13-ӕм апрелӕй 20-æм апрелмæ Хуссар Ирыстоны территорийыл  ӕрцыдис дыууæ  фыдракæнды ӕмӕ раргом сты. Республикӕйы фӕндӕгтыл ӕрцыд æртæ фæндагон-транспортон цауы, кæцыты фæстиуæгæн рынчындонмæ уæлæнгай цæфтимæ бахаудтой 4 адæймаджы.

Фӕндагон змӕлды ӕдасдзинады инспекци къуырийы дӕргъы сбӕлвырд кодта 179 фӕткхалӕн цауы. Уыдонӕй 13 уыдысты нозтджынӕй машинӕ скъӕрыны цаутӕ.

Ӕхсӕнадон фӕтк фехалыны фӕстиуӕгӕн бӕрндзинадмӕ конд ӕрцыдысты 3 адӕймаджы.

13-ӕм апрелы Цхинвалы рынчындонмӕ уӕззау цӕфтимӕ бахаудта горӕттаг 19-аздзыд цӕрӕг, кӕцы службӕ кӕны Хуссар Ирыстоны Хъахъхъӕнынады министрады. Ӕрыгон салдатӕн хӕлӕн ӕрмӕджы срӕмыгъды фӕстиуӕгӕн бахъыгдард сты йӕ цӕстытӕ, цӕсгом, рахиз къух ӕмӕ галиу уӕраг. Дохтыртӕ йын бакодтой фыццаг медицинон ӕххуыс, фӕлӕ рынчыны уавӕр мӕгуырау кӕй уыдис, уый тыххӕй йӕ ӕвӕстиатӕй арвыстой Цӕгат Ирыстоны  412-ӕм ӕфсӕддон госпиталмӕ. Цæф æфсӕддоны кӕй хъуыдис бӕрзондквалификацион медицинон ӕххуыс, уый фӕдыл РХИ-йы Хъахъхъӕнынады министрад бахатыд йӕ уӕрӕсейаг коллегӕтӕм æххуысмæ æмæ йæ специалон рейсæй хæдтæхæгыл аластой Санкт-Петербургмæ С.М.Кировы номыл æфсæддон- медицинон академимæ.

Криминалон милицийы кусджытæ оперативон-сгарæн мадзæлттæ ауадзыны фæстиуæгæн Цхинвалы районы Дæллаг Ходы хъæуы хисæрмагонд хæдзар басгарыны фæстиуæгæн ссардтой 8 гæны къутæры, кæцытæ сагъд уыдысты ведрæтæ æмæ пластикон агуывзæты. Хæдзары хицау, горæт Цхинвалы 50-аздзыд цæрæг, конд æрцыд милицийы рæстæгмæдарæн изоляторы, бакодтой йыл  уголовон хъуыддаг.

16-ӕм апрелы рынчындонмӕ бахаудта горӕттаг 12-аздзыд æнæххæст кары сывæллон, кӕцы фӕхъӕстӕ газӕй. Дохтыртӕ йын медицинон ӕх-хуыс бакодтой ӕмӕ йӕ цардӕн тӕссаг нал у.

Къостайыхъæумæ æввахс Цхинвалы 26-аздзыд цæрæг йæ хисæрмагонд цæхæрадоны уалдзыгон куыстытæ кæнгæйæ, ссардта гранатæхсæн мигæнæн «РПГ-7»-ы  рæмудзæн æрмæджытæ дыууæ. Бынатмæ бацыдысты сапертæ æмæ хæлæн æрмæджыты раластой полигонмæ, цæмæй сæ скуынæг кæной.

Цхинвалы рынчындонмæ бахаудта горæттаг 24-аздзыд цæрæг, кæцы фæхъæстæ медицинон препараттæй. Дохтыртæ йын бакодтой фыццаг медицинон æххуыс æмæ йæ цардæн тæссаг нал у.

Цхинвалы районы Зары хъæуы 23-аздзыд цæрæг нозтджынæй нæ сарæхст йæ автомашинæ «ВАЗ-2114» скъæрын, фехæлдта фæндагон фæткойтæ æмæ Зары хъæугæрон ныццавта дыууæ фистæг бæлццоны, кæцытæ разындысты  Зары хъæуы 40-аздзыд æмæ горæт Цхинвалы 28-аздзыд цæрджытæ. Аварийы фæстиуæгæн дыууæ бæлццоны алыгъуызон цæфтимæ бахаудтой Цхинвалы рынчындонмæ. Шофыр бамбæхст, фæлæ операти-вонсгарæн мадзæлттæ райсыны фæстиуæгæн цыбыр æмгъуыдмæ ахст æрцыд. Барадхалæгыл баконд æрцыд уголовон хъуыддаг.

Дзауы районы Фæзыхъæуы 75-аздзыд цæрæг нæ сарæхст йæ автомашинæ «УАЗ-469» скъæрын æмæ Фæзыхъæу-Къуайсайы фæндаджы 1-æм километры фæсвæд афæлдæхт. Шофыр уæлæнгай цæфтимæ бахаудта рынчындонмæ.

Дзау-Цхинвалы фæндаджы 8-æм километры æрцыд фæндагон-транспортон цау. 28-аздзыд уæрæсейаг æфсæддон нæ сарæхст йæ автомашинæ «ВАЗ-2110» скъæрын æмæ фæсвæд афæлдæхт. Аварийы фæстиуæгæн шофыр æмæ йæ дыууæ бæлццоны, уыдон дæр уæрæсейаг æфсæддонтæ, уæлæнгай цæфтимæ бахаудтой рынчындонмæ.

Горæт Цхинвалы 25-аздзыд цæрæг нæ сарæхст йæ автомашинæ «ВАЗ-21099» скъæрын æмæ горæты 8-Июны уынгыл цæугæйæ фæсвæд афæлдæхт. Шофыр разынд нозтджын.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.