30-ӕм мартӕй 6-æм апрелмæ Хуссар Ирыстоны территорийыл  ӕрцыдис иу  фыдракæнд ӕмӕ раргом ис. Республикӕйы фӕндӕгтыл ӕрцыд фондз фæндагон-транспортон цауы. Авариты фæстиуæгæн рынчындонмæ бахаудтой фондз адæймаджы.

Фӕндагон змӕлды ӕдасдзинады инспекци къуырийы дӕргъы сбӕлвырд кодта 159 фӕткхалӕн цауы. Уыдонӕй 7 уыдысты нозтджынӕй машинӕ скъӕрыны цаутӕ.

Ӕхсӕнадон фӕтк фехалыны фӕстиуӕгӕн бӕрндзинадмӕ конд ӕрцыдысты 5 адӕймаджы.

Криминалон милицийы кусджытӕ ӕрцахстой горӕт Цхинвалы 32-аздзыд цӕрӕджы, кӕцымӕ сӕ зӕрдӕ ӕхсайы фыдракӕнд саразыны. 19-ӕм февралы 51-аздзыд ӕмбӕстаджы цӕрӕджы хæдзармæ фыдгӕнджытӕ бахызтысты ӕмӕ дзы ахастой ӕртӕсӕдӕ мин сомӕй фылдӕр æхцатæ. Оперативон-фӕдагурӕн мадзӕлттӕ райсыны фӕстиуӕгӕн фыдгӕнджытӕй иу уайтагъд ахст ӕрцыд, иннæ фыдгæнæджы дæр æрцахстой фæстæдæр.

Милицийы патрулон экипаж Харебаты Исахъы уынгыл цæугæйæ иу бæлццоны къухы бафиппайдтой предмет, кæцы уыд æхсæнгарзы æнгæс. Ӕввахс æм бацæугæйæ, бæлццон фæтарст æмæ йæ къухы цы предмет уыд, уый фехста дзулфыцæн комбинаты территоримæ. Куыд рабæрæг, афтæмæй уыцы предмет разынд пистолет. Барадхалæг конд æрцыд милицийы рæстæгмæдарæн изоляторы.  

17-аздзыд ӕнӕххӕст кары сывӕллон интоксикациимӕ бахаудта горӕты рынчындоны реанимацион хайадмæ. Рынчыны уавӕр у уӕззау. Дохтыртӕ архайынц, рынчын цӕмӕй фӕхъӕстӕ, уый рабӕрӕг кӕныныл.

Горӕт Цхинвалы 80-аздзыд цӕрӕг нӕ сарӕхст йӕ автомашинӕ «ВАЗ-2114» скъӕрын, фехӕлдта фӕндагон фӕткойтӕ ӕмӕ сӕмбӕлд ӕндӕр автомашинӕ «Mersedes»-ыл, кӕцыйы шофыр та разынд горӕттаг 44-аздзыд цӕрӕг. Аварийы фӕстиуӕгӕн ма бахъыгдард ис фӕсвӕд лӕууӕг машинӕ дæр. «ВАЗ-2114»-ы шофыр бахаудта рынчындонмӕ.

Цхинвал-Дзауы фӕндаджы фыццӕгӕм километры горӕттаг 37-аздзыд цӕрӕг нозтджынӕй нӕ сарӕхст йӕ автомашинӕ «ВАЗ-2109» скъӕрын, фехӕлдта фӕндагон фӕткойтӕ ӕмӕ сӕмбӕлд йӕ ныхмӕ цӕуӕг автомашинӕ «Камаз»-ыл, кӕцыйы шофыр та ра-зынд Цхинвалы 37-аздзыд цӕрӕг. Аварийы фӕстиуӕгӕн «ВАЗ-2109»-ы шофыр ӕмӕ йӕ бӕлццон, горӕттаг 37-аздзыд цӕрӕг, уӕлӕнгай цӕфтимӕ бахаудтой рынчындонмӕ.

 Дзауы поселочы 35-аздзыд цæрæг нæ сарæхст йæ автомашинæ «ВАЗ-2114» скъæрын, фехæлдта фæндагон фæткойтæ æмæ Цхинвал-Дзауы фæндаджы 3-æм километры ахаудта фæсвæндаг. Шофыр разынд нозтджын.

Горæт Цхинвалы 69-аздзыд цæрæг нозтджынæй нæ сарæхст йæ автомашинæ «ГАЗ-2747» скъæрын, фехæлдта фæндагон фæткойтæ æмæ Цхинвал-Дзауы фæндаджы 1-æм километры фæсвæндаг афæлдæхт. Шофыр алыгъуызон цæфтимæ бахаудта рынчындон-мæ.

Сталины уынгыл фистæг бæлццон, горæт Цхинвалы 62-аздзыд цæрæг, бахаудта нæ горæты  24-аздзыд цæрæджы автомашинæйы бын. Шофыр фехæлдта фæндагон фæткойтæ. Аварийы фæстиуæгæн бæлццон бахаудта рынчындонмæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.