РХИ-йы Хъахъхъæнынады министрады пресс-службæ куыд фехъусын кодта, афтæмæй Республикæ Хуссар Ирыстоны райдыдта æфсæддон æмгъуыдон службæмæ æрсидты кампани. Республикæйы æфсæддон къамисариаттæ сæ бæрны уæвæг зонæйы сидынц Гарзджын тыхты рæнхъытæм, 18 азæй 27 азмæ кæуыл цæуы æмæ æфсæддон службæмæ æрсидты æмгъуыд кæмæн нæ аргъæвдæуыд, уыцы æмбæстæгтæм.

Æфсæддон æрсидты кампанийы размæ уал ауагъдæуыд комплексон мадзæлттæ æрсидты агъоммæ кары æмбæстæгты фыццаградон æфсæддон хыгъды сæвæрыны сæраппонд. Мадзæлттæ уагъд æрцыдысты медицинон службæты, гарнизонон медпунктты æмæ æндæр хайадты æмæ службæты хайадистæй.

Ныридæгæн уал æфсæддон къамисариаттæ æрæвнæлдтой æфсæддон æмгъуыдон службæйы тыххæй æмбæстæгтæн фехъусын кæнынмæ. Æрсидты кары алы æвзонг лæппумæ дæр æрвыст æрцæудзæн æрсидтон гæххæтт (повестка).

Сыхаг бæстæты уæвæг коронавирусы инфекци COVID-19-ы пандеми  цæмæй ма апарахат уа Хуссар Ирыстоны территорийыл, уый тыххæй æфсæддон æрсидты размæ Хъахъхъæнынады министрад райсдзæн серьезон  мадзæлттæ. Æфсæддон-медицинон къамисы куысты рæстæджы æрсидтонты лæмбынæг басгардзысты, бæрæг кæндзысты, æрсидтон æфсæддон службæйæн бæззы æви нæ, уымæй дарддæр ма сæ бæрæг кæндзысты,  грипп æмæ сæм карз респираторон инфекцийы, афтæ ма æндæр инфекцион низтæй рынчыны симптомтæ ис æви нæ, уыдæттæ.

Æвзæнгты ротæмæ æрвыст æрцæудзысты уыцы æрсидтонтæ, кæцыты æнæниздзинад у æмбæлон æмвæзадыл æмæ йæм ницы фау æрхæссæн ис. Цæмæй коронавирусы инфекци ма апарахат уа, уый тыххæй æвзонг хæстонты ротæ æртæ мæйы дæргъы уыдзысты изоляцийы Хъахъхъæнынады министрады ахуыргæнæн центры, цæмæй сын контакттæ ма-кæимæ уа, æгæрыстæмæй, сæ хæстæджытæ æмæ сæ ныййарджытимæ дæр.

Цæмæй æвзонг хæстон райса дарддæры æфсæддон службæйæн хъæуæг æмбæлон зонындзинæдтæ, ногдзинæдтæ, уый тыххæй Хъахъхъæнынады министрады ахуыргæнæн центры арæзт æрцыд æппæт уавæртæ дæр.

Æрсидтонтæ æвзонг хæстоны курс куы рацæуой, уæд райсдзысты æфсæддон ардбахæрд æмæ дарддæр æмгъуыдон службæйы тыххæй æрвыст æрцæудзысты Ахуыргæнæн ротæмæ.

РХИ-йы Хъахъхъæнынады министр Гассеты Ибрагимы барамындмæ гæсгæ, уалдзыгон æрсидтон кампанийы фæлгæтты, салдаттæ, кæцытæ баслужбæ кодтой æмбæлон æмгъуыд, сæрибар æрцæудзысты республикæйы Гарзджын тыхты службæйæ.

Æмгъуыдон службæмæ республикæйы æмбæс-тæгты æрсидт æххæст цæуы, РХИ-йы Гарзджын тыхты рæнхъытæй запасмæ арвитыны æмæ æцæг æфсæддон службæмæ республикæйы æмбæстæгтæм радон хатт æрсидыны тыххæй Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты барамындмæ гæсгæ.

Бæрæг куыд у, афтæмæй Республикæ Хуссар Ирыстоны Гарзджын тыхты службæйы æмгъуыд у иу афæдз.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.