныхмæцæуæг автомашинæ «Toyota Upsum»-ыл, кæцыйы шофыр та разынд горæттаг 37-аздзыд цæрæг. «Lexus»-ы шофыр медицинон басгæрстыл не сразы æмæ уый фæстиуæгæн нымад æрцыд нозтджыныл.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.