Нæ фыдæлты цардæй абон махæн алцыдæр цымыдисон у. Цымыдисаг нын у, цы уавæрты цардысты, куыд арæзтой сæ цардуаг, цахæм цæрæнуæттæ арæзтой уæды рæстæджы, уый дæр. Нæ фыдæлты уæзæгæвæрд къухтæй арæзт бæстыхæйттæ, фидæрттæ, гæнæхтæ, мæсгуытæ, галуантæ æмæ æндæр арæзтадтæ дæр æвдисæн сты сæ удыхъæдæн, се ‘гъдæуттæ, сæ цардуагæн. Уыдон абон кæд сæ раздæры хуызы нал уæвынц, уæддæр нæм æрхæццæ сты кадджыты æмæ таурæгъты, аргъæутты æмæ æмбисæндты руаджы.

Сæ историон хъысмæт сæ хæсты цъассытæм батæргæйæ, нæ фыдæлты бахъуыд ног, ноджы уæззаудæр уавæрты сæхи цæрыныл æрцахуыр кæнын, уыимæ ма сæ хъуыд карз æрдзон фæзындтыты ныхмæ тох кæнын дæр. Зæхх фаг кæм нæ уыд, уыцы хæхбæсты сæхицæн цæрæнбынæттæн æвзæрстой, кусынæн чи нæ бæззыдысты, ахæм бынæттæ. Уый хыгъд сæм лæмбынæг куы æркæсай, уæд иу стæмтæй дарддæр æрæнцадысты донивылдтытæй, зæйтæй, дурхауæнтæй æмæ æндæр æрдзон фыдбылызтæй ирвæзт кæм уыдаиккой, ахæм æдас рæтты.

Абон хæххон хъæутæм бафтгæйæ, мах æвдисæн стæм, уыдон кæрæдзийыл калд кæй уыдысты, уымæн. Арæзтой сæ хохфæхстыл æмæ-иу фылдæр хатт иу хæдзары æмбæрзт иннæмæн уыдис йæ кæрт. Къахвæндæгтæй дарддæр сын уынгтæ нæ уыд. Сæйраджыдæр, арæзтой дыууæярусон хæдзæрттæ. Бинаг уæладзыджы уыд скъæт фос дарынæн. Уым ма æфснайд уыдысты хæдзары кусæн дзаумæттæ дæр. Дыккаг уæладзыджы та цардысты бинонтæ сæхæдæг. Хæдзары къултæн дуртæ æвзæрстой цыппардигъæдтæ, тъæпæнтæ æмæ дæргъæццæттæ. Лæгъздæр æмæ фидардæр дуртæ æвæрдтой æдтейæ ‘рдыгæй фæрсты, уæлдайдæр та  – сæ тигъты. Кæд-иу сис æддæрдыгæй лæгъз рауад, уæд æй сæрдгæ нæ кодтой. Сæрстой йæ æрмæстдæр мидæгæй. Уый тыххæй пайда кодтой æлыгсыджыт, стуры ног фаджыс æмæ зыгуым иумæ змæстæй. Систæ-иу амад куы фесты, уæд сыл уагътой уæладзæнтæ, уыдоныл та цæхæрмæ хуыдтой æндзæлмттæ. Æндзæлмттыл та æвæрдтой бæрзы, кæнæ фугæйы пыхсытæ. Уый фæстæ йыл бæзджын фæлтæр æвæрдтой найгонд хъæмпæй. Хъæмпы уæлæ фæлтæргай калдтой æвзаргæ сыджыт, лыстæг хуыримæ хæццæйæ.

Фыццаг фæлтæры надтой къахæй æмæ уыдис фондз æнгуылдзы бæзнæн. Дыккаг æмæ æртыккаг фæлтæр уыдысты фылдæр æндæдзгæ сыджыт. Нæмгæ та йæ кодтой сæрмагонд нæмæнгарзæй, хуыдтой йæ къулæг. «Ахæм къулæг махæн нæхицæн уыд. Абон дæр ма мæ зæрдыл лæууы, уыцы къулæгæй-иу æй афтæ ныннадтой, æмæ-иу дзы нал хъарыдысты къæвдайы æмæ миты дæттæ. Сыджытсæр цæрæнуат арæзтой гæзæмæ къул, цæмæй-иу йæ дон иуырдæм лæдæрстаид. Афтæ йæ гæзæмæ къулгондæй кæй æмбæрзтой, уый ма сын пайда уыдис хæдзары куыстытæ кæнынæн, улæфынæн æмæ сæ рæстæг хъæлдзæгæй æрвитынæн. Ахæм уагыл хæдзæрттæ арæзтой нæ хъæу Дзауы районы Мзиуы дæр», – зæгъы Еналдыты Назирæт. Уый ма куыд загъта, афтæмæй хæдзары астæрдтæ дæр уыдысты зæхбын æмæ-иу æй рæстæгæй-рæстæгмæ лæгъз кодтой, сæрстой йæ æлыгсыджыт æмæ хъомты фаджысы змæстæй. Дуæрттæ арæзтой ныллæг, хъæдæрмæгæй. Уыдон фидар кодтой, иунæг зæгæлæй дæр нæ пайда кодтой, афтæмæй. Æвæргæ та сæ кодтой афтæ, æмæ, зæгъгæ, мидæмæ бахызтæ, уæд дуар йæхи уæзæй рæхгæдтаид. Рудзгуыты бæсты та сис къулты уыдис чысыл гом бынæттæ, кæцыты уазал рæстæджы бынтондæр æхгæдтой. Арæзтой сæ скæсæн æмæ ныгуылæнæрдыгæй. Хæдзармæ ма – хъарм рæстæджы рухс цыд гом дуарæй, афтæ ма ердойы дæр. Фæздæг цæуынæн цары цы сæрмагонд тымбыл гом бынат уагътой, уый хуындис ердо. Уæд, кæй зæгъын æй хъæуы, нæ уыдис пец, трубæтæ, хæдзары бæстыастæу кодтой арт æмæ иу йæ фæздæг цыдис ердойæ æддæмæ. Фæстагмæ ердойы бæсты къулы амайын райдыдтой даргъ æмæ уæрæх фæз-дæгдзæуæн – хуыдтой йæ тохына. Арты сæрмæ астæурæхысыл ауыгъд уыд цуайнаг. Цуайнаджы цавæр хæринаг фыхтаид æмæ йæ быны цахæм арт сыгъдаид, уымæ гæсгæ-иу æй ауыгътой рæхысыл. Дæлдæр хъуыд, уæд  – дæлдæр, кæд –  уæлдæр, уæд та – уæлдæр. Алы хæдзары дæр уыд астæуцæджындз, кæцы æрмæст цары нæ урæдта, фæлæ йыл ауыгътой хъæуæг дзаумæттæ.

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ хæдзары къона, артдзæст, зынг, астæурæхыс, астæуцæджындз ирон адæмæн уыдысты тынг табуйаг. Уый тыххæй бирæ ис цæвиттонтæ æрхæссæн ирон аив литературæйæ дæр. Цæвиттон, Къубалты Алыксандры кадæг «Æфхæрдты Хæсанæ»-йы Госæма æфхæры йæ иунæг фырт Хæсанæйы: «Уæ, марг дын æрбауой, уæнгæл дын æрбауой! Мæ дзæбæхдзинæдтæ, мæ риуы ‘хсыры цъыртт! Тугæй сæ фæкалай, рондзæй сæ фæкалай, сахъдзинад кæмæ нæй, бонвыд-дæр чи кæны! Дæ фыды марджытæ, зæгъгæ, ныртæккæ ам куы уыдысты æмæ дын дæ мæгуыр хæдзарæй фæхынджылæг кодтой. Карк дæм нал ныу-уагътой, цъиу дæм нал баззадис. Дæ хæдзары астæуæй сау рæхыс рафтыдтой. Къахыл æй ба-бастой æмæ йæ аластой. Йæ хæр-хæр цæугæйæ, нæ фаджысы рагъмæ». Ахæм табуйаг уыдысты ирон адæмæн астæурæхыс æмæ хæдзары къона.

Рæстæг куыд цыд, афтæ ивындзинæдтæ хаста ирон лæджы цæрæн хæдзары арæзтадмæ. Фыццаг уæладзыг раздæрау арæзтой сис къулæй, фæлæ йæ дыккаг уæладзыг та аразын райдыдтой хъæдæй. Уыимæ йæ тъæпæн агъуыст нал кодтой, фæлæ йæ кодтой цъуппагъуыст. Агъуындгæ та йæ кодтой нæзыбæласæй рафадгæ хъуаритæй. Мит фылдæр цы бынаты уарыд, уымыты хæдзары æмбæрзтой къул дæр, цæмæй йыл мит ма лæууыдаид æмæ йæхæдæг бырыдаид бынмæ, гъе та æнцондæр калæн уыдаид. Хæдзæрттæн арæзтой тыргътæ дæр, цæмæй мит мидæмæ ма хастаид. Ахæм хæдзæрттæ ныртæккæ дæр фенæн ис нæ хæххон хъæуты.

Фæстæдæр дæлвæз цæрæн бынæтты аразын райдыдтой æддæгуæлæ хæдзæрттæ. Дуры бæсты пайда кæнынц кирпич кæнæ блокæй. Агъуындгæ дæр хъуарийæ нал кæнынц, фæлæ шифер  кæнæ зестæй.

Уæдæ хæххон лæджы царды цы бирæ ивындзинæдтæ æр-цыд, уыдон хауынц йæ хæдзары арæзтмæ дæр.

БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.