Гуырдзиаг-ирон хæсты рæстæджы гуырдзиаг фыдгæнджытæ Хуссар Ирыстоны адæмæн цы фыдракæндтæ сарæзтой, уыдонæй ис ахæмтæ, кæцытæн нæдæр ферохгæнæн ис æмæ нæдæр ныххатыргæнæн. Ахæм стыр фыдракæндтæм хауы, 1992 азы 20-æм майы гуырдзиаг æнæадæймæгтæ Зары хъæуы цы сырдон фыдракæнд сарæзтой, уый дæр. Кæд 20 азы дæргъы гуырдзиаг-ирон ныхмæлæуды рæстæджы ирон адæмæн бирæ тугæйдзаг бонтæ уыдис, уæддæр дзы Зары æмæ Ереды трагедитæн сæ æгъатырдзинадæй абарæн ницæимæ ис.

1992 азы 20-æм майы гуырдзиаг лæгмартæ бабадтысты лигъдæтты æмæ бæлццæтты раз Зары хъæумæ æввахс хъæды æмæ йæ гуыффæйы адæмæй къух бакæнæн дæр кæмæн нæ уыд, уыцы уæзласæн машинæ æмæ ма ноджы цалдæр рог автомашинæйы куыддæр уыцы бынатмæ схæццæ сты, афтæ сыл машинæтæм æгъатырæй нызгъæлстой нæмыг. Бæлццæттæй фæмард 33 адæймаджы æмæ дзы ссæдзæй фылдæрæй та цæфтæ фесты. Уыцы уæззау хабарæй кæд 28 азы рацыд, уæддæр ирон адæмæй, уæлдайдæр та æхстыты цæхæры чи бахаудта, уыдонæй никуы ферох уыдзæн, уыцы тугхъулон уалдзыгон бон. Уыцы уалдзыгон бон 33 фæндаггон адæймагæн иу уысммæ царды фæндаг фестад мæлæты фæндаг, фæцу æмæ марцуйы фæндаг.

Йæ фæстаг фæндагыл, фæцу æмæ марцуйы фæндагыл ацыд Кокойты би-нонты кæстæр хъæбул Леонид (Ленчик) дæр. Фæлæ уал развæлгъау йæ цыбыр цардвæндаджы тыххæй. Дзауы районы Църуйы хъæуы хъæуккæгтæ, æгъдауджын æмæ куыстуарзаг цардæмбæлттæ Кокойты Илакъа æмæ Тыбылты Валя æнæмаст цард кодтой æмæ сæ хъæбулты цинæй радысты. Уыдонæн Хуыцауы цæст бауарзта фондз хъæбулы – æртæ чызджы æмæ дыууæ лæппуйы. Дыууæ цардæмбалы куыстой колхозы æмæ хъомыл кодтой сæ хъæбулты. Абон уын цы æдзард Леониды кой кæнын, уый уыд сæ зæнæджы кæстæр. Кæстæр хъæбул та алы хатт дæр уæлдай уарзондæр æмæ хъулондæр  вæййы. Афтæ уыд Ленчик дæр. Уымæн йе ‘ддаг бакаст куыд рæсугъд æмæ зæрдæмæдзæугæ уыд, афтæ уыд удыскон-дæй дæр, æнахуыр хæларзæрдæ, хиуæттæуарзаг, æмгаруарзаг. Цумамæ, фæкæсынмæ – цæхæр. Æвæццæгæн ын хъысмæт цыбыр цæрæнбон кæй схай кодта, уымæн уыд, ахæм сыгъдæг уды хицау. Уымæн æй кодтой иууылдæр уæлдай уарзт.

 Райгуырд 1971 азы 7-æм январы Църуйы хъæуы. Ахуыр кодта нырма сæхи хъæуы астазон скъолайы æмæ уый фæстæ та – Дзауы астæуккаг скъолайы. Лæппу уыд хъæубæсты æмæ æмгæртты уарзон адæймаг æмæ ныфс. Уарзта музыкалон аивад. Архайдта Дзауы районы культурæйы хæдзары кафджыты къорды. Иннæ ахæм хорз зарыд æмæ цагъта балалай-кæйыл. Изæрыгæтты-иу йе ‘мгæрттæ йæ алыварс æрбамбырд сты æмæ-иу сæ ирхæфста йæ музыкалон курдиатæй. Астæуккаг ахуырад райсыны фæстæ каст фæцис Цхинвалы профессионалон техахуыргæнæндон. Уæдмæ йæм æрсидтысты йе ‘мбæстагон хæс бафидынмæ. Службæ кодта Узбекистаны горæт Самарканды. Службæ кæнгæйæ дæр йæхи равдыста иттæг хорз æфсæддонæй. Йæ ныййарджытæм-иу ын æфсæддон командæкæнынад арæх æрæрвыста арфæйы фыстæджытæ. Йæ хорз службæйы тыххæй йæ, æгæрыстæмæй, цалдæр хатты рауагътой улæфтыты дæр.

1991 азы фæззæджы æрцыд æфсадæй. Фæнд кодта ХИПИ-йы уæлдæр ахуырад райсын. Абоны онг дæр йæ документтæ æвæрдæй лæууынц йæ хæдзары. Фæнд ма кодта ОМОН-мæ кусынмæ бацæуын, æмæ афтæмæй хæстон лæппуты фарсмæ æппынæдзух лæууын, фæлæ йæ документтæ æрдæгарæзтæй баззадысты… Æнæуый æфсадæй йе ‘рцыдæй фæстæмæ лæууыд хæстон лæппуты фарсмæ Тельманы уынджы сын цы пост уыд, уым.

Уыцы æнамонд, тугæрхæм бон уый никуыдæм фæнд кодта, фæлæ йæ хъысмæт ракодта йæ фæстаг фæндагыл…  Леонид уый размæ къухылхæцæг уыд йе ‘мгар Пухаты Вадикæн, æфсымæрты хуызæн уыдысты. Вадикæн йе фсымæр уыд чысыл æмæ йæ сфæнд кодта Цæгат Ирыстонмæ акæнын. Семæ фæцæуг Леонид дæр. Хъуыддаг уый мидæг ис æмæ Ленчикæн уыд  уарзон чызг, кæцы уыцы рæстæджы ацыд Дзæуджыхъæумæ æмæ йæ рагæй нал федта. Дыууæ æвзонг уарзон уды та кæрæдзийы фендмæ фæбæллынц. Леонид ахъуыды кодта, зæгъгæ, ацæудзæн Дзæуджыхъæумæ, фембæлдзæн йæ уарзон чызгыл, фæстæмæ цæугæйæ бабæрæг кæндзæн йæ ныййарджыты æмæ æрцæудзæн Цхинвалмæ. Уæдмæ, зæгъ, мæ документтæ дæр сцæттæ уыдзысты ОМОН-мæ службæ кæнынмæ бацæуыны тыххæй.

20-æм майы райсомæй æртæйæ – Леонид, Пухаты Вадик æмæ йæ чысыл æфсымæр æрбацыдысты Тъбеты æрцæуæнмæ. Уым ма уыд ноджы бирæ адæм. Леонидитæн фæурæдта сæ зонгæ лæппу виллисыл. Схызтысты, фæлæ дзы зæронд устытæ куынæуал бацыдысты, уæд фæстæмæ рахызтысты æртæ дæр. Уæдмæ сæ цуры æрбалæууыд уæзласæн машинæ æмæ схызтысты йæ гуыффæмæ. Куыддæр Зармæ схæццæ сты, афтæ сыл нæмгуытæ ихуарæгау нызгъæлстой лæгсырдтæ æмæ Ленчикæн фæцæф йæ гуыбын. Йæ туджымæцгæ ма йæ удымидæг бæргæ æрластой республикон рын-чындонмæ, æгæрыстæмæй, йын операци дæр са-рæзта хирург Зæгъойты Къоли, фæлæ…

Йæ хо Ларисæ нын куыд радзырдта, афтæмæй уыцы бон йæхицæн бынат нæ ардта, цæуылæр тыхст, фæлæ цæуыл, уый йæхæдæг дæр не ‘мбæрста. «Зæрдæйæ банкъардтон цыдæр æвзæр хабары тыххæй мæм кæй æрбадзурдзысты, уый. Уыцы изæр мæ уарзон æфсымæр æхсæвиуат кодта мæ хо Ленæйы хæдзары Тельманы уынджы. Æз æй зонгæ дæр нæ бакодтон Ленчик Дзæуджыхъæумæ ацыд, уый. Рахызтæн Энгельсы уынджы мæ хæдзары тыргъмæ æмæ уынын адæм кæдæмдæр тындзынц, лидзынц. Уæдмæ мæм Ленæ æрбахъæр кодта, зæгъгæ, Зары хъæды адæмы ныццагътой æмæ Ленчик дæр райсом ацыд. Лидзæм рынчындоны ‘рдæм æмæ ныл фæндагыл амбæлдысты дзауаг лæппутæ. Сæ иу Хуыджеты Солтаны афарстон  зæгъын, ницы хабар базыдтай. Уый мын комкоммæ мæ цæстытæм не ‘рбакаст, афтæмæй мын сдзуапп кодта, зæгъгæ, дам, ницы базыдтон. Бахæццæ стæм рынчындонмæ, уæдмæ  исæн хайады къулыл бакодтой фæмардуæвджыты æмæ цæфты номхыгъд. Ленчик уыд цæфты номхыгъды æмæ нæ цыдæр ныфс бацыд, фæлæ дзæгъæлы. Схызтыстæм 2-æм уæладзыгмæ. Уæдмæ йæ операцийы фæстæ ракодтой реанимацион хайадмæ. Иу рæстæджы нæм Зæгъойты Къоли рауад æмæ нын цингæнгæйæ фехъусын кодта, зæгъгæ, уе ‘фсымæр сулæфыд. Фæлæ рацыд чысыл рæстæг æмæ йæ уавæр цæхгæр ноджы февзæрдæр.  Реанимацийæ нæм райхъуыст йæ уæззау хыррыт. Уыцы хыррыт абоны онг дæр мæ хъустыл уайы. Райсомы 4 сахат уыдаид, афтæ нæ Ленæимæ рарвыстой рынчындонæй цыдæр æфсонæн. Хиуæттæ æмæ йæ æмгæрттæ та зыдтой йæ фæстаг минуттыл кæй ис, уый. 5 сахаты æмæ 30 минут уыдаид, афтæ мæ хатæны уæвгæйæ, цыма мæ хъустыл цыдæргъуызон хъæлæба, сыф-сыф ауад, афтæ мæм фæкаст. Зæрдæйæ банкъардтон ме ‘фсымæр йæ уд кæй систа, уый. Фæдзырдтон мæ хомæ æмæ алыгъдыстæм фæстæмæ рынчындонмæ. Асинтыл ныл амбæлдысты йе ‘мбæлттæ. Уыдон æнæдзургæйæ сæ сæртæ бынмæ æруагътой. Цы базонын ма нын æй хъуыд Ленчикы мæрдæй ныл саубон  кæй акодта, уый».

1992 азы 24-æм майы Църуйы  21-аздзыл цард-бæллон хъæбулы йæ фæстаг фæндагыл фæн-дараст кодтой тынг бирæ адæм.  Хур арвы цъæхыл дзæбæх нæма суад, афтæ рахаудта æмæ сæрсæфæны аирвæзт…Йæ цыбыр цард уыд стъалыйæ рахаугæ къæрттау, уыдис ирд æмæ уыцы иухуызонæй цæхæртæ калгæйæ хуысгæ дæр акодта. Цы сты 21 азы?… Ленчик  йæхи къухтæй схъомыл кодта бæх  æмæ йын æй ныфæлдыстой йæ ныгæныны боны. Бæхы табæты цурмæ куы æрбакодтой, уæд йæ хицауы мард буармæ æрысмыста, стæй тынг ныууасыд, раст цыма богъ ныккодта, уыйау æмæ йæ рустыл йæ цæссыгтæ æрсæх-сæх кодтой, мæнæ адæймагæн куыд æркæлынц, афтæ. Ацы хъуыддаг мæрддзыгой адæммæ тынг диссаг фæкаст æмæ зæрдæхалæн нывмæ кæсгæйæ, сæ кæуынæй рызт къæдзæгъ дæр. Бирæтæ-иу дзырдтой, зæгъгæ, ацы зæрдæскъуынæн ныв нæхæдæг куынæ федтаиккам, уæд нæ уырнгæ дæр нæ бакодтаид. Бæх йæ хицауы амæлæты фæстæ нал ссæрæн ис, бонæй-бон æгъуыздæр кодта раст цыма Ленчикы æвзонг æдзард удыл хъынцъым кодта, уыйау. Æмæ йæ уæд бинонтæ радтой æндæр бинонтæн. Æгомыг цæрæгой гуырдзиаг лæгсырдтæй æмбаргæдæр æмæ æнкъарагдæр разынд…

Абоны онг дæр Ленчикы тугæйдзаг пысултæ æвæрд сты йæ хæдзары Църуйы хъæуы. Йæ зæр-дæрыст мад Валя тынг куы æрбаймысы йæ хъæбулы, уæд та йын йæ пысултæн фæпъатæ кæны. Фæзæгъы, зæгъгæ, куы амæлон, уæд-иу мын мемæ нывæрут мæ хъæбулы пысултæ дæр. Къулыл ауыгъдæй баззад йæ балалайкæ дæр… «Йæ хъæбул тарфынæй дæр макæмæн бауæд, æнæбары ма мыл хур цы кæсы, уый йедтæмæ æз цæргæ нал кæнын», – цæссыгкалгæ фæзæгъы зæрдæрыст мад. Йæ фыд Илакъа йæ хъæбулы фæстæ нал ссæрæн æмæ цæрынхъуагæй атындзыдта йе ‘нусон бынатмæ, йæ хъæбулы цурмæ.

Ларисæйы хъæбул Ромик йе дзард æмæ æвæстаг мады æфсымæры  ном сæвæрдта йæ хъæбулыл. Афтæмæй йын æрвылбондæр дзурынц йæ ном. Ларисæ куыд загъта, афтæмæй, чысыл Ленчик дæр йæ мады æфсымæрау у тынг хæларзæрдæ, уарзæгой, ахуырмæ зæрдæргъæвд, коммæгæс æмæ æнæзивæг. Хуыцау зæгъæд æмæ йæ мады æфсымæр Леонид цардæй цы фæцух ис, уый чысыл Ленчикмæ цы бафта.

Æппындæр нæ дызæрдыг кæнын, Леонид Зары трагедийæ сæрæгасæй куы аирвæзтаид, уæд æнæмæнгæйдæр кæй балæууыдаид 2008 азы августы хæсты Ирыстоны хъайтартæ Багаты Амиран, Джиоты Азæмæты, иннæ хæстон лæппуты фарсмæ. Уый дæр уыдонау удуæлдай тохы бацыдаид знæгты ныхмæ æмæ афтæмæй  йæ цард нывондæн æрхастаид йæ Ирыстоны сæрвæлтау. Арæх ссæуынц зæрдæрыст ныййарæг мад æмæ мады зæнæгтæ сæ зæрдиаг ныр 28 азы дæргъы цы уæлмæрды мæрдæнцой кæны, уырдæм æмæ йын йæ уазал цыртыл фæтыхстытæ кæнынц. Афтæ вæййы  йæ гуырæн боны дæр. Ацы аз 7-æм январы йыл сæххæст уыдаид 49 азы. О, цас хорз фæндтæ  уыд цардбæллон лæппумæ, фæлæ йын сæ гуырдзиаг лæгхортæ йæ хъуыры фæбадын кодтой.  Нæ йын бантыст афтæ тынг кæй уындмæ бæллыд, уыцы уарзон чызджы фæстаг хатт фенын, йæхицæн æй цардæмбалæн æркæнын,  хъæбулы стыр уарзт банкъарын… Райсом, 20-æм майы  та Кокойты Ленчикы уæлмæрды фæзындзысты удæгас дидин-джытæ, уымæн æмæ уыйхуызæн цардмондаг хъæбулæн рохгæнæн нæй. Йæ хо Ларисæ та куыд æр-вылаз, афтæ та ныр ссæудзæн Зармæ, трагедийы амæттæгты номыл мысæн мадзалы хайад райсын-мæ.

Мæ уац мæ фæнды æдзард, хурмондаг æмæ цардбæллон лæппуйыл поэтессæ Галуанты Людми-лæ цы æмдзæвгæ ныффыста, уый рæнхъытæй. «О, хорз адæм, мæ цардау уарзтон Иры. Мæн тохы фæндыд лæппутау мæлын, Ирыстонæн куы уыдаин мæсыгау. Гъе-гъей, джиди нæ мын бантыст цæрын. Мæ хæлæрттæ, Ирыстоны лæппутæ, мæ бæсты дæр-иу рацæрут фæрнæй».

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.